Хуссар Ирыстоны тагъд фæфылдæр уыдзæн социалон дзулы аргъ. Уый нырмæ уыд 18 сомы, фæлæ йæ аргъ куы фæфылдæр уа, уæд та уыдзæн 22 сомы. Уый фæдыл дзулфыцæн комбинаты директор Цхуырбаты Вадим зæгъы: «Социалон дзулы аргъ ивын ис хицауады бæрны. Ацы фарстыл дæр официалонæй дзырд цыд уым. Æмбæлон уынаффæ дæр рахæсдзысты уыдон. Дзулы аргъ фæфылдæр кæныны фарст рагæй лæууы. Фæстаг хатт фæфылдæр 2019 азы. Уæдмæ  уыд 16 сомы. Фарон дæр архайдтам дзулы аргъ фæфылдæр кæныныл, фæлæ уæд Президент Бибылты Анатолийы фæндмæ гæсгæ нæ фæфылдæр. Ныр дæр архайы хицауад, цæмæй субсидиты фæрцы ма схиза 22 сомæй уæлæмæ. Йæ аххосаг у, Уæрæсейы хомаджы аргъ кæй схызт, уый. Раздæр мæнæуы килограмм кæд æлхæд цыд 11 сом æмæ 50 къапеккæй, уæд æй ныр та æлхæнæм 13 сом æмæ 20 къапеккмæ. Бынатмæ æрласгæйæ та нын лæууы 15 сомы».

Цхуырбаты Вадим ма куыд зæгъы, афтæмæй дзулы аргъыл нæ республикæйы æндавы, бынæттон ссад кæй нæ уадзæм, уый. Куыд зонæм, афтæмæй мах ссад ласæм Уæрæсейы Федерацийæ. Уым та мæнæуы аргъ хизы уæлæмæ. Нырмæ дæр афтæ уыд, фæлæ хицауад дотаци кодта дзулы аргъ. Дзулы аргъыл бандæвта канд мæнæу нæ, фæлæ ма æндæр    хæрдзтæ дæр: цæхх, зети, æртаг æмæ афтæ дарддæр.

Дзулфыцæн комбинат дзулæй канд горæт нæ ифтонг кæны, фæлæ ма республикæйы районты цæрджыты дæр. Дзауы районмæ алы бон дæр ласынц дзул дзулфыцæн комбинатæй. Къуайсамæ æмæ Знауыры районмæ та – къуыри цыппар хатты, Цхинвалы районы хъæутæм – арæхдæр. Боны мидæг хъарм дзулæй республикæйы цæрджыты ифтонг кæнынц 12 сæрмагонд машинæйы. Цалдæр азы размæ Инвестпрограммæйы фæлгæтты дзулфыцæн комбинатæн ног кондадон бæстыхай куы сырæзт, уæд фæфылдæр кодта йæ ассортимент, байгом кодта кондитерон цех дæр, кæцы адджын гуылтæй ифтонг кæны нæ республикæйы скъолаты буфетты. Кæд районтæй алкæцыйы дæр  ис амалиуæггæнджытæн сæрмагонд минипекарнитæ, уæддæр адæм æхсызгондæрæй æлхæнынц нæ республикæйы дзулфыцæн комбинаты конд дзул. Дзулфыцæн комбинаты куыст бæрæггæнгæйæ специалисттæ цы хатдзæгтæ саразынц, уымæ гæсгæ дзулы сконды нæ вæййы адæймаджы организмæн зианхæссæг буарадтæ – пестицидтæ, фосфаттæ æмæ æндæр ахæмтæ.

 

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.