Алы дугмæ дæр йæхи хорздзинæдтæ вæййы. Ныртæккæ у базарадон ахастыты рæстæг  æмæ фадæттæ ис, йæхи кондад бакæнын кæй фæнды, уыдонæн. Ахæмты фарсмæ та нæ паддзахад дæр, йæ бон цас у,  уымæй балæууы, баххуыс сын кæны æхцайы фæрæзтæй, цæмæй сæ къахыл слæууой æмæ сæ хæдзарад райтынг кæной. Ацы хъуыддаджы сæйраг у, цы продукци уадзынц, уый сын куыд реализаци цæуа, уый.

Ахæм хъуыддагыл ныххæцын баст у бæрæг зындзинæдтимæ æмæ, æгæрыстæмæй, тас вæййы, цы фæрæзтæ бахардз кæнай, уыдон дæр дзæгъæлы куы фæуой. Фæлæ нæ горæты цæрæг лæппу Бекъойты Давид фæндвидар лæппу разынд. Цы хъуыддаг сфæнд кодта райдайын, уый архайы кæронмæ ахæццæ кæныныл. Цхинвалы районы ТЭК-мæ æввахс æмæ нæ горæты ныгуылæнырдыгæй Черепичный кæй хонæм, уым ын ис хъæрмуаттæ арæзт. Дыууæ хъæрмуатæн сæ фæзуат у 1500 квадратон метры. Уыдон лæвæрд æрцыдысты, райдайгæ амалиуæггæнджытæ æмæ фермертæн æххуысы хуызы цы программæ арæзт æрцыд, уый фæлгæтты.

Хъæрмуаттæн арæзт уыдысты æрмæстдæр сæ каркастæ. Фæлæ цæмæй фидардæр уыдаид, уый тыххæй йын сарæзта фидар бындур æмæ йыл афтæмæй сæвæрдта каркас. Арæзт дзы æрцыдис хъæрмад, донхæргæнæн кран-тæ, йæ фæрстæ йын бамбæрзтой лексанæй, йæ сæр та йын сагъуыстой целлофанæй. Æппæт уыдæттæ Давид сарæзта йæхи фадæттæй Хъæрмуаты иу ран ныссагътой пъамидорты садзæнтæ, иннæйы та – джитъритæ. Æвзартæй зæрдæ рухс кæны æмæ дæттынц хæрзгъæд тыллæг. Давид куыд зæгъы, афтæмæй экологион æгъдауæй сты сыгъдæг æмæ сæ зæрдиагæй агурынц фæлхасгæнджытæ. Æрвылаз дæр сын уый фæивы сæ бынæттæ –  джитърийы хуымы дыккаг аз ныссадзы пъамидор æмæ пъамидоры бынаты та – джитъритæ. Афтæ кæй кæны, уый та æвзонг амалиуæггæнæг нымайы хорзыл, йæ хъуыдымæ гæсгæ, уæд дæттынц хуыздæр тыллæг.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.