26-æм августы Хуссар Ирыстоны адæм радон хатт банысан кæндзысты республикæйы хæдбардзинады бон.

Фæлæ уал уæдмæ хуссарирыстойнаг адæм бавзæрстой 8 августы фондзбонон хæст. Уыцы удуæлдай тохы, Ирыстоны хæдбардзинады сæрвæлтау сæ сæртæ нывондæн æрхастой куыд ирон лæппутæ, афтæ уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæ дæр.

Абон дзы æрæмысæм цалдæр æфсæддон службæгæнæджы нæмттæ.

Горьковой Антон Иваны фырт фæмард 2008 азы 8-æм августы. Уый райгуырд горæт Аксайы 1985 азы 18 ноябры. Астæуккаг скъола дæр каст фæци ацы горæты. Скъолайы фæстæ бацыд горæт Аксайы «ПТА-57»-мæ. Æртæ азы сахуыр кæныны фæстæ райста автомобилты слесары дæсныйад, райста машинæ скъæрыны бары гæххæтт дæр. Куыста Аксайы консерваразæн заводы шофырæй. Йæ ныййарджытæ дæр куыстой ацы заводы. Уый уыд хъæлдзæг æмæ хæларзæрдæ лæппу. Заводы йæ иууылдæр уарзтой, уыдис ын тынг бирæ хæлæрттæ.

2007 азы 10-æм майы Антонмæ æрсидтысты æфсæддон службæмæ. Йæ службæ райдыдта горæт Дзæуджыхъæуы 93203-æм æфсæддон хайы шофырæй. Фæлæ йæ 2008 азы 10-æм апрелы ракодтой службæ кæнынмæ Кæсæг-Балхъары Республикæмæ горæт Прохладнæйы, 64201-æм æфсæддон хаймæ, уыд шофыр. «Антон нæм боны мидæг телефонæй дзырдта дыууæ хатты. Фæлæ нын 2008 азы июны мæйы йемæ бастдзинад нал уыд. Мах бацыдыстæм къамисариатмæ æмæ нын уым бамбарын кодтой, зæгъгæ, сын ис ахуыртæ æмæ сты хæхты бæрзæндты. 2008 азы 5-æм августы нæм фæдзырдта, фæлæ уый уыд нæ фæстаг ныхас. Мах зыдтам, Хуссар Ирыстоны цы цаутæ цæуы, уыдоны тыххæй æмæ йæ бафæдзæхстам, цæмæй йæхи хъахъхъæна. Уый нын афтæ сдзуапп кодта: «Æмæ уый фæстæ куыд хъуамæ цæрон, ме ‘мбæлтты фæстæ куы бамбæхсон, уæд». Рацыд цалдæр азы, фæлæ нæ зæрдæты хъæдгæмттæ нæ байгас сты æмæ никуы дæр байгас уыдзысты. Афтæ тынг мæ бафæнды мæ хъæбулы мæ зæрдæмæ нылхъивын, йемæ аныхас кæнын, фæлæ уый нæ фарсмæ нæй æмæ никуыуал дæр уыдзæн. Нæ бинонты нырма дæр нæ уырны, Антон нын сæрæгас кæй нал у, уый», – фыссы йæ мад Горьковая Ольга.

 

Анисимов Иван Сергейы фырт, службæ кодта 58-æм армийы. Уыд лейтенант. Фæмард 2008 азы 12-æм августы. БМП афæлдæхт æмæ ахаудта  хидæй.

Райгуырд 1985 азы 15 майы Читайы областы афицер æмæ медикы бинонты ‘хсæн. Службæмæ гæсгæ бинонтæ 1987 азы цæрынмæ ацыдысты Республикæ Дагъыстаны горæт Махачкаламæ. Ацы горæты Иван каст фæци астæуккаг скъола. Уый фæстæ йæ бинонты традици адарддæр кодта, ахуыр кæнынмæ бацыд æфсæддон институтмæ. 2002-2007 азты уыд Омскы танкон-инженерон институты курсант. Институты фæстæ æрвыст æрцыд Цæгат Кавказы æфсæддон зылдмæ горæт Буйнакскы 136-æм гвардион мотоæхсæг бригадæмæ, цыран уыд командиры хæдивæг хæцæнгæрзты фæдыл. Дыккаг уæлдæр ахуырад райсыны тыххæй бацыд Мæскуыйы Гуманитарон университеты психологийы факультетмæ. Йæ бæллиц уыд психолог суæвын. Йæ зæрдæмæ тынг цыд адæмæн æххуыс кæнын. Уыдис ын уарзон чызг. Хъавыдысты сæ цард баиу кæнынмæ, фæлæ фæмард Хуссар Ирыстоны йе ‘фсæддон хæс æххæст кæн-гæйæ. Хорзæхджын æрцыд «За отвагу»-йы майданæй.

