8-æм ноябры РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доментийы сæргълæудæй ауагъд æрцыд Хицауады радон рабадт. Боны фæткмæ хаст æрцыдысты, нормативон-барадон нысаниуæг кæмæн уыд, ахæм фарстытæ.

Рабадты райдианы Хицауады уæнгты размæ хаст æрцыд РХИ-йы Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдары хæдивæджы бынатмæ Коцты Гивийы æмæ Парламенты РХИ-йы Хицауады æххæстбарджын минæвары бынатмæ Кокойты Зурабы кандидатурæтæ сфидар кæныны тыххæй фарстытæ.

Хъуылымбегты Доменти куыд банысан кодта, афтæмæй Кокойты  Зураб у Парламенты РХИ-йы Хицауады æххæстбарджын минæварæй снысан кæныны аккаг. Уымæн æмæ йæм ис стыр фæлтæрддзинад хицауиуæгады æххæсткæнынадон æмæ закъондæттынадон куысты. «Ацы куысты фадыджы мах æнхъæлмæ кæсæм депутатон корпусимæ интенсивондæр куыстмæ æмæ нæ ныфс ис, иумæйаг хæстæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы дыл цы хæстæ ис, уыдон æнтыс-гæйæ кæй æххæст кæндзынæ», – загъта Хъуылымбегты Доменти.

Йæ рады Кокойты Зураб бузныг загъта Хицауады Сæрдарæн, ахæм æууæнк ыл кæй бафтыдтой, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, æппæт йæ тыхтæ аздахдзæнис уымæ, цæмæй Хицауады æххæсткæ-нынадон æмæ закъондæттынадон къабæзты æмвæ-зад бæрзонддæр кæна.

Куыд Кокойты Зурабы, афтæ Коцты Гивийы кандидатурæтæ сфидар кæныныл рабадты хайадисджытæ æмхъæлæсæй сразы сты .

Дарддæр рабадты хайадисджытæ рахызтысты боны фæткы иннæ фарстытыл æруынаффæ кæнынмæ.

2016 азы фараст мæйæн республикæйы паддзахадон бюджет куыд сæххæст, уый дæр хорзыл банымадтой хицауады уæнгтæ. Ацы фарсты фæдыл раныхас кодта Финансты министр Хæбæлаты Азæ.

Рабадты ма хорзыл банымадтой «Æфсæддон хæс æмæ æфсæддон службæйы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæс-сыны тыххæй» Закъоны проект.

Уым нысан цæуы æрсидтмæ гæсгæ æфсæддон службæйы æмгъуыд 18 мæйæ 12 мæйы онг фæкъаддæр кæнын, афтæ ма æфсæддон службæйы кæройнаг кар инæлар-лейтенант æмæ инæлар-майорæн 65 азæй 60 азмæ, булкъонæн – 60 азæй 55 азмæ æмæ æфсæддон чин кæмæн ис, ахæм æфсæддон службæгæнæгæн та 50 азы онг фæкъаддæр кæнын. Ивындзинæдтæ бахæссыны æнæмæнгхъæуындзинад министр бамбарын кодта гæнæнуæвæг æддагон æфсæддон тасдзинад минимизаци кæнын. Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндæттæ РХИ-йы Гарзджын тыхты афицерты регуляронæй цæттæ кæнын, афтæ ма Уæрæсейы гарзджын тыхты скондмæ Хуссар Ирыстоны гарзджын тыхты хицæн дæлхæйтты бакæныны тыххæй РХИ-йы æмæ УФ-йы æхсæнпланцæуæг сразыдзинадыл къухтæ æрфыссынæй.

РХИ-йы Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим ма рабадты хайадисджыты размæ уынаффæ кæнынмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты Паддзахадон æдасдзинады органты, æддагон развæдсгæрсты органты, паддзахадон хъахъхъæнынадон органты, Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ арæзтæрцæуæг æндæр æф-сæддон баиугæндты контракт-мæ гæсгæ æфсæддон службæ рацæуæг афицертæ, прапорщиктæ, старшинæтæ, сержанттæ, салдаттæ æмæ сæ бинон-тæн куысты азтæ нымайыны, пенситæ, компенсацитæ æмæ æххуыстæ снысан кæнын æмæ фи-дыны фæткы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады 2014 азы 7 февралы №14 уынаффæмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фарст.

Ацы уынаффæ райсгæйæ уæрæхдæр кæны, пенси чи райсдзæн, уыдоны нымæц.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдар Джиголаты Хасан дæр фæндон бахаста, цæмæй ивындзи-нæдтæ бахастæуа «Паддзахадон унитарон куыстуат «Электробастдзинады телекоммуникацион компани»-йæн 2016 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджетæй субсиди радтыны фæтк сфидар кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады 2016 азы 19 майы уынаффæмæ.

Уынаффæмæ рахастцæуæг фарстытæ Хицауады уæнгтæ иууылдæр райстой æмхъæлæсæй.

Рабадты рæстæджы ма æркастæуыд æндæр актуалон фарстытæм дæр. Цæвиттон бæлвырд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны æргъты (тарифты) бæстон кæныны фæдыл æхсæнведомствæйон къамисы сконд, кæцы у коллегиалон уынаффæгæнæн орган æмæ конд у хицауиуæгады органты минæвæрттæй, æххæст кæны, æргътæ æмæ тарифтæ кæм фидар кæнынц, уыцы къабæзты паддзахадон бæстонкæнынад. Ацы фарсты фæдыл раныхас кодта экономикон рæзты министр Зæгъойты Вильям. Æруынаффæ йыл кæныны фæстæ къамисы скондмæ хаст æрцыдсты Культурæйы министр Остъаты Мадинæ æмæ Финансты министр Хæбæлаты Азæ дæр.

Хъуылымбегты Доменти стыр нысаниуæг радта къамисы сырæзтæн «Уый формалонæй архайæг къамис нæу, ууыл æвæрд ис стыр бæрндзинад, цæмæй раст арæзт цæуа тарифон политикæ, цæрджыты царды æмвæзад хынцгæйæ. Ацы къамисы кусын хъæудзæн бирæ фарстытыл», – загъта уый.

Дарддæр рабадты хайадисджытæ байхъуыстой РХИ-йы Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæг Гаглойты Олегы докладмæ 2017 азы улæфт бонтæ ахæссыны тыххæй. Улæфтбонтæй, æнæкусгæ бæрæгбонтæй рационалонæй спайда кæныны нысанæн скъуыддзаг æрцыд, улæфт бон 1 январы хуыцаубонæй 24 февралы майрæмбонмæ ахæссын, 7 январы сабаты улæфт бонмæ 10-æм майы æртыццæгмæ ахæссын æмæ 26 августы, сабаты æнæкусгæ бæрæгбон та – 22 сентябры, майрæмбонмæ. Ногазон бæрæгбонты нæ республикæйы цæрджытæ улæфдзысты 1 январæй 8 январмæ, уыцы бонты дæр нымайгæйæ.

Хицауады уæнгтæ æмзæрдæйæ аскъуыддзаг кодтой сывæллæттæн ногазон лæвæрттæ бакæныны тыххæй РХИ-йы Хицауады резервон фондæй æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæнын.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.