Фыды фарн, хъæубæсты кад æмæ намыс йæ миддунейы кæмæн æрбынат кодтой, адæммæ йæ уарзондзинад йæ уды рæбынæй кæмæн цæуы, уыдонæй сæ иу у,  Цыбырты Хазби Алексейы фырт.

Нæ адæммæ кæддæриддæр нымады уыдысты æмæ стыр аргъ кодтой, йæ ныхасы фарн кæмæн уыдис, йе ‘гъдауæй цæвиттойнаг чи уыд, канд кæстæртæн нæ, фæлæ хистæр фæлтæрæн дæр. Ахæмты адæм кæддæриддæр агуырдтой, фарстой сæ зондæй, хуыдтой сæ адæмы иумæйаг фырт, комы аргъ лæг. Ацы миниуджытæй Цыбырты Хазби хайджын кæй у, уымæн æвдисæн сты, йæ царды рæсугъддæр азтæ кусгæйæ кæимæ арвыста, уыдон. Ныртæккæ кæд Хазби кусгæ нал кæны, сæххæст ыл 80 азы, уæддæр кæимæ фæкуыста, уыдонæй арæх фехъусæн ис йæ хæрзæгъдаудзинад, йæ адæймагон миниуджыты тыххæй. – «Уæддæр дзы уый уæзбындзинад, куырыхон зондæн, æмбал нæ уыдис, йемæ кусгæйæ», – зæгъы Цхинвалы районы администрацийы кæимæ куыста, уыцы æмкусджытæй сæ иу Дзанайты Ингæ. Æмæ, канд Ингæ нæ, ахæм ныхæстæ Хазбийы кой куы æрхауы, уæд арæх фе-хъусæн вæййы æндæртæй дæр.

Кæй зæгъын æй хъæуы, хорз сты алыгъуызон хæрзиуджытæ,  уыимæ куысты, хисæрмагонд царды, фæлæ цыфæнды хорзæхæй дæр адæмы хорзæх æмæ уарзондзинад уæлдæр лæууы. Цæмæй уыцы фарнæй, амондæй хайджын уай, уый тыххæй та адæмимæ рæстуд æмæ æгъдауджын цард хъуамæ кæнай. Адæм адæм сты, уыдон тынгдæр зонынц аргъ кæнын адæймаджы миниуджытæн.

Цыбырты Хазбийæн æнæуынон уыдысты, адæймаджы ном чи чъизи кæны, адæмы ‘хсæн ын йæ кад  дæлæмæ чи кæны, ахæм хъуыддæгтæ. Уый бар ын нæ лæвæрдтой йæ фыдæлты фарн, цы бинонты ‘хсæн хъомыл кодта, уыдоны фарн, æмæ адæмы рæгъмæ кæй æхсæнæй рацыд, уыцы хъæубæсты фарн дæр.

Цыбырты Хазби райгуырд Цхинвалы районы Зары хъæуы, фæлæ йæ царды бонтæ уым нæ арвыста, нæ дзы ауагъта уидæгтæ. Æрæфтыд Цхинвалмæ æмæ ам ахуыр кæнынмæ бацыд 2-æм астæуккаг скъоламæ. Ахуырмæ æвзыгъд разынд Хазби, уый æддейæ ма активон хайад иста скъолайы æхсæнадон царды, æнтыстытæ йын уыдис спорты дæр. Йæ тыхтæ фæлвæрдта спорты æндæр æмæ æндæр хуызты, фæлæ йын хуыздæр æнтыстытæ уыд боксæй. Хайад иста Гуырдзыстоны республикон, афтæ æппæтцæдисон ерысты дæр. Уыд фыццаг разрядон.

Цыдысты азтæ, Хазби райста астæуккаг ахуырад. Уый фæстæ бакаст  Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединституты биологион-географион факультет æмæ райдыдта йæ фæллойадон цард. Цыбыр рæстæджы акуыста Цхинвалы районы Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы ахуыры хайы сæргълæууæгæй. Йæ организаторон æвзыгъддзинæдтæ йын æнæфæхатгæ нæ фесты æмæ раконд æрцыдис Хуссар Ирыстоны облæххæсткомы адæмон ахуырады хайады инструкторæй. Уыцы рæстæджы ма куыста изæры скъолайы ахуыргæнæгæй дæр. Цалдæр азы фæстæ та нысан æрцыд Цхинвалы районы адæмон ахуырады хайады сæргълæууæгæй æмæ дзы бакуыста дæргъвæтин рæстæджы. Ацы бынаты кусгæйæ йæ инициативæйæ арæзт æрцыдысты Дменисы, Ксуисы, Куртайы, Арцеу, Дзарцъемы астæуккаг æмæ Квасаталийы райдиан скъолаты бæстыхæйттæ.

