РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли бабæрæг кодта Дзауы районы горæт Къуайса æмæ Кировы хъæуы цытджын линейкæтæ.

Банысан кæнын хъæуы, скъола каст кæй фесты Республикæ Хуссар Ирыстоны скъолаты 519 рауагъдоны.

Фæстаг дзæнгæрæджы боны цытæн  Къуайсайы скъолайы рауагъдонтæн раарфæ кæнгæйæ, паддзахады Сæргълæууæг загъта, цæмæй ныфсджынæй цæуой царды æмæ сын йæ цæст бауарзта æнтыстытæ æмæ сæ разылæууæг хæстæ цы сæххæст уой.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, æз уарзын райгуырæн Хуссар Ирыстоны алы къуым, фæлæ Къуыдаргоммæ мæнæн ис уæлдай ахаст. Къуыдаргом Хуссар Ирыстонæн балæвар кодта Нафийы, бирæ æндæр зынгæ гоймæгты. Сымахæн уыцы адæм фидæны сты хорз цæвиттон», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый банысан кодта, зæгъгæ  æнæ ахуырæй нæй аккаг фидæн  æмæ загъта, цæмæй æппæт тыхтæ радтой æнтыстджын цардмæ фæндагыл.

«Зынаргъ рауагъдонтæ! Цыфæнды зын фæндаг ма уат, макуы æрлæуут. Ма тæрсут цардмæ комкоммæ кæсын. Ныфсджынæй цæут уæ нысæнттæ æххæст кæнынмæ. Сымах стут тыхджын, сымах стут ирæттæ!» – загъта уый.

Президент бузныджы ныхæстæ загъта ахуыргæнджытæн, кæцытæ сывæллæттæн балæвар кодтой сæ зонындзинæдтæ, афтæ ма – ныййарджытæн, кæцытæ сын схай кодтой хуыздæр миниуджытæ.

Арфæйы ныхæстимæ рауагъдонты раз ралæууыд Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали.

«Банысан кæнын мæ фæнды, Къуыдаргомы сывæллæттæ республикон предметон олимпиадæты сæхи кæй равдисынц хорз, æвдисынц бæрзонд фæстиуджытæ. Æмæ мæ ныфс ис, фыдæнхъæл нæ кæй нæ фæкæндзыстут дарддæр дæр, нæ адæмæн аккаг гуырдтæ уыдзыстут. Мæ цæст уын уарзы æнтыстытæ æмæ царды хорздзинæдтæ!», – загъта уый.

 

 

Цхинвалы скъола-интернат

25-æм майы куыд нæ республикæйы æппæт скъолатæй, афтæ нæ горæты скъола-интернатæй дæр райхъуыстысты фæстаг дзæнгæрæджы зæлтæ. Ам фæстаг дзæнгæрæг айзæлыд фараст рауагъдонæн – æхсæз чызджы æмæ æртæ лæппуйæн. Бæрæгбонон атмосферæйы æнкъардæуыд куыд цины, афтæ æрхæндæджы æнкъарæнтæ дæр. Цины уымæн æмæ сæм дарддæр æнхъæлмæ кæсы рæсугъд сомбон, хъыджы та уымæн æмæ сæ нæ фæнды сæ уарзон скъолайæ фæхицæн кæнын, уымæн æмæ скъолайы азтæ иууыл æвæлмасдæр азтæ вæййынц. Скъола-интернаты ахуыр кæнынц æххуысхъуаг сывæллæттæ æмæ уыдонæн та уæлдай хъулон митæ кæнын, уæлдай рæвдыд сæ фæхъæуы. Уымæн æмæ сæ бирæтæ цух сты ныййарæджы уарзт æмæ хъарм къухты узæлдæй æмæ сын сæ ныййарджыты баивынц сæ хъомылгæнджытæ, сæ ахуыргæнджытæ. Дыккаг мæдты хуызæн сын свæййынц.

Бæрæгбонон мадзалмæ фæуазæг сты РХИ-йы Парламенты хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл комитеты сæрдар Бибылты Ацæмæз, кæцы йæхæдæг дæр уыд ацы уагдоны рауагъдон, Хицауады Сæрдары æххуысгæнæг Тедеты Оксанæ, рауагъдонты ныййарджытæ æмæ æндæр уазджытæ. Рауагъдонтæ фæстаг дзæнгæрæджы линейкæйы ралæууыдысты уагдоны кæрты. Айхъуыстысты РХИ-йы паддзахадон гимны зæлтæ. Бибылты Ацæмæз æмæ уагдоны директор Тедеты Роланд сын сæ уæлæ скодтой рауагъдоны лентæтæ. Ахуырдзаутæ сæххæст кодтой ирон национ кафт «Симд». Уый фæстæ мадзал адарддæр кодтой скъолайы актон залы, кæцы уыд бæрæгбонвæлыст. Экраныл æвдыст цыдысты скъолайы цард æмæ фæстаг дзæнгæрæгимæ баст кадртæ, афтæ ма рауагъдонты адресыл экранæй райхъуыстысты Бибылты Фатимæ, Харебаты Маринæ æмæ æндæрты арфæйы ныхæстæ. Мадзал амыдтой 10-æм къласы ахуырдзаутæ Ткаченко Дианæ æмæ Дзанайты Олег.

