27-æм октябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры аивадон разамонæг режиссер Дзудцаты Тамерлан æмæ Ульяновскы æрыгон сценæмæкæсæджы паддзахадон театр «NEBOLSHOY TEATP»-ы директор æмæ аивадон къухдариуæггæнæг Терехов Эдуардæн уыдис брифинг.

Терехов, фыццаджыдæр, журналисттæн радзырдта сæ гастролон балцы тыххæй, цавæр спектакльтæ æрхастой семæ æмæ сыл хуссарирыстойнаг театрдзаутæ куыд æмбæлынц. Банысан кодта, нæ театримæ сын хæларадон ахастытæ цыппæрдæс азы бæрц кæй ис, уый. «Фыццаг хатт мах Къостайы номыл паддзахадон драмон театры нæхимæ фæхуыдтам 2009-æм азы февралы мæйы. Уæд ирон театр уыд уæззау ситуацийы, мæгуырау уыдысты сæ куысты уавæртæ æмæ ма сын æрмæст спектакль „Юлий Цезарь“-æн баззадис декорацитæ. Мах 2008-æм азы сентябры фембæлдыстæм Рязаны фестивалы рæстæджы æмæ баныхас кодтам, цæмæй ирон театр, æнæмæнг, æрцæуа Ульяновскмæ. Мах иумæ уæд арвыстам тынг хорз, æнæферохгæнинаг рæстæг æмæ уæдæй абонмæ стæм хæлæрттæ.

Ульяновскы областы ирон артисттæ равдыстой Шекспиры „Юлий Цезарь“ æмæ сыл театрдзаутæ сæмбæлдысты тынг æхсызгонæй. 2019-æм азы нæ театры уагъд цыдис фыццаг æппæтдунеон фестиваль „Вместе“ æмæ та радон хатт фестивальмæ фæхуыдтам нæ ирон коллегæты. Уæд семæ æрхастой Жан Ануйы пьесæмæ гæсгæ æвæрд „Антигона“. Фыццаг хатт нæм куы ‘рцыдысты ирон театр, уæд сын баныфсæвæрдтон гастролон балцы Цхинвалмæ кæй æрцæудзыстæм, фæлæ нын, бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, нæ рауад. Нæ театры ныртæккæ цæуы реконструкци æмæ йæ хъуамæ фидæнмæ эксплуатацимæ радтой. Театры ног бæстыхайы фæнд кæнæм бакæнын дыккаг æппæтдунеон фестиваль „Вместе“-йæ æмæ уырдæм, ныридæгæн, хуынд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны театры артисттæ. Уый та нысан кæны не ’хсæн бастдзинад кæй дарддæр кæны, уый. Уæ театры бæстыхай у, нырыккон домæнтæн чи дзуапп кæны, ахæм. Кусынæн дзы ис æппæт уавæртæ дæр. Куыд театралон архайæг, афтæ мын уый тынг æхсызгон у», — загъта Эдуард.

Уый ма цыбыртæй æрдзырдта, цалдæр боны хуссарирыстойнаг театрдзаутæн цы спектакльтæ æвдисынц, уыдон кæй сты нысаниуæгджын, афтæ ма уырыссаг артисттæн сценæмæкæсджытæ куыд аргъ кæнынц, уыдæттæ. «Фыццаг бонты кæй равдыстам, уый у нæ бæстæйы уарзон спектакльтæй сæ иу æмæ хуыйны „История одного похищения“. Не ’мбæстæгтæн сæ зæрдæмæ тынг кæй цæуы, уымæ гæсгæ йæ сфæнд кодтам Цхинвалмæ дæр æрхæссын. Знон изæрæй та равдыстам хистæр кары фæсивæдæн шведаг фыссæг Керен Климовскийы уацмысмæ гæсгæ æвæрд спектакль „Лучшее, что было в моей жизни“. Абон та равдыстам дыууæ спектаклы.

Уыдонæй сæ иу у сывæллæтты фыссæг Корней Чуковскийы уацмысмæ гæсгæ æвæрд спектакль, кæцыйы æвæрæг-режиссер у нæ театры сæйраг режиссер Марина Корнева, æмæ хуыйны „Солнце. Муха. Крокодил“. Дыккаг спектакль та хуыйны „Как Лопшо человеком стал“. Ацы спектакль у легендарон, уымæн æмæ райста бирæ хорзæхтæ æхсæндунеон фестивальты. Хуссарирыстойнаг театрдзаутæй стæм тынг райгонд, уымæн æмæ сæ артисттæ тынг хорз æнкъарынц. Куыд сывæллæттæ, афтæ хистæр кары сценæмæкæсджытæ дæр сты позитивон, эмоционалон æмæ æргом.