1974 азы йæ раивтой адæмон контролы Цхинвалы районы комитеты сæрдарæй æмæ ацы бынаты та фæкуыста 18 азы бæрц. Куыд ахуырады, афтæ адæмон контролы органты кусгæйæ дæр Хазби æдзух куыста йæ дæсныйад хуыздæр кæныныл – йæ квалификаци бæрзонддæр кодта сæрмагонд курсыты, куыд Тбилисы, афтæ Мæскуыйы дæр.

1991 аз. Ирыстоны историйы трагикондæр азтæй сæ иу. Хæсты арт ссыгъдис нæ зæххыл. Знаг сыгъта нæ хъæуты, мардтой сабыр цæрджыты, ластой сын сæ фæллæйттæ. Уыцы уæззау рæстæджы Хазби нысан æрцыд партийы Цхинвалы райкомы фыццаг секретарæй. Фæлæ парти сæфта йæ тых, йæ нысаниуæг царды æмæ уæд кусын райдыдта Цхинвалы райæххæсткомы сæрдары хæдивæгæй, стæй та Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæгæй. 1994 азы та ссис районæн йæ сæргълæууæг. Кæд-иу бынат иннæмæй ивта   уæддæр Хазби йæхæдæг нæ ивта. Кæддæриддæр уыд арæхстджын разамонæг. Ацы бынаты кусгæйæ дæр уый тынг хорз сахуыр кодта йæ районы.  Уымæ гæсгæ хорз зыдта йæ цæрджыты зæрдæйыравг,  сæ хъыгтæ æмæ цинтæ. Фæлæ йæм районы сæргълæууæджы бынат уæззау дуджы кæй æрхауд, уымæ гæсгæ дзы домдæуыд фылдæр бæрндзинады æнкъарынад.

Цхинвалы район конфликты зонæйы кæй уыдис, уымæ гæсгæ йæ цæрджытæ, бавзæрстой хæсты æппæт зындзинæдтæ дæр. Ныппырх сты æхсæнадон хæдзарадтæ, раууатмæ æрцыд хъæууон хæдзарад. Цæмæй лигъдæттæ фæстæмæ сæ уæзгуытæм здæхын райдыдтаиккой, уый тыххæй æмбæлон органтимæ æмæ организацитимæ хъуыд кусын. Æмæ Цыбырты Хазбийы разамындæй, Цхинвалы районæн æнтыст фылдæр, куыд лигъдæтты фарст æрбæстон кæныны, афтæ хъæууон хæдзарады ногæй йæ къахыл слæууын кæныны хъуыддаджы дæр.  Хуымзæххыты, дыргъдæтты ногæй кусын райдыдтой районы хъæууон цæрджытæ. Хæдзарадты нæмыгон культурæты байтыдтыты тыллæгæрзад алы гектарæй дæр схызт 16-18 гектармæ. Хæдзарадты ма цы бæрцыл фос аззад, уыдоны нымæц дæр фылдæрæй-фылдæр кæнын райдыдта. Паддзахадон æмæ хисæрмагонд хæдзарадты æмрæнхъ ма фæзындысты хæдзариуæгады ног формæтæ дæр.

Экономикон фарстыты æмрæнхъ стыр хъусдард здæхт цыдис районы цæрджыты æндæр фарстытæм дæр. Бирæ рæтты ногæй байгом сты скъолатæ, хъæууон амбулаторитæ, библиотекæтæ. Сæ зынгæ хайæн арæзт æрцыдысты ног бæстыхæйттæ. Уыцы рæстæджы район йæхи тыхтæй сарæзта Сатихъары æмæ Хелцуайы скъолаты бæстыхæйттæ.  Афтæмæй районы цæрджыты фæзындис ныфс, æууæндын райдыдтой сæ сомбоныл.

