23 майы Цхинвалы бирæпрофилон колледжы уыд бæрæгбонон мадзал. 105 студентæн айзæлыд фæстаг дзæнгæрæг. Традицион мадзал уагъд æрцыд актон залы, уырдæм æрбамбырд сты колледжы ахуыргæнджытæ, студенттæ, рауагъдонты ныййарджытæ.

Рауагъдонтæн, раарфæ кодта колледжы директоры хæстæ æххæстгæнæг Тыбылты Джульеттæ.

«Арфæ уын кæнын уæ царды ног фæндагыл лæуд кæй стут, уый тыххæй. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад æмæ уæ рауагъдон куыстытæ æнтысджынæй цы бахъахъхъæнат, уый. Мæ зæрдæ уын зæгъы, ам иу азы дæргъы цы зонындзинæдтæ райстат, уыдон уын царды цы феххуыс уой, уый»,- загъта Тыбылты Джульеттæ.

– Абон махмæ ис 9 хайады 105 рауагъдоны. Уыдонæй 8 хайады сты райдиан профессионалон ахуырады æмæ иу та астæуккаг профессионалон ахуырады хайад. 90 рауагъдоны бæрц рацæудзысты хатдзæгон аттестаци æмæ райсдзысты æмбæлон документтæ квалификацийы тыххæй,- загъта колледжы директоры хæстæ æххæстгæнæг.

Уый ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй паддзахадон хатдзæгон аттестаци уагъд æрцæудзæн 20-30 июнмæ.

«30 июны мах хатдзæгтæ сараздзыстæм РХИ-йы Ахуырады æмæ профилон министрадтимæ. Аттестацион куыстытæ бахъахъхъæныны процессы хайад райсдзысты Арæзтады министрады минæвæрттæ.  Ацы министрад, гæнæн ис æмæ студентты сифтонг кæна кусæн бынæттæй дæр»,- банысан кодта Тыбылты Джульеттæ.

Мадзалы рæстæджы рауагъдонтæ дæр бузныджы ныхæстæ дзырдтой сæ ахуыргæнджытæн æмæ колледжы кусджытæн.

«Хæринагаразæг-кондитер»-ы хайады раздæры рауагъдон, ныртæккæ йæ дæсныйады специалист Дыгъуызты Дзерассæ рауагъдонты номæй ахуыргæнджытæн загъта бузныджы ныхæстæ.

«Бузныг уын уæ быхсындзинад, профессионализмы тыххæй. Сымах æнæвгъау уæ зонындзинæдтæ фæамонут студенттæн. Фæнды мæ банысан кæнын уый дæр æмæ колледжы куырдадзтæ баконд куы æрцыдысты, уæдæй фæстæмæ фидæны специалисттæн ис æппæт уавæртæ дæр практикон куыстытæ уадзынæн. Рауагъдонтæн та мæ зæрдæ зæгъы æнтыстытæ сæ дарддæры царды», – загъта Дыгъуызты Дзерассæ.

Электромонтажон хайады рауагъдон Хъуылымбегты Владимир та банысан кодта: «Мæныл цæуы 42 азы, фæлæ уæлæмхас ахуырад æмæ зонындзинæдтæ райсынæн æрæгмæ никуы вæййы. Цхинвалы бирæпрофилон колледжæн мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй фидæны абитуриентты нымæцмæ гæсгæ аккагæй конкуренци кæна нæ уарзон университетимæ».

Уæлдай хуыздæр студенттæн лæвæрд æрцыдысты грамотæтæ æмæ бузныджы гæххæттытæ.

Бæрæгбонмæ æрæмбырдуæвджытæ бакастысты колледжы ног историйы фæдыл видеороликтæ.

Мадзалы кæрон рауагъдонтæ сæ ахуыргæнджытæн ноджы дæр дзырдтой бузныджы ныхæстæ æмæ сын балæвар кодтой дидинджытæ. Уый фæстæ айзæлыд фæстаг дзæнгæрæг дæр.

Нæ уацх.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.