Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй 18 январы боны 16 сахат æмæ 05 минутыл Чъехы хъæумæ æввахс æрцыд дурзæй æмæ æрæхгæдта фæндаджы. Хабар фехъусгæйæ, ардæм æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Уæлвæткон уавæрты министр Тадтаты Алан æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ. Скуыддзаг æрцыдис, цæмæй æвæстиатæй æрæвналой фæндаг асыгъдæг кæнынмæ. Фæндаг кæд байгом цалдæр сахатмæ, уæддæр цы стыр дуртæ ‘ркалдысты, уыдон хъыг дардтой фæндагыл машинæты змæлдæн. Уый тыххæй 19 æмæ 20 январы Уæлвæткон уавæрты рæмудзджытæ æмæ фæндагарæзтады управленийы кусджытæ къæдзæхдурты бацæттæ кодтой срæмудзынмæ. Уыцы куыстытæ та æххæст æрцыдысты знон æмæ фæндагыл ныр машинæтæ цæуынц æнæкъуылымпыйæ.

Тотеты Иван

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.