Америкæйы иугонд штаттæ æмæ НАТО Украинæйы Уæрæсейы ныхмæ масштабон тугкалдмæ кæй цырын кæнынц, алыгъуызон хæцæнгæрзтæй йæ кæй ифтонг кæнынц, уый фæстиуæгæн уавæр сабыр нæ, фæлæ карзæй карздæр кæны.

Уымæй дарддæр ма Украинæйы фашистон режим дунейы æдасдзинадæн дæр æмæ Европæйы стабилондзинадæн дæр тæссаг кæй у, уый тыххæй Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы депутаттæ æрсидтысты ИНО-йы Генералон ассамблеймæ, Æхсæнпарламентон цæдисмæ, Европарламентмæ æмæ дунейы растхъуыдыгæнæг политиктæ æмæ парламентаритæм.

Сидты дзырдæуы:

«УФ Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы депутаттæ катай кæнынц Украинæйы сæвзæргæ уавæры тыххæй. Америкæйы иугонд штаттæ æмæ НАТО киеваг режимы кæй ардауынц, уый тыххæй йæ хæстон архайдтытæ ахиздзысты ныхмæлæуды масштабон тугкалды фæлгæттæй.

2014 азы Украинæйы паддзахадон фæфæлдæхт цы тыхтæ сарæзтой, уыдон бынтондæр нæ разы кæнынц мидукраинаг конфликт сабырадон æгъдауæй æрсабыр кæныныл.

Паддзахадон Думæйы депутаттæ, стыр хъыгагæн, хъусын кæнынц, зæгъгæ, аст азы дæргъы Донбассы цæрджыты геноциды ныхмæ Уæрæсейы архайд ницы фæстиуæг радта. Абоны уавæрты Уæрæсейæн йæ бон нæу йæхи æдас хата, НАТО скæсæны ‘рдæм кæй рæзы æмæ Украинæйæ дæр тас кæй у, суанг ма ядерон хæцæнгарзæй спайда кæнынæй кæй æртхъирæн кæны, уый сæраппонд.

2022 азы февралы кæрон Уæрæсейы Федераци  специалон хæстон операци райдыдта Иугонд Нациты Организацийы Уставы 51 статьямæ гæсгæ. Фæлæ уыцы рæстæджы дæргъы НАТО-йы бæстæтæ æдзухæй дæр  Украинæмæ массон æгъдауæй æрвитынц тæхæг хæцæнгæрзтæ, æрвитынц æм æххуырст хæстонты. Ацы æбæрн архайдтыты фæстиуæгæн Украинæйы иу къорд регионтæ Уæрæсемæ хатынц, цæмæй сæ Украинæйы фашистон режимæй бахъахъхъæна æмæ сын баххуыс кæна, уый тыххæй.

УФ Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы депутаттæ сидынц ИНО-йы Генералон ассамблеймæ, Æхсæнпарламентон цæдисмæ, Европарламентмæ æмæ дунейы растхъуыдыгæнæг политиктæ æмæ парламентаритæм, цæмæй æркæсой æмæ ныфсхастæй стæрхон кæной, цæмæй мингай сабыр цæрджытæ скуынæг уой, æппæт дунейы æмæ Европæйы адæмты æдасдзинад тæссаг уавæры уа, уый тыххæй Киевы режимы масштабон хæстон ныхмæлæудмæ цырынгæнæг Америкæйы иугонд штатты æмæ НАТО-йы тæссаг архайдтытыл».

25-æм октябры Хуссар Ирыстоны Парламенты Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты рабадты рæстæджы депутаттæ уынаффæ кодтой УФ Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы депутатты ацы сидты фæдыл. Уыдон æмхъæлæсæй растыл банымадтой Паддзахадон Думæйы уæлдæр банысангонд сидт.

Парламенты пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы сидтыл хуссарирыстойнаг депутаттæ уынаффæ кæндзысты РХИ-йы Парламенты Президиумы радон рабадты.

Комитеты куысты хайад райстой Гаглойты Алан, Бибылты Ацæмæз, Гаглойты Малхаз æмæ Бесаты Зитæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.