Д З А С О Х Т Ы     М у з а ф е р ы   р а й г у ы р д ы  85 а з ы   б о н м æ

(Мыхуыр цæуы фæцыбыргондæй)

Адæймагæн йæ амонд йемæ райгуыры. Фæлæ дзы, хъыгагæн, алчи нæ вæййы райгонд. Уымæн æмæ йæ цард, йæ хъуыддæгтæ иууылдæр йæхи хъаруйæ аразинаг фæвæййынц. Ӕмæ, уыдонмæ кæй хауы ирон поэт, прозаик, публицист, тæлмацгæнæг æмæ æхсæнадон архайæг, ирон адæмон фыссæг, Къостайы номыл премийы лауреат Дзасохты Музафер, уый куы зæгъæм, уæд нæ фæрæдидзыстæм. Уымæн æмæ, райгуырд ирон аивады, стæй нæ адæмы кæуинаггагдæр азтæй иуы – 1937-æм азы, търоцкизмы тæккæ цырвы нæ куы цагътой нæ фыдбоны сыхæгтæ, уæд, тъæнджы мæйы тæккæ астæу йæ – 10-æм бон. Æмæ диссаг макæмæ хъуамæ фæкæса, йæ кад æгас Ирыстоны рæстæджы цыдимæ иу бæрзондæй иннæ бæрзондмæ кæй хизы, уый.

Музафер æппынæдзух лæууы сфæлдыстадон куысты къахыл. Уымæй йын ницыхуызы ис фæцудæн.  Цыфæнды фæлладæй дæр йæ уды рыст ницæмæ фæдары æмæ йын аивады, царды, тынг бирæ хъуыддæгты æнтысгæ дæр уымæн кæны. Æппынæдзух ис аразыны, фæлдисыны, размæ цæуыны фæндагыл. Уый йын бирæ бæрцæй дæтты цæрыны æмæ сфæлдыстадон куысты тых.

Ирыстон цæмæй дардмæ зына, дуне йæ уына æмæ йын æмбæлон аргъ кæна, уый тыххæй йæхæдæг хъуамæ кæса дунемæ, æвæра йæ бæрзонд, йæ цард бийа дунейы цардимæ æмæ йын уыцы стыр, æвæджиаг хъуыддаджы йæ хъæбултæй иууыл ахадæндæр æххуыс чи кæны, йæ уыцы фырттæм цæмæннæ хъуамæ дара хъулон зæрдæ? Цæмæннæ сæ хъуамæ уа сæрыстыр, буц æмæ райгонд? Æмæ уыцы фырттæм, зæгъæн ис, æнæдызæрдыгæй хауы Дзасохты Музафер. Йæ Фыдыбæстæ æмæ йæ радтæг адæмы лæггæдтæ йæ æнувыд куысты фæрцы æрмæст фидгæ нæ кæны, фæлæ Ирыстон æмæ ирон адæмы йæ аивады фæрцы, йæ бон куыд у, афтæ исы бæрзонд, цæмæй дунейы зыной кæдæмфæнды дæр, адæмæн уой цæстæвæрæн æмæ цæвиттойнаг. Уый йæ царды нымайы йæ иууыл стырдæр хæсыл æмæ йе ‘ххæстгæнгæйæ исы зæрдæйы æхцон æмæ æнцой.

Йæ раттæг, йе схæссæг Фыдыбæстæн йе ‘мдзæвгæ «Ирыстонмæ»-йы сæрыстырæй афтæ кæй зæгъы, ома, мæ «адзалы бон дæ цуры æгад æмæ къæмдзæстыгæй» куынæ æрлæууон, уæд-иу мын мæ цард хъæбатырдзинад хон, уый æмбæрст у – поэт ын йæ лæггæдтæ æнувыд куысты фæрцы фиды æмæ кусы, йæ хъару, йæ хъуыдыйы авналæнтæ, йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ йын йæ къух куыд аразынц, уымæй йæхиуыл æнауæрдгæйæ. Æмæ уый нæ рæстæджы хуызæн лæгæвзарæн дуджы нымад фæцæуы стыр кадыл. Афтæ та уымæн у, æмæ поэт искæмæ кæй нæ фæхæссы азымтæ, ома, æппæт дæр нæ хъысмæтыл у баст:

 

Алкæмæ дæр ис æрхæссæн фау –

Иуы дæр нæ ничи хоны зæд…

Адæймаджы сфæлдыста Хуыцау

Фæстаг бон, куы бафæллади, уæд.

