Цæмæй дæ рæзгæ фæлтæр уарзой æмæ аргъуц кæной, уый тыххæй хъæуы хъомылады фæдыл дæсныйад, раст зæгъгæйæ – курдиат. Уый  кæмæ вæййы, уыдон сæ царды хи хъæбулау бауарзынц сæ хъомылгæнинæгты æмæ йын уыдон дæр йæ уарзтæн дзуапп дæт-тынц уарзтæй. Ахуыргæнæджы аудындзинад никуы рох кæны йæ хъомылгæнинæгты царды, сæ зæрдæты баззайы зæрыбонтæм хуыздæрæн æмæ, уый хатгæйæ, амонæг баззайы зæрыбонтæм хуыздæрæн æмæ  никуы вæййы къæмдзæстыг сæ разы æмæ цахæмдæр сæрыстырдзинадæй фæрайы йæ зæрдæ. Йæ æвæллайгæ куыстæй бузныгæй баззайы, уыцы рæзгæтæ хи хъæбултау свæййынц. Царды дæхи цард аразынæй дарддæр ма æндæрты цард срæсугъд кæныныл куы тыхсай, сæ размæцыды фæрæзтæ куы аразай, уæд уый адæймаджы рæсугъддзинад æвдисæг у.

Ахæм æвæрццаг миниуджытæй æххæст у, амæйразмæ нæуæдз азы кæуыл сæххæст, цыппор азæй фылдæр рæзгæ фæлтæримæ ахуырхъомыладон куыст чи фæкодта, йæ æнæзæрдæхудт куысты тыххæй арфæтæ æмæ грамотæтæ чи фæиста, уыцы Дзабиты Васили Савелийы фырт. Йæ фыд  уыд рæстылдзу, куыста Рустауы колхозы сæрдарæй, уыдис колхозонтыл аудæг, иумиаг хъуыддагыл тыхсæг.