Рауагъдонтæн раарфæ кодта скъола-интернаты директор Тедеты Роланд. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ацы кълас фыццаг полилингвалон кълас кæй уыд, уый сын фæахъаз сæ мадæлон æвзаг уæлдай хуыздæр сахуыр кæнынæн. «Тынг хорз кълас сты, ахуыр дæр кодтой хорз. Мæ зæрдæ сын зæгъы, цæмæй аккаг бынат ссарой сæ дарддæры царды».

«20 азы размæ æз дæр ме ‘мкъласонтимæ лæууыдтæн ацы сценæйыл æмæ истам арфæйы ныхæстæ. Мæ зæрдæ уын зæгъы царды æппæт хæрзиуджытæ. Æз зонын сымах виньеткæтæ аразынмæ кæй хъавут æмæ уын æз дæр хъуамæ аххуыс кæнон сæ саразынæн», – загъта Бибылты Ацæмæз æмæ конверты финансон фæрæзтæ радта ахуырдзаутæм.

Скъола-интернат кæй ном хæссы, уый – Куымæридтаты Кимайы хъæбулы хъæбул Куымæридтаты Земæ дæр арфæйы ныхæстимæ рауагъдонтæн конверты балæвар кодта финансон фæрæзтæ.

Хицауады номæй сæ адресыл хъарм ныхæстæ загъта Тедеты Оксанæ. Рауагъдонтæн ма раарфæ кодтой сæ хъомылгæнджытæ Коцты Валентинæ æмæ Тедеты Анжелæ, афтæ ма сæ фыццаг ахуыргæнæг Тыбылты Бэллæ æмæ æндæртæ дæр. Ныййарджыты номæй ахуыргæнджытæ æмæ рауагъдонтæн арфæйы ныхæстæ загътой Елбачиты чызг æмæ Тыджыты Розæ.  Уыцы бон бирæ хъарм ныхæстæ загътой кæрæдзийæн рауагъдонтæ æмæ ахуыргæнджытæ. Акафыдысты вальс. Зарджытæ сæххæст кодтой Икъаты Миленæ æмæ 10-æм къласы ахуырдзау Дзукъаты Сослан. Раарфæ сын кодтой фыццагкъласонтæ æмæ сын бакодтой зæрдылдарæн чысыл лæвæрттæ. Рауагъдонтæ зонындзинæдты сувенир-дæгъæл радтой 10-æм къласы ахуыргæнинæгтæм. Уый фæстæ фæстаг дзæнгæрæг айзæлын кодтой рауагъдон Джиоты Димитри æмæ фыццагкъласон Сабанты Василиса.

Фæндараст ут! Ирыстоны сомбон сымахæй аразгæ у æмæ уын нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй уæ къухты æфтой бæллиццаг æнтыстытæ. Арфæйаг уæт  уæ сомбоны цард!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

 

 

Дзауы скъола-интернат

 

25-æм майы Дзауы районы скъоладзау фæсивæдæн дæр уыдис фæстаг дзæнгæрæджы бон. Районы æппæт рауагъдонтæ дæр хæрзбон кодтой сæ уарзон скъолатæн. Æвзонг чызджыты æмæ лæппуты традицимæ гæсгæ цины æнкъарæнтимæ сæ дарддæры царды фæндæгтæм фæндараст кодтой ныййарджытæ, скъолаты ахуыргæнджытæ, ахуыргæнинæгтæ æмæ районы цæрджытæ.

Фæстаг дзæнгæрæг цытджын æгъдауæй айзæлыд Санахъоты Гришикы номыл Дзауы скъола-интернаты цыппар рауагъдонæн дæр. Уыдон сæ бæрæгбоныл æмбæлдысты цины æнкъарæнтимæ. Райсомæй рæсугъд скъолайон дарæсы æрбацыдысты сæ уарзон скъоламæ æмæ арфæтимæ дидинджытæ балæвар кодтой, 11 азы дæргъы сын сæ зонындзинæдтæ чи нæ æвгъау кодта, уыцы ахуыргæнджытæн.

Фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбонмæ сæм фæуазæг ис Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министр Наниты Сослан, афтæ ма райадминистрацийы ахуыры хайады минæвæрттæ æмæ Дунеон ахыгъдон банчы къухдариуæггæнæг Вадим Шадян.

Скъолайы актон залы музыкæйы æхцон зæлтимæ рауагъдонтыл æмбæлдысты уазджытæ. Рауагъдонтæн фыццаг зæрдиаг арфæйы ныхæстæ загъта скъолайы директор Галуанты Залинæ æмæ банысан кодта, зынаргъ æмæ сын уарзон кæй сты, ахуыр æмæ хъомыл кæй кодтой, уыцы рауагъдонтæ. Галуанты Залинæйы цæст æрыгон фæлтæрæн бауарзта фидар æнæниздзинад æмæ цæмæй суой дæсны специалисттæ, райгуырæн бæстæйæн патриоттæ. Уый фæстæ бакаст, ХИПУ-йæ сæм ректор Тедеты Вадимы номæй цы бузныджы фыстæг æрбарвыстой, уыцы текст. Бузныджы фыстæджы дзырдæуы, зæгъгæ, педагогон коллектив эффективон куыст кæны скъоладзаутимæ æмæ хъомыл кæнынц, раппæлинаг чи сты, ахæм хорз фæсивæды.

Зæрдиаг арфæтимæ сывæллæтты фæндараст кодтой сæ къласгæс Бежанты Мадинæ æмæ хъомылгæнæг Цхуырбаты Риммæ. Бежанты чызг фыццаджыдæр сывæллæтты фæдзæхста, цæмæй  абон куыд зæрдæхæлар æмæ æнæхин сты, афтæ уой дарддæр дæр. Уарзой рæстдзинад æмæ сын хорз æнтыстытæ уа сæ дарддæры ахуыры.

Фæстаг дзæнгæрæджы боны цытæн ма нæ буц рауагъдонтæн арфæ ракодта РХИ-йы Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министр Наниты Сослан дæр. Уый бирæ хъарм ныхæстæ загъта рауагъдонтæн. «Абон сымах нысан кæнут зæрдылдаргæ æмæ ирд бæрæгбон – скъола каст фæуыны бон. Скъолайы сымах райстат бирæ зонындзинæдтæ æмæ уæ цард дарддæр куыд ацæуа, уый æрмæстдæр сымахæй кæнгæ æмæ аразгæ у. Макуы-иу æрлæуут уе ‘нтыстытыл, тырнут ног зонындзинæдтæм, уыдон уæ æркæндзысты ног æмæ уæрæх фæндæгтæм, дуне базонынмæ. Цы фæндтæ уæм ис, уыдон кæронмæ кæнут æмæ макуы рох кæнут уæ ахуыргæнджыты, уе скъола æмæ уæ райгуырæн зæхх. Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад æмæ амондджын цард. Арфæ æмæ бузныг зæгъын уæ ахуыргæнджытæн æмæ ныййарджытæн дæр», – загъта министр.

Цытджын мадзалы ма раныхас кодта Вадим Шадян дæр. Уый йæ арфæйаг ныхасы фæстæ фехъусын кодта, Дунеон ахыгъдон банчы къухдариуæгады фæндонмæ гæсгæ скъола-интернатæн лæвары хуызы кæй хъуамæ саразой æхгæд спортивон зал, цæмæй, зæгъгæ, сывæллæттæн зымæгон уазæлтты æмæ къæвда бонты дæр сæ бон уа фидар кæнын се ‘нæниздзинад. Æхгæд спортивон зал аразынмæ æрæвналдзысты рæхджы, ныридæгæн ыл кусынц йæ сметæйыл. Скъолайы педколлектив æмæ ахуыргæнинæгтæ ацы ног хабарыл сæмбæлдысты стыр цины æнкъарæнтимæ æмæ йæ равдыстой тыхджын къухæмдзæгъдæй.

Рауагъдонтæн хорз фæндиæгтимæ арфæ кæнынмæ бæрæгбонвæлыст сценæмæ кæрæдзи ивгæйæ хызтысты кæстæр æмæ хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ. Сæрмагондæй сын музыкалон арфæ ракодтой фыццаг къласы ахуыргæнинæгтæ æмæ уый фæстæ рауагъдонтæн бахастой дидинджытæ. Фыццагкъласонтæ сæхæдæг дæр райстой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Мадзалы кæрон рауагъдонтæн айзæлд фæстаг дзæнгæрæг æмæ уый фæстæ зæрдылдарынæн ахуыргæнджытимæ истой сæ къамтæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

 

 

Къостайыхъæуы астæуккаг скъола

Цхинвалы районы Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы дæр рæсугъд мадзалмæ æрбацыдысты канд скъолайы коллектив нæ, фæлæ ныййарджытæ, раздæры рауагъдонтæ, хъæубæстæ, уазджытæ.