Цхинвалы районæн, иннæ районтимæ абаргæйæ, хуыздæр æнтыстытæ кæй уыдис, уымæ гæсгæ цалдæр хатты хорзæхджын æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ, лæвæрд ын æрцыд æхцайы премитæ дæр. Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ хорзæхджын æрцыд йе ‘нувыд архайды тыххæй Хазби йæхæдæг дæр. Хорзæхтыл дзургæйæ, уый бирæ майдантæ æмæ Кады грамотæтæй хорзæхджын æрцыд. Уыдон ‘хсæн  «Республикæ Хуссар Ирыстоны 10 азы банысан кæныны тыххæй» майдан. Адæмон контролы органты йæ йæ активон куысты тыххæй Гуырдзыстоны ССР адæмон конролы комитет цалдæр хатты схорзæхджын кодта Кады грамотæйæ. Бирæ æндæр ахæм грамотæтæ йын лæвæрд æрцыд æндæр æмæ æндæр æнтыстыты тыххæй дæр. Адæмон ахуырады органты йæ ахадæн куысты тыххæй ма йæ рæстæджы Хазбийæн лæвæрд æрцыдысты «Гуырдзыстоны ССР адæмон ахуырады иттæг хорз кусæджы» æмæ «Гуырдзыстоны ССР сгуыхт ахуыргæнæджы» кадджын нæмттæ. Фæлæ йын дзы уæддæр иууыл зынаргъдæр у йе ‘нтысгæ фæллойадон архайды, рухсады, нацитæ æмæ адæмты культурæтæй кæрæдзийы хъæздыгдæр кæныны къабазы йæ лæггæдты тыххæй йын Уæрæсейы Президент Владимир Путины Указæй цы «Хæлардзинады орден» лæвæрд æрцыд, уый. Уыцы хорзæхтæ æмæ кадджын нæмттæ та дзурæг сты ууыл æмæ Цыбырты Хазби кæмфæнды  ма куыстаид, алы ран дæр уыд йæ хъуыддагзонæг, уыд принципиалон, æмæ æдзух тырныдта цæрджыты царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ.

Адæймаджы цы хæдзары, цы бинонты ‘хсæн схъомыл вæййы, уый фарнæй æнæмæнг хайджын вæййы. Хазби дæр фæрнджын хæдзары райгуырд. Йæ фыд Алекси уæлдæр ахуырад нæ райста, фæлæ йæ рæстæджы нымад лæг уыдис. Кадджынæй фæцард  Зары хъæуы цæрджыты ‘хсæн. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты фæстæ сæхи хъæуы фæкуыста колхозы сæрдарæй æмæ дзы хъæубæстæ уыдысты райгонд. Уымæн æмæ колхоз размæ ацыд стыр къахдзæфтæй – хорз куыст цыдысты йæ зæххытæ æмæ адæм истой фаг мæнæу, нартхор æмæ æндæр хъæууонхæдзарадон продукттæ. Уыцы рæстæджы Цхинвалы районы раззагондæр хæдзарадтæй сæ иу уыдис Зары колхоз. Уый фæстæ Алексийы ракодтой Цхинвалы хойрагисæн куыстуатмæ къухдариуæггæнæгæй, стæй та дзидзайы комбинатмæ директорæй. Фæлæ йын, хъыгагæн, бирæ рацæрын нæ бантыст. Ахицæн а-дунейæ 53 азы йыл куы сæххæст, уæд.

Хазбийы мад Тедион йæ уд хъардта, цæмæй йæ сывæллæттæн радтаид раст хъомылад. Ахуыр сæ кодта адæм уарзыныл, æгъдау дæттыныл.

Йæ хистæр фырт Людвиг райста уæлдæр ахуырад, ссис профессор, академик. Уыд нæ республикæйы фыццаг президент. Бирæ йын бантыст æмæ æнтысты зонады къабазы. Чызджытæ Заирæ æмæ Азæйæн дæр стыр сты сæ лæггæдтæ адæмы раз. Афтæ Алексийы кæстæртæ се ‘ппæт дæр цæстуарзон лæггад кæнынц сæ адæмæн, фидар хæцынц сæ ныййарджыты кадыл, се ‘гъдæуттыл, æмæ афтæ хъомыл кæныныц сæхи кæстæрты дæр.

Афтæ у. Фæрнджын хæдзарæй фæрнджын кæстæртæ рацæуы.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.