Республикæ Хуссар Ирыстоны ахуырдзау сывæллæттæ æмæ сæ ныййарджытæн – æхсызгон хабар. Организацигонд æрцыдысты æнæаргъæй сæрдыгон улæфæн лагерьтæ. Уыдонæй ныридæгæн дыууæ байгом ис Цхинвал æмæ Дзауы районы скъола-интернатты базæтыл. Дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ  65 сывæллоны райстой Дзауы районы лагерь «Фарн»-мæ, æмæ ныртæккæ сæ сæрдыгон рæстæг зæрдæйы дзæбæхæн æрвитынц сатæг уæлдæфы.

Къуырисæры, 8-æм июлы, Дзауы скъола-интернаты территорийыл хистæр кълæсты сывæллæттæн байгом æмæ йæ куыст райдыдта сæрдыгон улæфæн лагерь «Фарн». Уыцы сæрдыгон райсом скъола-дзау фæсивæды Театралон фæзуатæй хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ сæ улæфæн лагерьмæ афæндараст кодтой сæ ныййарджытæ. Скъолайы ахуыры фæстæ рæзгæ фæсивæдæн сæ иууыл зæрдиагдæр бæллицтæй сæрдыгон улæфты рæстæджы хъæлдзæг рæстæг æрвитын у. Уымæн æмæ уыдон æнæрхъæцæй, стыр цинимæ фенхъæлмæ кæсынц сæрдмæ. Сæ нанатæ æмæ дадатæ дæрддзæф кæмæн фæцæрынц, уыцы сывæллæттæн та хъæутæм ацæуын æмæ сатæг уæлдæфы парахатæй баулæфын вæййы се стыр бæллиц, кæцыйæн аргъ дæр нæй. Уый хынцгæйæ, нæ республикæйы къухдариуæгад æппæт дæр саразы, цæмæй сывæллæттæн организацигонд æрцæуой улæфæн бынæттæ. Ныр дæр та, æндæр азтау, лагерты организатор у нæ республи-кæйы Ахуырад æмæ зонады министрад, кæцы æппæт уавæртæ дæр сарæзта рæзгæ фæлтæры баулæфыны хъуыддагæн.

Сæрдыгон лагерь «Фарн»-ы сывæллæттæ куыд улæфдзысты æмæ сæ куысты программæйы цы ис, æппæт уыдоны тыххæй нын радзырдта йæ организатор-хъомылгæнæг Бибылты Мальвинæ.

«Мах къуырисæры 65 сывæллоны æрбакодтам Дзауы скъола-интернаты сæрдыгон лагермæ дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ. Лагерь у спортивон-æнæнизгæнæн, кæцыйы баулæфдзысты дыууæ фæлтæры скъоладзау фæсивæдæй. Алы фæлтæры дæр уыдзæнис 65 сывæллоны бæрц. Ныртæккæ дæр нæм улæфы уыйбæрц сывæллоны æмæ дихгонд æрцыдысты цыппар къордыл. Уыдонимæ кусынц хъо-мылгæнджытæ æмæ раздзогтæ. Лагеры сывæллæттæм йæ хъус дары медицинон кусæг дæр. Æнæуый та мах, цалынмæ сывæллæтты лагерьмæ нæ райстам, уæдмæ ныййарджытæн радтам хъæуæг информаци лагеры куыст æмæ уавæрты тыххæй. Ис нын нæхи сæрмагонд программæ, у цымыдисон. Сывæллæттæн æнкъард кæныны рæстæг нæ уыдзæнис. Махæн нæ лагерь спортивон-æнæнизгæнæн кæй у, уымæ гæсгæ нæ программæйы фылдæр ис алыгъуызон спортивон хъæзтытæ. Уый тыххæй та нын ис æппæт уавæртæ дæр. Скъолайы территорийы уæвынад кæнынц футболон æмæ волейбол-баскетболон фæзуæттæ, кæцытæ сты ногарæзт æмæ уымæй дæр зæрдæ райы. Ныртæккæ уал сывæллæттæ зонгæ кæнынц кæрæдзиимæ, афтæ ма сæ зонгæ кæнæм программæимæ æмæ уый фæстæ официалонæй нæ лагерь байгом кæндзыстæм. Сывæллæттæн дæр сæ зæрдæмæ тынг цæуы ацы ран. Дзауы районы уæлдæф у рогдæр æмæ сатæгдæр æмæ ма амæй хуыздæр лæг кæм хъуамæ арвита йæ сæрдыгон улæфты рæстæг. Программæмæ гæсгæ нæ сывæллæтты кæндзыстæм æрдзы хъæбысмæ, Леуахийы былмæ, афтæ ма хъæутæм дæр, цæмæй горæттаг сывæллæттæ феной хъæууон цард, фосмæ куыд зилынц, цыхт куыд ахсынц æмæ афтæ дарддæр. Ахæм фарстытæ скъуыддзаг цæудзысты районы къухдариуæгадимæ дæр. Сывæллæттæн сæ хæрды хъуыддаг дæр у хорз, æрцæттæ сын кæнынц хæрзад хæринæгтæ. Иуныхасæй, райгонд стæм нæ уавæртæ æмæ нæ улæфтæй. Æхсæвæй-бонæй та нæ уæлхъус сты æмæ нын не ‘нцойад хъахъхъæнынц милицийы кусджытæ», – хъæлдзæгæй зæгъы Бибылты чызг.

Дзауы лагеры сывæллæттæм æнхъæлмæ кæсынц интеллектуалон хъæзтытæ, спортивон ерыстæ, конкурстæ, балцытæ æмæ дискотекæтæ. Уыдонæй алкæцыдæр сæ зæрдыл бадардзæнис ацы хъæлдзæг æмæ æнæмæт рæстæг æмæ-иу æй кæддæриддæр хорзæн æрæмысдзысты.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.