Интеллектуалон хъазт «Зондджынтæ» сорганизаци кодта РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрад, ацы министрады национ ахуырады хайады сæргълæууæг Козаты Ингæйы сæргълæудæй. Хъазт уагъд æрцыд 6-æм астæуккаг скъолайы.

Мадзалы хайад райстой нæ горæты 2, 3, 5, 6, 11, 12-æм астæуккаг скъолатæ, афтæ ма Цхинвалы скъола-интернат, гимназ «Альбион»-ы, Знауыры ра-йоны Терегуаны æмæ Ленингоры районы Цъинагары æмæ Орчъосаны хъæуты астæуккаг скъолаты ахуыргæнинæгтæ. Хъазт дих уыд дыууæ раундыл, рауад тынг цымыдисон. 11 ко-мандæйæ алкæцы дæр тырныдта æрдæгфиналмæ ахизыныл æмæ призон бынат бацахсыныл. Интеллектуалон хъазты темæ уыд ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад.

11 командæйæ æрдæгфиналмæ ахызтысты аст командæйы. Уыдон уыдысты 5, 6, 12, 2-æм астæуккаг скъолатæ, гимназ «Альбион», Орчъосан æмæ Терегуаны скъолаты командæтæ. РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады национ ахуырады хайады сæргълæууæг Козаты Ингæ куыд банысан кодта, афтæмæй ахæм интеллектуалон хъæзтытæ ахъаз кæнынц фæсивæды размæцыдæн. Æвæрццагæй æндавы сæ хъуыдыкæнынадыл. Уый ма загъта, зæгъгæ, рæзгæ фæлтæримæ хъæуы ноджы лæмбынæгдæр кусын, цæмæй хуыздæр зоной сæ бæстæйы истори, культурæ, традицитæ æмæ  зынгæ ирон гоймæгты. Ахæм мадзæлтты руаджы фæбæрæг вæййынц ахуырдзауты зонындзинæдтæ, афтæ ма æнгомдæр кæнынц кæрæдзиимæ дæр.

Интеллектуалон хъазты уæлахиздзау ссис нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы командæ (ахуыргæнджытæ Цхуырбаты Луизæ æмæ Уалыты Оля), дыккаг бынат бацахста Орчъосаны астæуккаг скъола æмæ æртыккаг бынат та фæцис Терегуаны астæуккаг скъолайы командæйы.

Уæлахидзау командæтæ хор-зæхджын æрцыдысты дипломтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.

Чертхъоты Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.