1-æм октябрæй 1-аг сорты ссадæй 600 граммы дзулы(социалон дзул) аргъ у 22 сомы.

Уый тыххæй фехъусын кодтой Хицауады рабадты, кæцы уагъд æрцыд Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннадийы къухдариуæгадæй.

Паддзахадон унитарон куыстуаты директор Цхуырбаты Вадим банысан кодта, зæгъгæ, куыстуаты паддзахадон субсидитæ кæныны фæрцы фæстаг æртæ азы дзулы аргъ нæ фæфылдæр ис. Фæлæ энергоифтонгад æмæ хомаджы аргъ азæй-азмæ кæй фылдæр кæнынц, уымæ гæсгæ махæн нæ бон нал у бюджетон фæрæзтæй дзулы аргъ ма фæфылдæр кæнын.

2019 азы 10 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады №34 Уынаффæмæ гæсгæ социалон дзулы аргъ уыд 18 сомы (бафтаугæ аргъмæ хъалон хынцгæйæ).

Уыимæ иумæ, Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты бæ-рæггæнæнтæм гæсгæ 2021 азы 1-æм кварталы социалон дзулы хиаргъ у: январы – 27, 61 сомы; февралы – 29, 13 сомы; марты – 27, 27 сомы.

Хицауады Сæрдары бахæсмæ гæcгæ Экономикон рæзты министрад æмæ Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты специалисттæй арæзт æрцыд кусæгон къорд, кæцы сахуыр кодта ацы фарст æмæ сбæрæг кодта экономикон æгъдауæй социалон дзулы аргъ 23, 91 сомы, сфидаргонд аргъ та – 22 сомы.

Бекъойты Геннади банысан кодта, зæгъгæ, паддзахад дарддæр дæр аргъы хицæндзинад æххæст кæндзæн, куыстуатæн субсидитæ хицæнгæнгæйæ аз 6,6 милуан сомы.

Банысангонд ма æрцыд, дзулы аргъы ивындзинæдтæ кæй фидар кæны паддзахадон куыстуат Хицауады Уынаффæйыл бындуриуæггæнгæйæ æмæ уый размæ æмгъуыды уагдæттыны фактон хæрдзтæй, æмæ æрмæст уый фæcтæ æрвыст æрцæуынц республикæйы æххæсткæнынады хицауады æххæстбарджын органмæ уынаффæ кæнынмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.