Йæ райгуырæн бонæн æрвылуысм цæмæн хъуамæ куывтаид, табу йын цæмæн хъуамæ кодтаид, кæд æмæ Ӕрыдоны районы Бæрæгъуыны (Красногоры) хъæууон зæхкусджыты хæдзары куы райгуырд, уæдæй фæстæмæ удхарæй дарддæр цардæй ницы уыдта. Ӕмæ, зæгъæн ис, ницы дæр дзы федта.

Йæхийау, сæ рæстæджы йæ ныййарджытæ Созырыхъо æмæ Хосаты Веринкæ дæр куыстуарзаг уыдысты, кодтой царды амæлттæ, фæлæ адæймаг фæндтæ фæкæны, Хуыцау – лыг. Фыдыбæстæйон Стыр хæст, хъæмпы дзынайау, куы ныггуыпп кодта, уæд Созырыхъойы дæр, сæдæгаймин ирон чызджытæ æмæ лæппутау акодтой фашизмы ныхмæ адæмы сæрыл цæхæр арты тох кæнынмæ, афтæмæй мæгуыр хæдзардарæг лæппу-лæгæн йæ сау табæт дæр нал сæмбæлд йæ хæдзарыл. Йæ сидзæрæй баззайæг, фыдгуысты чи æфтыд, уыцы æнахъом фыссæг-фыртæн цæргæ-цæрæнбонты ссис уæззау мысинаг:

 

«Æнæбæрæгæй фесæфти уæ дарæг…». 

Сымах æрдæгыл аскъуынут мæ зарæг.

Ысты æнусмæ уыцы дзырдтæ арæн

Сымах æхсæн, хъæбул æмæ ныййарæг!»

Поэт раст у – лæппу йæ фыды къахдзæфтыл цæугæйæ лæг кæны æмæ уымæн уыцы амонд байста фыдхæст. Фæлæ, адæм цæйау акæнынц: фыдæй сидзæр – æрдæг сидзæр, мадæй сидзæр – æцæг сидзæр. Æмæ, хъыгагæн, уымæй дæр нæ аирвæзт йе ‘взонджы бонты – йæ фыды рæстмæ нæ хъуыды кодта æмæ цард, рæзт, йе ‘мкарæн сабитау, цыма афтæ æмбæлд; фæлæ йыл æвддæс азы куы сæххæст, уæд 1954-æм азы æцæг сидзæрæй дæр нæ аирвæзт – йæ уарзæгойзæрдæ мадæй аззад афтидармæй.

Уæддæр, адæймаг ныфсæй цæры. Æмæ æвзонг лæппу нæ рох кодта йæ мады фæдзæхст – фидæн чиныгыл баст кæй у, уый тыххæй. Фыссæг йæхи уæлдай амондджыныл нымайы, йæ мад кæд бынтон æнæахуыргонд уыдис, йæ фыд та кæд æдæрсгæ кæсын æмæ фыссын дæр нæ зыдта, уæддæр сæ хæдзары аив литературæйæ æппæты фыццаг цы чингуытæ фæзынд, уыдонимæ «Нарты кадджытæ» кæй разынд.