Краснонеров Валерий Анатолийы фырт, 58-æм æфсады æфсæддон службæгæнæг. Фæмард августы хæстон архайдтыты рæстæджы гуырдзиаг агрессорты къухæй. Райгуырд 1989 азы 13 марты Краснодары крайы Туапсейы районы, поселок Джубгайы. 1992 азы бинонтæ цæрынмæ ацыдысты ацы районы поселок Новомихайловскмæ. Ахуыр кодта 10-æм астæуккаг скъолайы. Уыд тынг хæларзæрдæ адæймаг. Йæ бирæ хæлæрттæ йæ уарзтой æмæ йын кад кодтой. Алексейæн хурау уыд йæ бахудт, уымæ гæсгæ-иу чызджытæ дзырдтой, зæгъгæ, йын ис голливудаг мидбылхудт.

9 къласы каст фæуыны фæстæ   бацыд   Туапсейы   9-æм ахуыргæнæндонмæ «Судоводитель-помощник механика»-йы дæсныйадмæ.  Тынг хорз ныв кодта. Æфсады фæстæ йæ фæндыд горæт Новороссийскы наутæ цалцæггæнæн заводы кусын, фæлæ… 2007 азы 14 декабры йæм æрсидтысты æфсады рæнхъытæм. Службæ кодта горæт Дзæуджыхъæуы 37271-æм æфсæддон хайы бастдзинад ифтонггæнæгæй. Уый фæстæ бахаудта Хуссар Ирыстонмæ æмæ… Валерæ йæ ныййарджытæн уыд иунæг сывæллон.

Кусмарцев Олег Николайы фырт, 58-æм æфсады  рæнхъон салдат. Фæмард 2008 азы 11 августы. Рай-гуырд 1988 азы Пензæйы областы горæт Сердобскы. 2002 азы каст фæци 9 къласы æмæ уый фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Пензæйы машинæарæзтадон техникуммæ. 2006 азы каст фæци техникум. 2006 азы 11-æм декабры йæм æрсидтысты æфсады рæнхъытæм. Фыццаг æрдæг аз службæ кодта Свердловы областы горæт Еланийы ахуырадон центры. Уый фæстæ раконд æрцыд Дзæуджыхъæуы 58-æм армийы поселок «Спутник»-ы 66431-æм æфсæддон хаймæ.

«Мæ хъæбул Олегы амæ-лæтимæ фæцис мæ цард дæр. Олегæн ма уыд иу хо, фæлæ уый та амард лейкозæй, 11 азы йыл куы цыд, уæд. Ныр мæнæн дæр мæ цард ницыуал у æнæ мæ хъæбултæй», – фæзæгъы Кусмарцев Олегы мад.

Макеев Алексей Валерийы фырт, 58-æм æфсады рæнхъон салдат. Фæмард 2008 азы 11 августы. Райгуырд 1987 азы 15 февралы Брянскы. Скъола-гимнази каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Брянскы Паддзахадон технологон университетмæ «электропривод»-ы дæсныйадмæ. Æртыккаг курсы йæ зæрдæ радта истори сахуыр кæнынмæ, æмæ фæнд кодта æфсады фæстæ историон факультетмæ бацæуын, фæлæ… Ковровы æфсæддон ахуырты фæстæ бахауд Дзæуджыхъæумæ. 58-æм æфсады сконды хайад райста Хуссар Ирыстоны хæстон архайдтыты. УФ-йы Президенты Барамындæй хорзæхджын æрцыд Æхсардзинады орденæй йæ амæлæты фæстæ. Йæ рай-гуырæн горæт Брянскы Алексейæн æвæрд æрцыд цырт.

 

Никогосян Артур Гранты фырт, 58-æм æфсады рæнхъон салдат. Фæмард 2008 азы 20-æм августы йе ‘фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ. Райгуырд 1987 азы 22 ноябры горæт Армавиры.

Артур райгуырд лæмæгъ æмæ мæллæгæй. Æфсадмæ ацыд 20-аздзыдæй, уымæн æмæ уыд мæллæг æмæ ныллæг лæппу. Скъола каст фæци 2003 азы.

«Мах, Артуры фыд æмæ мады, нæ уырны нæ хъæбул сæрæгас кæй нал у æмæ нæ хæдзары къæсæрæй кæй никуыуал æрбахиздзæн, уый. Алыбон дæр æм æнхъæлмæ кæсæм, пъатæ йын кæнæм йæ нывтæн, уæлмæрды йæ цыртæн, æмæ афтæмæй кæуæм æрвылбон дæр», – дзуры Артуры фыд.

Хуссар Ирыстоны адæм сæ сæртæй ныллæг кувынц фæмардуæвæг уæрæсейаг æфсæддон службæгæджыты, уыцы нымæцы фидауынгæнджыты мысынады раз, уымæн æмæ уыдон хуссарирыстойнаг адæммæ æххуысмæ фæзындысты сæ зын рæстæджы æмæ сæ цардæй бахъахъхъæдтой Хуссар Ирыстоны сæрибардзинад, Хуссар Ирыстоны цæрджыты цард.

Цхинвалы цæрджытæ!  Уæ зæрдыл дарут уæ ирвæ-зынгæнджыты. Уадз, сæ ном рох макуы уæд, нæ хæстæфхæрд зæххмæ нын йæ царды аргъæй сабырдзинад чи æрхаста, уыдоны рухс нæмттæ!

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.