Рагон у ацы ахуырадон артдзæст æмæ уыцы дæргъвæтин азты уый йæ кæстæрты раз къæмдзæстыг никуы уыд, йæ фæлтæрд æмæ зонындзинæдтæй æххæст ахуыргæнджытæ æппæт сæ тых æмæ хъару нæ хæлæг кодтой дугæн аккаг фæлтæр хъомыл кæныны хъуыддаджы. Скъолайæн уыцы азтæ та дзæвгар сты, фаг у зæгъынæн уый, æмæ скъола абон цы кæстæртыл цин кодта, уыдон кæй сты йæ 81-æм рауагъдонтæ. Бæрæгбононвæлыст уыд скъолайы актон зал, алырдыгæй хъуыстысты арфæйы ныхæстæ, хъæлдзæг худт, алчи дæр сæ цин кодта рауагъдонтыл. Мадзаламонджытæ Тараты Иренæ æмæ Джиоты Миланæ радзырдтой, уыдон фыццаг хатт скъолайы къæсæрæй куыд бахызтысты, цахæм цины æнкъарæнтæ бавзæрстой сæ фыццаг ахуыргæнæг æмæ сæ хистæр æмбæлттæй. Уæдмæ сценæмæ схызтысты скъолайы æртæ лæппу рауагъдоны æмæ сыл залы уæвджытæ сæмбæлдысты къухæмдзæгъд æмæ хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ. Азæлыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон гимны зæлтæ. Скъола кастфæуджытæн фыццаг арфæ ракодтой директор Тыбылты Алекси æмæ ахуыры хайады сæргълæууæг Мæргъиты Нелли æмæ сæ уыдонæн бафæндыд, цæмæй сæм цы бирæ хорздзинæдтæ æнхъæлмæ кæсы, уыдонæй фæхайджын уой æмæ хорз гуырдтæй басгуыхой æрмæст сæ хъæубæстæн нæ, фæлæ уымæн æддейæ дæр. Спорты сын хорз фæстиуджытæ кæй уыд, уый тыххæй сæ схорзæджын кодтой Кады грамотæтæй, балæвар сын кодтой Челæхсаты Хъазбеджы чингуытæ «Осетия и осетины». Зæрдиаг арфæтæ ма сæ номыл хъуыстысты Уæлвæткон уавæрты министр Цоциты Азæмæт, районы адæмон ахуырады сæргълæууæг Лолоты Барис, бынæттон администрацийы сæргълæууæг Бигъуылаты Олег, стæй ма фыццаг къласы ахуыргæнинæгтæй. Скъолайы дуæрттæ сын фыццаг чи байгом кæны, уый вæййы райдиан кълæсты сæ фыццаг ахуыргæнæг, уый сæ фæрæвдауы хи ныййарæг мадау, сомбоны царды дæгъæлтæ сын уый фæамоны. Абоны рауагъдонтæн сæ фыццаг ахуыргæнæг уыд Козаты Валентинæ æмæ сын мадзалы нæ бахæлæг кодта йæ хъарм ныхæстæ.

Бæрæгбонон мадзал тынгдæр бахъæлдзæг вæййы кафт æмæ зардæй æмæ дзы фæхайджын кодтой æрбацæуджыты. Сæхи рады арфæйы ныхæстæ хъуыстысты рауагъдонтæн сæхицæй дæр, уыдон бузныг сты, иуæндæс азы сыл чи фæфыдæбон кодта, уыцы ахуыргæнджытæй æмæ сæ номыл дзырдтой æмдзæвгæтæ. Зæгъын хъæуы, скъолайы кафджыты къорды дæр кæй истой активон хайад, адæмы зæрдæтæ барухс сты «Хонгæ кафт», «Хæххон кафт», «Ирон вальс» æххæстгæнджытæй, хæдархайгæ къорд та сæххæст кодта цалдæр зарæджы.Сценæмæкæсджыты зæрдæтæ барухс сты, Кочысаты Розæйы комеди «Гæды лæг»-ы чи ахъазыд, уыцы хæдахуыр артистты хъазтæй.

Кæронбæттæны иуæндæсæмкъласон Плиты Алан йæ хъæбысмæ систа фыццаг къласы ахуырдзау Тъотъоты Амандæйы æмæ сын уый ныццагъта скъола каст фæуыны тыххæй фæстаг дзæнгæрæг.

Хуыбиаты Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.