Хуссар Ирыстоны æфсæддон къамисариат фесты æмбæстæгты æфсæддон службæмæ æрсидт. Къамисариаты бæрндзинады зонæты æрсидтысты 18 азæй 27 азы онг кары æмбæстæгтæм, кæцытæн æфсæддон службæмæ æмгъуыдæн æргъæвæн нал уыд. Уый тыххæй ИА «Рес»-æн фехъусын   кодтой РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæйы.

Ног æрсидтонтæ, министрады кусæджы ныхæстæм гæсгæ, æрвыст æрцыдысты Хъахъхъæнынады министрады ахуыргæнæн центр «Барс»-мæ мæйы æмгъуыдмæ, æрыгон хæстоны курсы программæмæ гæсгæ райдиан хæстон цæттæдзинад райсыны тыххæй.

Ахуыртæ фæуыны фæстæ æрсидтонтæ æрвыст æрцæудзысты РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады хицæн ахуыргæнæн ротæмæ дарддæр службæ кæныны тыххæй.

«Æфсæддон-дохтырон экспертизæйы тыххæй домæнтæм гæсгæ æрсидтонтæ раздæр рацыдысты медицинон басгæрст. Æфсæддон службæйæн чи не сбæззыдысты низты аххосæй, уыдонæн схос кæнынæн лæвæрд æрцыд рæстæг æмæ рацæудзысты æфсæддон-дохтырон къамис радон æрсидтон кампанийы рæстæджы», – загътой пресс-службæйы.

Ам ма куыд загътой, афтæмæй РХИ-йы Хъахъхъæнынады министры хæстæ  æххæстгæнæг  Гассеты Ибрагимы  бардзырдмæ  гæсгæ организациæрцæуæг æфсæддон ахуырты æрсидтонтæ адаптаци кæнынц æфсæддон службæмæ.

«Æфсæддон ахуырты администрацийы афицертæ, прапорщиктæ æмæ сержанттимæ уагъд æрцыдысты инструкторон-методикон ахуыртæ. Командирты зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад лæвæрд цæудзæн, Гарзджын тыхты чи баххæст кодтой, уыцы æрыгон æфсæддон службæгæнджытæм, – зæгъынц пресс-службæйы, – Æрсидтонтæ ифтонг сты æппæтæй дæр. Арæзт сын æрцыдысты уавæртæ цæрынæн, ахуыр кæнынæн. Ис сын хи-найæнтæ, дарæсæхсæнтæ, ифтонг цæудзысты медицинон лæггæдтæй».

Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты службæйы æмгъуыд у афæдз æмæ æрдæг. 2016 азы ноябры РХИ-йы Хицауад райста «Æфсæддон хæс æмæ æфсæддон службæйы тыххæй» закъон, кæцымæ гæсгæ æфсæддон службæйы æмгъуыд план цæуы 18 мæйæ 12 мæймæ фæкъаддæр кæнын. Закъоны проект æркæсынмæ ис РХИ-йы Парламенты.

Хуссар Ирыстоны уалдзыгон æрсидтон кампани уагъд цæуы РХИ-йы Президенты Барамынд æмæ «Æцæг æфсæддон службæйы сфидаргонд æмгъуыд баслужбæгæнджыты РХИ-йы Гарзджын тыхты рæнхъытæй запасмæ арвитыны æмæ 2017 азы майы-июны æцæг æфсæддон службæмæ æмбæстæгты радон æрсидты тыххæй» РХИ-йы Хъахъхъæнынады министры бардзырдмæ гæсгæ.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.