Ногазон бæрæгбон нымад цæуы бинонты бæрæгбоныл æмæ, цæмæй бинонтæ сæ ног азыл дзаджджын фынджы уæлхъус хъæлдзæгæй сæмбæлой, уый тыххæй сæхи бацæттæ кæнынц развæлгъау. Ногазон, парахат фынг сæвæрынæй дарддæр бинонты бахъæуы лæвæрттæ балхæнын, сæ къуымтæ æмæ хæдзæртты рæсугъд сфæлындзын, рæсугъдвæлыст назбæлас сывæрын, уæлдайдæр та сывæллæттæ кæмæн ис, уыдон алкæй дæр фæфæнды ног хъазæнтæ балхæнын æмæ ногдзинад æрбахæссын сæ фæрныг хæдзæрттæм. Ныры дуджы дæм æхца уæд, уый йедтæмæ, куыд фæзæгъынц, хæйрæджы цæстытæ дæр ссардзынæ. Азæй азмæ хъæздыгдæр кæнынц дуканиты тæрхджытæ ногазон хъазæнтæй дæр. Адæймаг цынæхуызон пластмассæй назбæлæстæ фены уæййаг. Ныр дæр та нæ горæты Харебаты Исахъы уынджы базары территорийыл ног азы агъоммæ цы армукъа райтынг, уый у тынг цымыдисон. Цы ногазон уæййæгтæ дзы ис, уыдон хуры рухсмæ цæхæртæ калынц æмæ адæймаджы цæст сæхимæ ‘лвасынц. Æрвылаз дæр ахæм армукъаты вæййы, цъæх чи адарынц, уыцы ногазон символ – назбæлæстæ, фæлмæн хъазæнтæ, сувениртæ, гирляндæтæ, тигры нывимæ маскæтæ, рæсугъд, декорæн кæй сæвæрынц, ахæм алыхуызон цырæгътæ. Ныртæккæ тынг популярон сты æрмдæсныты къухтæй арæзт хъæдæрмæгæй конд æрмæджытæ, кæцытæ ахуырст вæййынц хуызджын ахорæнтæй æмæ сæ пайда кæнæн ис бирæ азты дæргъы.

Ацы аз, назбæласыл кæй æрцауындзæм, уыцы ногазон хъазæнты хсæн арæх сты сау хъазæнтæ. Алы аз дæр дизайнертæ бакусынц æмæ цавæрдæр хуыз рахæссынц æмæ модæйы рацæуы. Уæрæсейы дæр тынг арæх райдыдтой сау хуыз хъазæнтимæ хæццæйæ фæлындзын сæ назбæлæсты æмæ фидаугæ дæр кæнынц. Ныр уыцы модæ æрхæццæ махмæ дæр æмæ нын армукъайы уæйгæнджытæ куыд радзырдтой, уымæ гæсгæ æлхæнджытæ арæх равзарынц цы алыхуызон сау хъазæнтæ сæм ис уæййаг, уыдонæй. «Æлхæнджытæ сæ цæст куы ахæссынц, уæд фæстагмæ равзарынц сау хъазæнтæ. Раст зæгъгæйæ, мæхи зæрдæмæ дæр тынг цæуынц, æвæццæгæн ногдзинад кæй хæссынц æмæ æнахуыр кæй сты, уымæ гæсгæ. Мах сæ кæцæй раластам, уым дæр сæ тынг фæрсынц æмæ æлхæнынц», – зæгъы уæйгæнæг сылгоймаг.

Армукъайы уæйгæнджытæ ма нын куыд радзырдтой, уымæ гæсгæ ивгъуыд азимæ абаргæйæ ацы аз бæрæг фæзынаргъдæр сты æппæт ногазон алыгъуызон хъазæнтæ. Армукъайы лыстæг хъазæн балхæнæн ис 50 сомæй. Астæуккаг æмæ стырдæр чи сты, уыцы хъазæнтæ та сты сæдæ сомæй уæлæмæ. Ис дзы 300, 500 сомæй дæр æмæ афтæ дарддæр. Гирляндæты æргътæ та сты 250 сомæй уæлæмæ. Пластмассæй назбæлæстæ дæр фæзынаргъ сты, иууыл къаннæгдæр балхæндзынæ цыппар мин сомæй, уыдонæн дæр сæ æргътæ сты сæ фæтæн æмæ бæрзæндмæ гæсгæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ армукъайы сæйраг уæййаг у æрлæугæ азы символ – Тигр æмæ уымæ гæсгæ парахат сты алы цатыры дæр. Къæлиндартæ æмæ хъазæнтæ конд сты ацы тыхджын сырды нывтæй хъæлдзæг арфæтимæ.

Армукъа байгом 15 декабры æмæ йæ куыст кæндзæнис суанг 31-æм декабры онг. Уый гом æрцæуы нæ горæты администрацийы хъæппæрисæй, цы ран хайад райсынц хицæн амалиуæггæн-джытæ. Уыдон руаджы нæ республикæйы æмбæстæгтæн æнцонвадатдæр вæййы алыгъуызон ногазон хъазæнтæ самал кæнынæн. Ныридæгæн се лхæнджытæ сты активон фаронимæ абаргæйæ. Ног аз куыд æввахс кæны, афтæ бæркадджындæр кæнынц уæйгæнæн бынæттæ, дуканитæ, фæфылдæр вæййы бынæттон уæйгæнджыты нымæц, хъæутæй æрласынц æппæт дæр: дзидза, цыхт, дыргътæ, халсæрттæ, цæхджынтæ, æмæ не ‘мбæстæгтæй йæ къух кæмæн куыд фæамоны, афтæ сæхи бацæттæ кæнынц Ног азы бæрæгбонмæ.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.