Нæ газеты ма уын куыд хъусын кодтам, афтæмæй нæ горæты БАМ-ы районмæ арæзт цæуы фæндаг. Аразджытæ фесты зæххыбын коммуникацитæ ивыны куыстытæ. Æмæ ныр та æрæвнæлдтой фæндаджы уæлцъар аразынмæ. Инвестицион нывæзтмæ гæсгæ арæзтцæуæг проекты амынд у фæндаджы уæрх – 5,8 метры. Уыимæ иумæ проекты ис автобусы æрлæууæндон, тротуартæ æмæ машинæтæ уромæн бынæттæ. Цæрджытæ куы базыдтой фæндагарæзты нывæзт, уæд равдыстой се ‘нæразыдзинад. Фæндаджы рауæрæхдæр кæнын кæй хъæуы, уый тыххæй коллективон фыстæг ныффыстой Президент Бибылты Анатолийы номыл. Фæндаг афæтæндæр кæнынæн ис фадат æмæ хъуамæ арæзт æрцæуа ныр.

Президент Арæзтады министрадимæ иумæ сахуыр кодта цæрджыты домæн æмæ йæм раст фæкаст адæмы хъуыды. Йæ бардзырдмæ гæсгæ фæндаг  рауæрæхдæр кæндзысты авд метры онг кафе «Барс»-ы зæххы фæрцы. Кафейы хицау Чилæхсаты Владимир йæ зæххы хай радта фæндаг рауæрæхдæр кæнынæн. 

Газеты фæрцы цæрджытæ бузныг зæгъынц Президент Бибылты Анатолийæн сæ къух сын кæй сарæзта, уый тыххæй.

УАЗÆГТЫ Марфа

Къам – Sputnik-æй

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.