Уыцы бæллиццаг хъæздыгад кæуыл нæ бандава, уый цахæм ирон адæймаг хъуамæ уа. Музаферæн уыдис алæмæтон дунемæ æргъæу дуары хуызæн. «Нарты кадджытæй» йæ зæрдæйы æнæвнæлд къуымты  фыста йæ дзырдты аив фæзилæнтæ,  йæ алæмæтон фæлгонцты æрттивгæ хуызтæ. Афтæмæй 1952-æм азы каст фæцис сæхи хъæуы авдазон скъола æмæ бацыд сæ сыхаг хъæу – Дыгуры районы Николаевскы станицæйы астæуккаг скъо-ламæ. Каст æй куы фæцис, уæд 1955-æм азы йæ ахуыр адарддæр кодта Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты. Уый фæстæ куыста газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы литкусæгæй, сæрмагонд уацхæссæгæй, культурæйы хайады гæсæй. 1971-1973-æм азты уыд фæсивæдон газет «Молодой коммунист»-ы редактор. 1973-æм азы йæ арвыстой Мæскуымæ СЦКП-йы ЦК-ы цур Уæлдæр дыууæазон партион скъоламæ æмæ йæ 1975-æм азы каст фæцис сырх дипломыл.

Партион скъолайы фæстæ куыста СЦКП-йы Цæгат Ирыстоны обкомы инструкторæй; фæстæдæр – ЦИ АССР-ы телеуынынад æмæ радиоалæвæрдты фæдыл Паддзахадон комитеты сæрдары хæдивæгæй. Дæсгай азты та сæрыстыр æмæ æмбæлонæй æххæст кодта Ирыстоны сабиты иунæг журнал «Ногдзау»-ы редакторы куыст. Ныр та у редакторы хæдивæг.

Нæ сæрыстырдзинад чи сты, уыцы «Нарты кадджыты» кой та нæм æрхаудта, Музафер хæрз æвзонгæй уый фæрцы кæй райдыдта аив дзырды базыртыл тæхын. Уый алæмæтон æвзаг æмæ диссæгтæ, тæмæссæгтæ йæ сайдтой сæ фæдыл. Уыдон кæсгæйæ фæцалх æмдзæвгæтæ фыссыныл, сæхи хъæуы авдазон скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Фыццаг хатт йе ‘мдзæвгæ «Фæззæг» 1954-æм азы Æрыдоны районон газет «Ленинон»-ы куы фæзынд, уæд йæ цинæн кæрон нал уыдис. Æрыгон лæппуйы уыцы хъуыддаг ноджы сразæнгард кодта сфæлдыстадон куыстмæ. Нал зыдта æрæнцой æмæ йæ аивад æвæллайгæйæ абон дæр иу æнтыстæй иннæмæ скъæфы йе ‘нæуынгæ базыртыл.  Уыимæ йын йæ райгуырæн хъæу у райгуырæн бæстæ дæр, æндæр истæмæй баивæн кæмæн ницæимæ ис, ахæм диссаджы дуне дæр.

Йæ Фыдыбæстæйæ афтæ сæрыстыр чи у, ахæм уарзтæй йæ чи уарзы, уый алы хатт дæр ссардзæнис, цæй тыххæй йыл зара, адæмæн æй цы цинæй æвдиса æмæ Дзасохы-фырт алы хатт дæр бæрц дзырдтæй ссары стыр зæгъи-нæгтæ. Æмæ йын йæ ныхасыл æууæндæм.

Туркмæфæлидзæг ирæттæ абон дæр Фыдыбæстæйы уарзтæй кæй хъизæмар кæнынц, уым кæд стыр, нæргæ поэзи нæй, уæддæр нæ йæ хъуыды, ома, поэты дзуринаг фидарæй уырны: «Уыцы низ – Райгуырæн бæстæмæ уарзт, Хистæрау кæстæрæн чи хæссы маст» («Фæлтæрты хъизæмар»); ирон уд йæ фыдæлты зæххыл кæй никуы суæлæхох уыдзæнис – «Рухсаг æрбауат, Фылдæр чи уарзта Фыдызæхх удæй!» («Ирыстоны тохы зарæг»); нæ райгуырæн уæзæг æнустæм кæй æфтаудзæнис дидин – «Уадз фыдæлты кадау дардмæ Хъуысæд фарны дзырд нæртон» («Дзæуджыхъæу»).

