РХИ-йы Культурæйы министрады цур адæмон сфæлдыстады республикон центр Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы ауагъта къамты конкурс «Хуссар Ирыстон  –  2017».

Ацы конкурс уагъд цæуы ныр æртыккаг хатт æмæ йын алыхатт дæр вæййы хорз фæстиуджытæ. Мæйы дæргъы нывисæн аппаратимæ архайын чи уарзы, стæй ма къамтæ исыныл йæхи чи цайдагъ кæны, уыдонæй алкæмæндæр йæ бон уыд, йæ кармæ нæ кæсгæйæ, йæ куыстытæ центрмæ æрбавдисын æмæ нывты конкурсы хайад райсын.

Конкурс уагъд цыд цыппар номинацийы: пейзаж, хуызист, фауна, Цхинвал абон.

Хайадисджытæ конкурсмæ цы къамтæ æрбавдыстой, уыдон уыдысты 80 бæрц.

Жюрийы уæнгтæ æппæт куыстытæн дæр хъуамæ саргъ кодтаиккой æмæ равзæрстаиккой, фыццаг, дыккаг æмæ æртыккаг бы-нæтты аккаг чи сты, уыдон Конкурсы жюрийы сæрдар уыд Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Цхуырбаты Тамерлан, йæ уæнгтæ – Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, нывгæнæг Æлборты Æхсæртæг, Гуыцмæзты Эльзæ æмæ йæ хæдивæг Жуйкова Вероника. Цхуырбаты Тамерлан куыд загъта, афтæмæй, ацы къамты конкурсæн ис стыр нысаниуæг, зæгъгæ, ахæм рæстæджыты рабæрæг вæййынц бирæнымæц курдиæттæ, уыдон та ахъаз кæнынц нæ аивады размæцы-дæн.

Банысан ма хъæуы уый, æмæ конкурсы хайад кæй райстой алы æмæ алы кары адæймæгтæ, се ‘хсæн ахуырдзау фæсивæд, æвзонг, афтæ ма хистæр кары адæймæгтæ.  Уый та у æхсызгон хъуыддаг, æгайтма адæммæ æвзæры цавæрдæр цымыдис, æгайтма сæ зæрдæбынæй фæнды сæ райгуырæн къуым, сæ алфæмблайы рæсугъд æмæ хъæздыгдзинад къамты руаджы равдисын.

Конкурсмæ цы къамтæ æрбавдыстой, уыдон се ‘ппæт дæр уыдысты тынг цымыдисон. Алы къамæн дæр уыд цавæрдæр хъуыды. Алкæцыдæр дзы адæймаджы цæстæнгас æлвæста йæхимæ.

Жюрийы хатдзæгтæм гæсгæ конкурсы: 1-аг бынат лæвæрд æрцыд  Цоциты Ирэнæ æмæ Гæбæраты Неллийæн; 2-аг бынат – Наниты Дианæ æмæ Габайты Владимирæн; æмæ 3-аг  бынат та –  Бестауты Аннæ æмæ Гæззаты Тимурæн.

Уæлахиздзаутæ, афтæ ма фыццаг æртæ бынатмæ чи нæ бахауд, фæлæ хорз куыстытæ кæмæн уыд, уыдон се ‘ппæт дæр хорзæх-джын æрцыдысты æхцайы премитæй, лæвæрттæ æмæ грамотатæй.

Къæбысты Заринæ   

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.