РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ауагъта Хицауады æнæрадон рабадт, цыран уынаффæ цыд æмæ фидаргонд æрцыдысты республикæйы бюджетмæ бахæсгæ ивындзинæдтæ.

«2017-æм азæн РХИ-йы паддзахдон бюджеты тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проекты фæдыл радзырдта финансты министр Хæбæлаты Азæ.

Докладгæнæджы ныхæстæм гæсгæ, ивындзинæдтæ бахæссын бахъуыд, сæрмагондæй паддзахадон бюджеты хæрдзтæ æмæ æфтиæгтæ кæй фæфылдæр сты, уый тыххæй. Йæ æфтиæгты хай хъуамæ фылдæр уа 69 439, 5 мин сомы бæрц. 2017-æм азæн падддзхадон бюджеты хæрдзтæ йæ ног редакцийы иумæйагæй сты 10 476 074, 1 мин сомы бæрц.

Бюджетмæ бахæсгæ ивындзинæдтæ ма баст уыдысты, 2016 азы 5 декабры къух фыст кæуыл æрцыд, УФ-йы фæрæзты хыгъдæй РХИ-йы паддзахадон æмæ муниципалон уаг-дæтты кусджыты куыстмызд фæфылдæр кæныны фæтк æмæ уавæрты тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн, уыцы Сразыдзинады фæлгæтты куыстмызд фæфылдæр кæнынимæ.

Сæ куыстмызд фæфылдæр уыдзæн æрмæстдæр бюджетон уагдæтты кусджытæн, сæрмагондæй та скъолайы агъоммæйы, иумæйаг æмæ уæлдæр профессионалон ахуырады кусджытæн, кондадон ахуырады ахуыргæнджытæн, дохтыртæн, астæуккаг æмæ кæстæр медперсоналæн, дзыллон информацийы фæрæзты, культурæйы æмæ æндæр фадгуыты кусджытæн.

Финансты министры ныхæстæм гæсгæ, декабры кусджытæ райсдзысты фæфылдæргонд мызд ацы азы январæй декабры онг снысангонд процентон бафыстытæ хынцгæйæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ процент нымад цæуы 2015 азы мызды æмвæзадмæ гæсгæ.

Октябры æмбисмæ сæ мызд фæфылдæр кæнинаг кæмæн у, æппæт уыцы министрадтæ æмæ ведомствотæ хъуамæ финансты министрадмæ бавдисой сæ банымадтытæ.

Рабадты рæстæджы ма дзырд цыд ГУП-тæн субсидитæ дæттыны фарстыл, сæрмагондæй та «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон»-æн. Бæлвырд куыд у, афтæмæй Хуссар Ирыстоны электроэнергийы хæс абоны онг у 320 миллуан сомы бæрц. Ацы азы августы мæйы «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон сарæзта бадзырд ПАО «Интер РАО»-имæ 10 азы æмгъуыдмæ паддзахадон хæс реструктуризаци кæныны тыххæй, фæлæ регуляронæй æрмæджы фидгæйæ.

Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, бæрнджын структурæтæ хъуамæ райсой æппæт мадзæлттæ дæр, цæмæй хардзцæуæг электро-энерги æмæ æндæр ресурсты фæ-дыл мауал фæзына ног хæстæ.

Рабадты кæронбæттæн хайы культурæйы министр Зассеты Жаннæ радта бузныджы фыстæджытæ районты администрациты къухдариуæггæнджытæн, Республикæйы бонмæ цы бæрæгбонон мадзæлттæ уагъд цыдысты, уыдоны сæ активон хайадисты тыххæй.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.