Амондджын адæм сты, йæ фыдæлтæн, йæ Фыдыбæстæйæн, йæ мадæлон æвзагæн æмбæлон аргъ кæнын чи зоны, сыгъзæрин тæбæгъты кæмæн куывдæуы, ахæм зæдтау сын чи табу кæны. Ахæм адæмæн фесæфæн нæй. Æмæ нæхи куы фæраст кæнæм, зæгъгæ, «Не ‘взаг мæлы! Сæфтмæ цæуæм!» – рагæй сахуыр стæм æрдиагыл, фæлæ нæ цудæм, уæд нæ ферох вæййы, не ‘взаг сæфын чи нæ бауагътой, уыцы адæмæй нæ хæхты цъассытæ йедзаг кæй уыдысты. Ныр иууылдæр горæттæ æмæ калакхъæуты æрбынат кодтам æмæ нæ салтай-балтайыл чи фыддæр архайы, уымæн нæм, – хæйрæг йæ зонæг, цæй тыххæй, – фæлæ йæ кад нæ «ирон» нымады уæлдæр лæууы. Елбыздыхъойы уæрæседзау иунæг уыд, абон æнæхъæн Ирыстонæн уый хæцгæ низ у æмæ йæ фæстæ стыррын (асты рын) кæй ласы, уый, хъыгагæн, нæ хъуыдыйы кæрон дæр нæй. Музафер зæрдæрисгæйæ уымæн зæгъы: «Кæйдæр дзырдтыл кæнæм хæлæф, Æрцахсæм тъепа, суадзæм кæф» («Мадæлон æвзаг»). Ирыстоны судзгæ рисыл нæ хъуамæ алкæй зæрдæ дæр рисса. Æмæ нын фыссæг амоны – абон æнæмæнг аскъуыддзаг кæнинаг цы фарст у, уый райсоммæ æргъæвын худинаг у. Стæй иунæг адæймаджы худинаг дæр нæу, уæд ыл æнцондæр хъæцæн уаид, фæлæ уый у, æппæт адæмæй кæуыл хъуамæ ныссагъæс кæниккам, цæмæй нæ мадæлон æвзаджы уидæгтæ ма хус кæнæм, нæ уыцы судзгæ-дудгæ рис.

Уыцы проблемæтæ иууылдæр алы хуызты, алы фæлгæтты барджынæй бацыдысты, поэт стыр хъару кæуыл бахардз кодта æмæ хардз кæны, уыцы дырæнхъонтæ æмæ цыппаррæнхъонтæм дæр. Æмæ уый æмбæрстгонд у – адæймаджы зæрдæ цæимæ дзура, уыдон æм алы ран дæр æнæмæнгæй фергом кæнынц æмæ æргом кæндзысты сæхи.

Дзырд дæр ыл нæй, Дзасохы-фырты фылдæр уыцы катай – нæ фыдæлты фарн кæм райгуырд æмæ йæ уидæгтæ фыццаг кæм ауагъта, мадæлон æвзаджы æхцон комыад фылдæр кæцæй æнкъарæм, нæ тугдадзинты туджы æртæхты дзæхст-дзæхст нæм кæцæй хъуысы, уыцы бы-нæттæм – хъæумæ уымæн фæхæссы. Уым, хъæуы, æр-мæст йæ рухс мысинæгтæ не сты, фæлæ йæхиуыл дæр, йе сфæлдыстадыл дæр, стæй нæ кæд йæ базонын фæнды, уæд æгас Ирыстоныл дæр хуры зæрин тынтæ, уахъæзы æхцон улæфт æмæ мæры аудгæ ахаст уырдыгæй ныдзæвынц. Уæнгты тых æмæ зæрдæйы иууыл æхцондæр æнкъарæнтæ уырдыгæй – нæ хъæууон уæзгуытæй исæм æмæ йæ куы зониккам, уæд, нæ фынты уыцы тыбар-тыбургæнаг къуымтæм баст цы уидæгтæй стæм, уыдон хус кæнын никуы бауадзиккам.

