14-æм августы информацион агентад «Спутник Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры нæ республикæйы Фæсивæды политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентинæйæн уыд пресс-конференци бынæттон журналисттимæ. Уый, фыццаджыдæр, æрдзырдта сæрдыгон фæсивæдон этнолагерь æмæ «Этнолагерь-2019. Алайнаг фæд»-ы куысты тыххæй.

Гатыгкоты чызг нын куыд радзырдта, афтæмæй æрæджы Цæгат Ирыстоны уагъд цыдис æрвылазон культурон-ахуырадон проект «Этнолагерь-2019. Алайнаг фæд», цыран фараст бæстæйы минæвæрттæ зонгæ кодтой сæ рагфыдæлтæ – Аланты культурæимæ æмæ æвзагимæ, куыд Цæгат Ирыстоны, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр. Мадзалы архайдтой Ирланди, Турк, Сири, Германи, Азербайджан, Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы цæрæг ирæттæ. Этнолагеры архайджытæн бацæттæ кодтой цымыдисон экскурситæ музейтæм æмæ республикæйы рæсугъддæр бынæттæм. «Этнолагеры цы ирæттæ архайдтой, уыдонæн тынг æхсызгон уыдис, Хуссар Ирыстоны дæр кæй федтой æмæ сæ проекты программæ ам, махмæ, кæй адарддæр кодтой, уый. Уыдон стыр цины æнкъарæнтимæ дзырдтой, фидæнмæ дæр кæй æрцæудзысты Хуссар Ирыстонмæ æмæ дарддæр кæй зонгæ кæндзысты, сæ зæрдæйæн æввахс чи сты, Ирыстоны уыцы фенддаг бынæттимæ æмæ ирон адæмы культурæ, истори æмæ традицитимæ. Ацы аз этнолагеры архайджытæ Хуссар Ирыстоны уазджытæ уыдысты æрмæстдæр æртæ боны. Се ‘рцыдмæ нæ комитет бацæттæ кодта сæрмагонд программæ. Мах сæ экскурсийы акодтам æмæ сын фенын кодтам Знауыры районы цыртдзæвæнтæ æмæ фенддагдæр бынæттæ. Уымæй дарддæр ма уыдон 7 августæй 9-æм августмæ хайад райстой Цхинвалы уагъдцæуæг фыдохы мадзæлтты дæр. Фæсарæнтæй æрцæугæ ирæтты тынг фæндыдис ацы уæззау бонты нæ фарсмæ æрбалæууын æмæ нын нæ адæмы рыст банкъарын, кæцыйы мах æнкъарæм иуæндæс азы дæргъы», – банысан кодта Гатыгкоты чызг.

Этнолагеры сæйраг нысан у, Ирыстонæй иппæрд ирæтты æргом ирон адæмы истори аздахын, культурæ æмæ традицитæм. Уый ахъаз кæны фæсивæды удварнон-хæрзæгъдауон хъомыладæн дæр.

«Этнолагеры цы фæсивæд уыд, уыдонæй кæд бирæтæ ирон æвзагыл нæ дзырдтой, уæддæр се ‘хсæн  разынд  ахæмтæ,  кæдон  дзырдтой дыгурон диалектыл. Уыдон уыдысты дыууæ æфсымæры Казахстанæй. Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, ныр фондз азы дæргъы Цæгат Ирыстон-Аланийы Националон фарстыты фæдыл министрад фæсарæнты цæрæг ирæтты æрбангом кæны ацы этнолагеры проекты руаджы, кæцыйæн ис тынг хорз фæстиуджытæ.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.