РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади ауагъта æргътæ æмæ тарифтæ бæстон кæныны фæдыл Æхсæнведомствойон къамисы æмбырд, кæцыйы хайад райстой профилон министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ.

Къамисы уæнгтæ æруынаффæ кодтой социалон дзул фыцынæн æнæмæнгхъæуæг хъомыс æмæ хардзон æрмæджыты аргъ, афтæ ма иумæйагæй дзулфыцæн комбинат кæй фыцы, уыцы дзулæн йæ хиаргъ фæфылдæр кæнынимæ баст фарстытыл. Куыстуаты директор Цхуырбаты Вадимы ныхæстæм гæсгæ, уæрæсейаг базары хъомысы аргъ фылдæр кæны, æмæ дзулы   аргъ та баззад раздæры æмвæзадыл, æмæ уымæ гæсгæ куыстуат æвзары бæрæг зиæнттæ.

«Абоны бон фыццаг сорты ссадæй конд 600 граммы дзул,  РХИ-йы Хицауады 2015 азы 31 марты Уынаффæмæ гæсгæ у 16 сомы.  Паддзахадон унитарон куыстуаты продукцийы хиаргъы 2019 азы 1-аг кварталы фактон калькуляцийы бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ дзул лæууы 23,7 сомы, æмæ уый тыххæй бæрæг зиæнттæ æвзарын кæны куыстуатæн.

Уымæ гæсгæ æнæмæнгхъæуæг у дзулы аргъ фæфылдæр кæнын ацы аз июлы мæйæ 600 граммы дзулы аргъ 18 сомы скæнын», – фехъусын кодта Цхуырбаты Вадим.

Къамис сразы ис дзулфыцæн комбинаты къухдариуæггæнæджы фæндыл æмæ 15 июлæй дзулы аргъ 2 сомы фæфылдæр кæныныл, цæмæй куыстуаты хæрдзтæ баххæст æрцæуой, кæцытæ æвзæрынц, æддагон базары хъомысы аргъ кæй рæзы, уый аххосæй.

Бекъойты Геннади йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, цæмæй дзулы аргъ ноджыдæр ма фæфылдæр уа, уый тыххæй паддзахад максималон æгъдауæй æндавдзæн ууыл, цæмæй социалон дзулы аргъ ма фылдæр кæна.

«Цæмæй со-циалон дзулы аргъ ма фылдæр кæна, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлхасгæнæгыл фылдæр уаргъ æвæрд ма цæуа, уый тыххæй паддзахад дарддæр дæр максималон æгъдауæй æндавдзæн ууыл, цæмæй Хуссар Ирыстоны дзулфыцæн комбинат цы 600 граммы дзул уадзы, уый аргъ ма фылдæр кæна», – банысан кодта Бекъойты Геннади.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.