Дзасохты Музафер йæ бирæ уацмысты, фæкæс, æмæ та йæ райгуырæн уæзæгмæ йæ цинты дæр, йæ урс мысинæгты дæр уый тыххæй фæцæй тæхы. Хуыцау ын цы радта, ууыл хæцы дæндагæй. Нæ йæ фæнды йæ фесафын. Барвæндæй йæ, стæй йын æй тыхы фæрцы дæр ничи фесафын кæндзæнис. Йæ хуыздæр чингуытæй иу – «Урсдоны былыл Бæрæгъуын…» дæр йæ райгуырæн къуымыл уый сæрвæлтау сфæлдыста.

Ирыстоны стæм хæдзарæй уæлдай, Таучелаты хæдзарвæндаджы цард, сæ проблемæтæ æмæ сæ куыд скъуыддзаг кæнынц, уыимæ сын фыссæг æргом кæны сæ удварн. Фæлæ уый афтæ нæ амоны æмæ æрмæст уыцы хæдзарыл цæуы дзырд. Адæймаджы цард йæхæдæг куыд вазыгджын у, æрмæст иу æлхуыйы алыварс куыннæ зилы, афтæ æвдыст цæуынц уацмысы йæ сæйраг хъайтар – æвзонг лæппу Таучелаты Хъазыбег æмæ сæ хæдзарвæндаг, сæ хиуæтты – сæ тугстæджы, се ‘ддаг дунейы фидар æмахастытæ.

Уацау, нæ бон у зæгъæм, фидар композицион архитектурæйыл амад нæу. Авторы йæ хъуыдытæ царды фæндæгтыл хæссынц дæрдты æмæ хæстæджыты, уæддæр уацмыс йæ иумæййаг хъуыдыйæ кæрæдзиимæ у æнгом баст. Йæ архитектоникæ йæ сасмау æндадзы кæрæдзийыл æмæ дзы Таучелаты хæдзарвæндагæн цыфæнды фыдты дæр фæцудынæй тас куыннæ у, афтæ уымæн дæр фехæлæн, æрызгъæлæн нæй.

Фыццаг цæсгомæй дзырд цы уацмысы фæцæуы, уым ахæм хъуыддæгтæ æнцон саразæн нæ вæййынц. Иу адæймаджы хуызы æмткæй царды цæсгом равдисын æнцон никуы уыдис æмæ нæу. Уый фыссæгæй стыр хъару æмæ фæлтæрддзинад домы. Æмæ Музафермæ разынд ахæм фидар, цæрдхъом удыхъæд. Йæхи номæй кæд йæ хъайтар царды æххæл-мæххæл фæндагыл цæуы, уæддæр фыссæг ахæм цаутæ, ахæм деталтæ ссары, царды цыд æмæ уацмысы рæзт кæй фæрцы нæ рох кæнæм. Уый нæ, фæлæ уацауы хъайтары цардвæндаг афтæ цæуы æмæ нæ чиныджы рæзтимæ цымыдисонæй-цымыдисондæр кæны, цæмæй йын йæ хъысмæт æмæ дуджы цæсгом фенæм хуыздæр. Цы нын равдиса, уый дзы æнæмæнг дæр ис – Фыдыбæстæйон Стыр хæсты фæстæ азты хæсты бабынуæвæджы рæзинаг йæ къахыл куыд лæууыд мæгуыр, фæлæ æнувыд бинонты ‘хсæн.