Дзабиты Вася гуыргæ Рустауы хъæуы ракодта, сæ мад æмæ фыдæн уыдысты цыппар хъæбулы. Йæ сабион бонтæ йе ‘мцахъхъæнтау ницы бæллиццаг уыдысты. Ногæй сырæзгæ колхоз нырма мæгуыр уыд, йæ ныййарджытæ дзы кæд активонæй куыстой, уæддæр. Сæ сабитæ æййæфтой бæгънæг æмæ æххормагдзинад. Фæлæ уæддæр абонæй сом хуыздæр æнхъæлцау хъæууон цæрæг адæм сæхиуыл нæ ауæрстой, разæнгардæй куыстой колхозон быдырты, фæллой кодтой иумиаг къæбицæн æмæ афтæмæй дардтой сæ бинонты. Хорз уыд æмæ хъæубæстæ кæй цардысты æмцæдисæй, кæрæдзийæн æххуыс кодтой, иу иннæйы рис æмбæрста, æвадатдæр чи уыд, уый фарсмæ-иу балæууыдысты æмæ афтæмæй, кæрæдзи æмбаргæйæ, кодтой сæ царды хабæрттæ. Цард азæй-аз хуыздæр бæргæ кодта, фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн, уый та  иннæрдæм сарæзта хъуыддæгтæ. 1941 азы фашистон Герман æнæнхъæлæджы æрбабырста не стыр райгуырæн бæстæмæ. Ирыстоны лæгдых, æрыгон фæсивæд æппæт Советон Цæдисы адæмтау фæраст сты цыфыддæр знаджы ныхмæ тохмæ сæ райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Фæстæ нæ фæлæууыдысты Рустауы хъæуы фæсивæд дæр, лæгæвзæрстæй цыдысты хæсты быдырмæ, сæ фылдæрæй здæхгæ дæр нал æркодтой сæ уарзон уæзæгмæ. Хъæу хастау фæци сæ ацыды фæстæ, хъæдæй суг ласын, хуым кæнын, цæвæгæй кæрдын, ссивын æмæ цъеритæ амайын, тауын, рувын æмæ бирæ æндæр куыстытæ баззадысты зæрдæты, сылгоймæгты æмæ æнахъомты æвджид. Хæсты æбуалгъ æмæ уæззаудзинады хай баисты фæсчъылдымы уæвæг цæрджытæ дæр сæ хæстонтау. Рæзгæ æвзонг удгоймæгты хъазынæй чи бафсаддзæн, фæлæ уыдон уыцы рæстæджы уымæй æнæхай фесты, нæ сæ æвдæлд алы æмæ алы куыстæй. Дзабийы фырт æмæ уый цахъхъæн æнахъомты бар-æнæбары бахъуыд хъæубæстæй Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ ацæуджыты баивын. Уыцы рæстæджы Рустауы скъолайы директорæй куыста ахуырады зынгæ кусæг Харебаты Димитр. Ахуырдзаутæй арæзт æрцыд дыууæ бригадæ, хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ – лæппутæ, карстой хуымтæ, амадтой цъеритæ, цыдысты хъæдмæ галтыл цъерихъилтæ ифтонг кæнынмæ, чызджыты хæс уыд ссивын. Уыдис дзы ахæм хъæддых чызджытæ, кæцытæ амадтой цъеритæ дæр. Васяимæ уæхски-уæхск куыстой йе ‘мцахъхъæнтæ Тыбылты Георги  æмæ Але, Харебаты Сократ, Тасойты Шурæ, Харебаты Цуцукк, Тыджыты Герисо, Коцты Энгрес, Коцты Давид, Тыджыты Вася æмæ бирæ æндæртæ. Вася, ахуырмæ бæллæг лæппу, рæвдз кæцæй уыд ахуыргæнæн чингуытæ æмæ тетрæдтæй, стæй йæ нæ амыдтой йæ фадæттæ дæр, фæтæгены рухс дæр-иу арæх кæм уыдаид хæдзары æмæ-иу æй уæд бахъуыд йæ уроктæ ахуыр кæнын пецы судзгæ сугты рухсмæ. Хæсты рæстæджы Вася йе ‘мкарæнтимæ кодта агитацион куыст дæр, зылдысты-иу хæдзæрттыл, уагътой æмбырдтæ æмæ цæр-джытæн хъусын кодтой хæстон хабæрттæ «Совинформбюройы хъусинæгтæм» гæсгæ. Нæ дзы рох кæны абон дæр йæ мад Агъати-иу æхсæвы кæй быдта цъындатæ, фæсмын майкæтæ æмæ æрмкъухтæ, зæнгæйттæ, уымæн æмæ бонæй куыстытæй никæйы æвдæлд. Ацы дзаумæттæ æрвыст цыдысты хæстон-тæн. Адæм уыдысты иу хъуыддагыл хæст: «Æппæт дæр – фронтæн, æппæт дæр – Уæлахизæн», зæгъгæ, æмæ Рустауы хъæуы цæр-джытæ дæр цæстуарзонæй æххæст кодтой уыцы сидт.

Уæдмæ хæст дæр фæци, адæм кæрæдзийæн арфæтæ кодтой, советон гарзджын тыхтæ уæлахиз æрхастой нæ адæмæн, Европæйы бæстæтæн. Вася æмæ йе ‘мкъласон лæппутæ фесты астæуккаг ахуыр, бирæтæм дзы æрсидтысты æфсадмæ. Вася дæр дзы цæсгомджынæй æртæ азы баслужбæ кодта. Йæ ныййарджытæ йе ‘фсæддон разамонджы-тæй истой арфæйы фыстæджытæ йæ хорз службæйы тыххæй. Æфсадæй æрыздæхгæ-йæ, 1956 азы бацыд Хуссар Ирыстоны пединститутмæ æмæ йæ фæци æнтыстджынæй. 1956 азæй фæстæмæ цыппор азы бæрц фæкуыста Зары астæуккаг скъолайы ахуыргæнæгæй. Хорзæй æрымысы хæсты фæсчъылдымы ветерантæ Козаты Михаилы, кæцы дæргъвæтин рæстæджы фæкуыста директорæй, стæй ахуыргæнджытæ Бестауты Верæ, Цхуырбаты Жорæ, йæ цардæмбал Харебаты Ольгæ, Хъæцмæзты Георги, Цхуырбаты Оля æмæ йæ хо Софья, Гæззаты Сократ, Зæгъойты Зауыр æмæ бирæ æндæртæ. Скъолайы йæ хорз куысты тыххæй йын лæвæрд æрцыд цалдæр грамотæйы æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ дæр. Коллективы ‘хсæн ын уыд æмбæлон кад æмæ скъоладзаутæн та уыд сæ уарзондæр ахуыргæнæг. Абон дæр ыл уыдонæй исчи куы æмбæлы, уæд фæтырнынц исты хорзы йын бацæуын æмæ уый æнкъаргæйæ, хæсты ветеранæн вæййы æхсызгон æмæ бабуц вæййы йæхицæй, æгайтма  мын сæ цæсты ахæм аргъ ис, зæгъгæ.

