Футболæй Уæрæсейы Кубокы финалы 1/32 хайы хъæзтыты фæлгæтты Дзæуджыхъæуы «Алани» фембæлд Санкт-Петербурджы «Динамо СПб»-имæ. Алайнæгты сæйраг тренер Тедеты Зауыр командæйы сæйраг хъазджыты фылдæр хай баулæфын кæныны нысанæн хъазæн фæзмæ фылдæр рауагъта уыцы футболистты, кæцытæ раздæр фембæлдтыты нæ архайдтой.

Дзæуджыхъæуккæгтæн хыгъд байгом кæнын бантыст 7-æм минутыл. Ныхмæлæууæг командæйы кулдуары пурти бакъуырдта Абу-Саид Эльдарушев. Спортуарзджытæ хъуыды кодтой, зæгъгæ, «Алани»-йы къухты уæлахиз æнцонтæй бафтдзæн. Фæлæ «Динамо СПб»-йы хъазджытæ ууыл разы нæ уыдысты. Хъазты 25-æм минутыл уал хыгъд сæмхуызон кодтой, 55-æм минутыл та рахызтысты размæ. Уыцы хабар фенгæйæ, Тедеты Зауыр ивындзинæдтæ бахаста командæйы скондмæ. Уыцы хъуыддаг бандæвта йæ архайдыл æмæ 76-æм минутыл Хуыгаты Алан хыгъд скодта 2:2. Уымæй æртæ минут фæстæдæр та «Алани»-йы хъазæг Николай Гиоргобиани хорз сæххæст кодта иварон цæф æмæ пурти бакъуырдта фысымты кулдуары хызы. Хъазты кæронмæ хыгъд нал фæивта æмæ афтæмæй «Алани» фæуæлахиз 2:3 хыгъдæй æмæ ахызт радон этапмæ.

                               Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.