Æвзонг адæймаджы йæ къахыл сæвæрын, адæмы рæгъы йæ ракæнын, царды раст фæндагыл æй бауромын – уыдон алы рæстæджы фысджытæн дæр ахсджиаг фарстытæ уыдысты æмæ сты, ныййарджытæ æмæ суинæгты проблемæйау. Сæ аскъуыддзаг кæнынмæ иу æмæ дыууæ хатты нæ ‘рæвнæлдæуыд. Уымæн æмæ алы рæстæг дæр цард йæхирдыгонау ныллыг кæны. Æмæ уыцы ахсджиаг проблемæ фысджытæ аскъуыддзаг кæнынц сæхи фæлтæрддзинадмæ кæсгæ, фылдæр та – фæллойы фæрцы. Музафер æм бафтыдта ноджыдæр иу цардуагон амал – царды зынтыл хъæрмуд бинонты фæрцы, сæ кæрæдзийыл æнувыд уæвыны фæрцы фæуæлахиз уæвын. Æмæ уый йæ къухы бафтыд уарзæгой, удæгас удтæ сфæлдисыны охыл. Йæ уыцы хъайтарты тæккæ хуыздæртæй у Дзыцца – ныййарæг мад, хъомылгæнæг, хæстоны идæдз, – аккаг бынат ахсы уацауы. Йæ уды хъизæмарæй цы цард аразы, йæ зæрдæйы тæгтæй йæ рæзинæгтæн цы ахстон бийы, уый йын, афтæ бирæ цы цард уарзы, уым алы хуызты пырх кæнынмæ хъавынц фыд адæймæгтæ. Уыдон искæй утæхсæны уынынц циндзинад. Алы хуызы йын къахынц йæ зæрдæ. Царды сæ кæрæдзийы æнцой кæимæ уыдысты – йæ иузæрдыг æмкъай, уый йын байста æгъатыр хæст. Йæ амонд ын æврæгътæй æрæппæрста зæхмæ, фæлæ цардбарон ирон сылгоймаг, кæд ын цыфæнды зын у, уæддæр йæхи нæ ауадзы. Удвидар нæлыстæгау, йæ дæндæгтæ нылгъивы сæ кæрæдзимæ. Йе ‘мкъай хæсты быдыры бабын, зæгъгæ, уыцы æнамонд хабар нæ дæр йæхи хъуыдымæ уадзы, нæ дæр йæ сидзæрæй базза-йæг кæстæрты сæртæм. Зоны йæ, царды фыд цæфыл ма разы кæнын, удæй æппынæдзух арт цæгъдын адæймагæй ды-вæр хъару домы, фæлæ зæрдæрыст мад йæ кæстæрты адæмы рæгъы ракæныны охыл алы æнахъинон фыдæвзарæнтæм дæр цæттæйæ лæууы. Æгæрыстæмæй, йæ астæу кæй нæ бауромдзæнис, царды уыцы уæргътæ райсынмæ дæр цæттæ у, æрмæст йæ кæстæрты гуыртæ ма ‘ркъул уæнт сæ быны.

Музафер йæ чингуыты тынг бирæ фæлгонцтæ сарæзта æмæ сты хæдхуыз, хæдбындур. Алкæуыл дæр сæ æнцайы йæхи уæз.

Музаферæн фыссæджы иууыл стырдæр кад æрхастой йæ хихуызон, бæстон ныхъхъуыдыгонд æмæ, иу мæсыгы дуртау, йæ уацмыстæ сæ кæрæдзийыл аив æвæрд кæмæн æрцыдысты, чингуыты æнæхъæн цикл чи систы, йæ уыцы прозæйон уацмыстæ.

Йæ романтæ уацаутæй «Менджы сой» (1990), «Дзæби-дыры хъул» (2001), «Дæллаг Ир»-æй (2007) та æрбахаста ирон литературæмæ, нырмæ нæм чи нæ уыдис, ахæм формæ – уацаутæй быд роман. Кæд уæдмæ Букуылты Алыксимæ дæр уыдис уыцы жанр, уæддæр æй сæрмагонд хуызæй ирон нывæфтыд литературæйы ныффидар кодта Музафер æмæ уыцы хъуыддаг йæхæдæг кæуылты æнтыст у!

