Тыхджын митуардтытæ транспортон бастдзинад фехæлдтой Хуссар Ирыстоны Дзауы районы хæххон хъæутæм, фехъусын кодта агентад «Рес»-æн районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады директор Цхуырбаты Тамерлан.

«Ацы къуыри бирæ мит кæй æруарыд, уымæ гæсгæ транспортон бастдзинад нал уыд районы 18 хъæумæ. Ныртæккæ фæндаг нæй Чъимас, Чеселт, Рукъ, Ерман, Къусджытæм.   Ацы бонты Чеселт, Чъимас, Рукъ æмæ Къусджыты хъæутæм фæндæгты митæй ныххафдзыстæм. Ерманы хъæумæ фæндагыл дзургæйæ, уым куыстытæ ауадзыны тыххæй хъæуы специалон техникæ æмæ йæ баххуырсдзыстæм», – загъта Цхуырбайы фырт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, иу къуырийы æмгъуыдмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад цалдæр хатты асыгъдæг кодта районы хæххон хъæутæм фæндæгтæ, афтæ ма Дзауы райцентры уынгты дæр.

«Мобилизаци æрцыд æппæт спецтехникæ, кусæм æнæрлæугæйæ», – загъта цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады директор.

Куыд ма загъта, афтæмæй сын сæ куысты æххуыс кæны паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.