Горæт Цхинвалы кæртыты зазбæлас аив сфæлындзыны æрвылазон конкурсы хатдзæгтæм гæсгæ фыццаг бынат бацахста Фаллаг фарсы микрорайоны зазбæлас. Уый тыххæй фехъусын кодтой горæты администрацийы.

«Дыккаг бынат бацахста 12-æм скъолайы районы ногазон зазбæлас æмæ æртыккаг бынат та лæвæрд æрцыд микрорайон «Шанхай»-æн. Дыууæ призон бынат та адих кодтой микрорайон «Цæгаттаг» æмæ Хъайтарты æмæ Харебаты Исахъы уынгты сныдзæвæны зазбæлæстæ», – банысан кодтой администрацийы.

Уæлахиздзаутæн лæвæрд æрцыдысты æхцайы премитæ. Горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан стыр бузныг загъта конкурсы хайадисджытæн æмæ сын ракодта ногазон арфæтæ.

«Стыр бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын, конкурс. “Кæрты хуыздæр зазбæлас”-ы хайад чи райстой, уыцы фæсивæдæн. Уыдон се ‘ппæт дæр бацархайдтой хорз æмæ уымæ гæсгæ зын уыдис уæлахиздзау равзарын»,- банысан кодта Коцты Алан.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.