Йе сфæлдыстады ис æндæр цымыдисон миниуæг дæр – йæ прозæйон уацмыстæ иууылдæр цыма сты иу стыр удæгас буары хицæн хæйттæ. Улæфынц, цæрынц сæхи сæрмагонд цардæй, фæлæ уыимæ сты, сæ кæрæдзийæ фæхицæн кæнын чи нæ комынц, ахæм уæнгты æнгæс. Йæ хъайтартæй бирæтæ сæ ахсджиаг дзуринæгтимæ хизынц иу уацмысæй-иннæмæ. Афтæмæй дарддæр кæнынц сæ кæрæдзи.

Омар Хайам æнæхъæн дунейы зындгонд у. Йæ рубаитæ йын нырмæ ирон æвзагыл иууыл аивдæр сдзурын кодта Музафер! Нæ мадæлон æвзагмæ Гафез æмæ Кокайты Тотрадзы фæстæ æнæхъæнæй раивта Шекспиры сонеттæ. Хетæгкаты Къостайы уырыссаг æвзагыл фыст æмдзæвгæтæй, А. Пушкин, М. Лермонтов, С. Моэм, Ч. Айтматов, В. Шук-шин, В. Белов æмæ ноджы уырыссаг æмæ дунеон фысджыты уацмыстæй кæй раивта нæ мадæлон æвзагмæ, уыдон дæр сты тынг бирæ æмæ хъæздыгдæр кæнынц нæ нывæфтыд литературæ æмæ нæ мадæлон æвзаджы авналæнтæ. Йæхи уацмыстæ дæр ын бирæ адæмтæ кæсынц сæхи æвзæгтыл. Дзасохты Музаферæн иу æнтыст иннæйы фæдыл йæ къухы æнæнхъæлæджы не ‘фты, æппынæдзух агурыны фæндагыл кæй лæууы, йæхицæн иуран æрбадыны фадат кæй нæ дæтты, уый фæрцы уынæм иу æнтыст иннæйы фæдыл йе сфæлдыстады.. Ӕмæ йæм уыцы уарзт цæуы нæ зын, фæлæ, кады аккаг чи у, уыцы цардæй, уæлдайдæр йæ райгуырæн уæзæджы æгæрон уарзтæй. Зарынæй йыл уымæн не ‘фсæды. Ӕмæ уыцы хъуыддаг алчи дæр æнцонæй фæхатдзæнис фыссæджы сфæлдыстады.

Фæтахтæн æз мæ бæллицтимæ дугъы,

Тылди мæ фæстæ къуыбылойы цалх.

Йæхи фæстæмæ нал базыдта тухын,

Æрфæнау хæхтæ, быдыртыл ныддаргъ.

 

Тындзыдтон размæ, афтæмæй та зæрдæ

Цыдæр тæгтæй уыд ивгъуыдимæ баст.

Æрмæст дзы хицæн иу бон дæр нæ фæдæн,

Цæугæйæ дæр фæстæмæ уыд мæ каст.

 

Мæхи æмбæрзтон сабион кæрцытæй,

Мæ сæнтты цард æвзонг дуджы хæтæн.

Æппынрæджиау банцадтæн мæ цыдæй,

Ныхъхъуыды кодтон, сагъæстыл фæдæн…

 

Мæ уæнгты хъару бафынæй æмбисбон,

Гуыппарты зынгыл æртхутæг æрбадт.

Фæхицæнчынди хъамайæ йæ фистон,

Фæиппæрд ысты æрдын æмæ фат.

Æмæ йæ уыцы хъуыдытæ, уыцы сагъæстæ фæстæмæ æлвасынц йæ фарны уидæгтæм. Йæ бон сæ нæу йæхи атонын æмæ йæм ирон чиныгкæсæг нырма æнхъæлмæ кæсы дзæвгар хуынтæм.

ХЪАЗИТЫ Мелитон,  профессор

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.