РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр Италийы йæ балцы кæрон йæ фæндаг акодта Венетойы областы столицæ Венецийыл, цыран уагъд æрцыд консультативон референдум регионы автономи рауæрæхдæр кæныны фæдыл.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ йæ балцы рæстæджы Медойты Димитрæн фембæлд уыд Венетойы закъондæттынадон органы депутат, доктор Лучано Сандонаимæ, кæцы бæрнджын уыд регионы хицауадæй референдум ауадзыны фæдыл. Хуссар Ирыстоны æддагполитикон ведомствойы сæргълæууæг ма бынаты базонгæ хъæлæс дæттыны процессимæ дæр.

Уымæй дарддæр ма, уыцы бон уагъд æрцыдысты Медойты Димитр æмæ Венетойы регионалон советы (Парламент) сæргълæууæг Роберто Чамбеттиимæ баныхæстæ. Ныхасы рæстæджы кæрæ-дзийæн сæ хъуыдытæ загътой бирæ фарстыты фæдыл, сæрмагондæй, уыдон хаудтой сæрибарæй сæ фæндон раргом кæныны бартæ сæххæст кæнынмæ. Роберто Чамбетти хуссарирыстойнаг дипломатæн радзырдта Венетойы плейбисцит (бæстæйы территорийы хицауиуæгады тыххæй документ) бацæттæ кæныны куыст бакæнын. Йæ рады, Медойты Димитр хъусдард аздæхта Хуссар Ирыстоны референдумтæ ауадзыны историон аспекттæм, кæцытæ фадат радтой республикæйы паддзахаддзинад саразыны ахсджиаг фарстытæ аскъуыддзаг кæнынæн. Банысан ма чындæуыд æмбæстæгты бартæ æмæ сæрибардзинад сифтонг кæнынимæ баст процесстæ æрмæстдæр сабыр æгъдауæй ауадзыны ахсджиагдзинад.

«Æз Италимæ æрцыдтæн Венетойы областы уагъдцæуæг ахсджиаг цауы рæстæджы. Махæн, Хуссар Ирыстоны минæвæрттæн, тынг цымыдисон у, ам автономийы тыххæй регионалон референдумы хъæлæсæппæрст куыд цæуы, æвзарджыты бартæ, æмбæстæгты сæрибар фæндондзинадæн уавæртæ куыд ифтонг цæуынц, уыдæттæ», – банысан кодта Медойты Димитр РИА Новостийæн йæ интервьюйы.

РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр банысан кодта, зæгъгæ, фæстаг 25 азы Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыдысты фондз референдумы, уыдонæй фæстаг уагъд æрцыд ацы аз 9-æм апрелы. «Мах хорз зонæм, цæрджыты фидæны референдумтæн цахæм нысаниуæг ис, уый. Мах лæмбынæг нæ хъус дардзыстæм, Венетойы ацы процесс куыд организаци æрцыд, уымæ, махæн уый ахсджиаг у», – загъта Медойты Димитр.

22-æм октябры, хуыцаубоны уагъд æрцæугæ регионалон референдумы рæстæджы Венетойы хъæлæс дæттыны цæрджытæй хайад чи райста, уыдоны 98% схъæлæс кодтой сæ регионы автономийы тыххæй. Æвзарæн къамисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, референдумы хайад райстой цæрджыты 57% фылдæр.

Италийы конституцимæ гæсгæ, бæстæйы къорд областы, уыцы нымæцы Сицили æмæ Сардинийæн дæр ис сæрмагонд автономи. Ахæм статусмæ хъавынц Венето æмæ Ломбардия дæр, цыран уагъд æрцыд автономийы тыххæй референдум.

Референдумтæ ауадзын ссис серьезон æнтыст парти «Лига Севера»-йæн. Ацы партийы къухдариуæгадимæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ ауагътой къорд фембæлды уый размæ азты дæр. Сæрмагондæй, 2015 азы октябры Бибылты Анатоли, Хуссар Ирыстоны Парламенты спикер уæвгæйæ, Италимæ йæ балцы рæстæджы, ауагъта бадзырдтæ «Лига Севера»-йы лидер Маттео Сальвиниимæ æмæ æруынаффæ кодтой  дарддæры æмгуыстады фарстытыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.