Нæ спектакльтæй цалдæр æвдыст цæуынц æнæтрадицион форматы, гиперкамерон форматы, ома, сценæйыл театрдзаутæ дæр куы вæййынц æмæ дзы артисттæ дæр куы фæхъазынц. Нæ театр реконструкцийы ис æмæ архайæм къаннæг къуымы. Уымæ гæсгæ ацы дыууæ спектаклы дæр бацæттæ кодтам ахæм форматы», — бамбарын кодта Терехов Эдуард.

Брифингы ма уазæг банысан кодта ирон театримæ иумæ кæй хъуыды кæнынц сæ дарддæры фæндтæ æмæ пълæнттыл æмæ, зæгъгæ, æнæмæнг реализацигонд æрцæудзысты. Журналистты ма цымыдис кодта ахæм фарст, зæгъгæ, кæд æндæр адæмты аргъæуттæм гæсгæ сывæллæттæн спектакльтæ æвæрынц, уæд ныр ирон адæмон аргъæутты тыххæй цы хъуыды кæнынц.

Терехов йæ дзуаппы банысан кодта, зæгъгæ, ацы фарсты фæдыл ныхас кодта Дзудцаты Тамерланимæ цалдæр хатты æмæ сæ фæнды ис, цæмæй театры коллекци баххæст уа ирон фольклорæй дæр, ирон аргъауы бындурыл сæвæрой спектакль. Ацы хъуыддаг нын кæд бантыса, уæд уый уыдзæн нæ иумиаг реализацигонд проекттæй сæ иу«, — зæгъы уый.

Дзудцаты Тамерлан дæр йæ раныхасы банысан кодта сæ коллегæты æрцыд кæй у нысаниуæгджын. «Ацы æртæ боны мах цы диссаджы спектакльтæ федтам, уыдон уый аргъ сты, цæмæй нæм гастролон балцы æрцыдаиккой. Нæ сывæллæттæ спектакльтæм кæсгæйæ, вæййынц эмоционалон æмæ сæ, æвæццæгæн, бахъуыды кæндзысты цæрæнбонтæм. Махæн иууыл зынаргъдæр сты нæ сывæллæттæ æмæ сæ хъомыл кæнын хъæуы ахæм аивады руаджы. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах хъуыды кæнæм нæ иумиаг проекттыл дæр. Афтæ хъуыды кæнын, æмæ сæ театр куы байгом уа, уæд нæ фæндтыл дæр бакусдзыстæм æмæ нын афтæмæй уыдзæн бастдзинад», — банысан кодта Дзудцаты Тамерлан.

«Нæ куысты фæдыздæхт ма у, цæмæй нæ театр уа æппæт бинонтæн дæр. Иууыл хæрзиуæгджындæр сценæмæкæсджытæ сты сывæллæттæ сæ ныййарджытимæ куы æрбацæуынц театрмæ æмæ бинонты æхсæн куы сæвзæры хъарм ахастытæ.

«Æз афтæ зæгъдзынæн, æмæ театр кæй у бинонтæ иугæнæг фæрæз дæр, уымæн æмæ абон гаджетты аххосагæй бинонтæ кæрæдзийæ адард сты. Уымæ гæсгæ хъæуы раздахын раздæры хорз традицитæ», — загъта Терехов.

Дзудцаты Тамерлан та фехъусын кодта, зæгъгæ, хъуамæ алы аз дæр сывæллæттæн æвæрæм ног аргъау.

«Ахуырад æмæ зонады министр Джиоты Арянæ бахæс кодта, цæмæй скъолайы кары агъоммæйы сывæллæттæн, æнæмæнг, сæвæрон спектакль. Нæ Культурæйы министр Зæгъойты Рада та æнхъæлмæ кæсы, цæмæй декабры æмбистæм ирон аргъауы спектакль æвæрд æрцæуа æмæ дзы нæ чысыл театрдзауты зæрдæтæ барухс кæнæм», — зæгъы Тамерлан.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.