Вася институт каст куы фæци, уæд бинонты кой бакодта, Тедеты уæздан æмæ æгъдауджын чызг Минæтимæ сæ цард баиу кодтой, фæзынд сын чызг æмæ лæппу æмæ дарддæр царды фæндтæ кодтой. Фæлæ хъысмæтæн цы загъдæуа, йæ лæппу Боря йæ ус курыны кармæ куы бахæццæ, уæд йæ фыд  чындзæхсæвмæ йæхи цæттæ кодта бæргæ, фæлæ ар-вы цæфау фæци – æнæнхъæлæджы лæппу фæзиан, уымæй размæ та йæ цардæмбал ацыд ацы дунейæ, фæстæдæр та Васяйы кæсдæр æфсымæр Аслан. Гъе, фæлæ та йæ Хуыцау ууыл дæр нæ ныууагъта, йæ хо Раисæ ахауд, йæ син асаст æмæ аст азæй фылдæр йæ уат нал систа, йæ амæлæты онг æм йæ фæлмæст æфсымæр каст, сывæллонмæ кæсæгау æм уатмæ зылд.

– Мæ мадызæнæг йæ уавæрæй тынгдæр тыхст йæхæдæг, афтæмæй ма мын еныр дæр сæрæгас куы уаид, – фæзæгъы Вася. Уый та зæгъдзæн уарзæгой адæймаг, адæймаджы уавæр йæ зæрдæмæ арф чи хæссы.

Азтæ йыл кæд сæ уæз æруагътой, уæддæр нырма у цардхъом, йæ чызг Валяйы хъæбултæ æмæ уыдон, хъæбулты хорздзинадмæ кæсгæйæ, райы йæ цардæфхæрд зæрдæ, райы уымæн, æмæ йæм йæ чызг æмæ уый хъæбултæ кæсынц уарзæгой цæстæй, аргъ ын кæнынц куыд зондамонæг æмæ царды фæлтæрдджын адæймаг. Æмæ куыд нæ, уый у удыхъæд æмæ æгъдауæй æцæг ирон лæг. Канд йæ хиуæттæн нæ, фæлæ ма хъæубæсты æмæ сыхы фæсивæдæн – зондамонæг, цайдагъ сæ кæны ирон рæсугъд æгъдæуттыл, цæмæй зоной æмæ æххæст кæной, фыдæлтæй нын цы хорз æгъдау æмæ фæтк баззад, уыдон. Зианы хъуыддаджы арæх рацæуы æмæ фæкæны зæрдæмæхъарæг ныхас. Уый æдтейæ ма зианы æмæ чындзæхсæвты кувæг уæвгæйæ, фынгæн скæны æмбæлон æгъдау.

Æрæввахс кæны Стыр Фыдыбæстæйон хæсты 75-æм азы Уæлахизы бон æмæ куыд амæй размæ азты, афтæ ма Дзабийы фырт арфæйы фыстæг райсдзæн Уæрæсейы Президент Путинæй æмæ йын мах дæр уыцы арфæтимæ зæгъæм бузныг, куыд хæсты ветеран, кæцы йæ хайбавæрд бахаста уыцы Стыр Уæлахизы хъуыддагмæ.

КОЗАТЫ Павел

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.