Æвзонг фæлтæры рухс фидæныл иууыл тынгдæр хистæр фæлтæр фæтыхсынц. Уыдон иузæрдион æмæ æвæллайгæ архайд вæййы, цæмæй не ‘хсæнады алы æвзонг адæймаг дæр уа царды раст фæндагыл лæуд, ахуыр æмæ уагахастæй – цæвиттойнаг æмæ сомбон не ‘хсæнады суа аккаг æмбæстаг. Æппæт уыцы æвæрццаг миниуджытæй куы фæвæййы хайджын, уæд хистæр фæлтæры зæрдæтæ цины æнкъарæнтæй байдзаг вæййынц, сулæфы рогæн æмæ хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ фæзæгъы йæхицæн, уыдзæн нын, ныфс кæмæй бавæрæм, æввахс рæстæджы не ‘хсæнады дарддæры размæцыдыл чи тыхса æмæ ауда, ахæм цардаразджытæ, зæгъгæ. Æнæгуырысхойæ зæгъæн ис, кæстæрты æппæтварсон курдиат, æвзыгъддзинæдтæ раргом кæныныл тынгдæр чи фыдæбон кæны, уый ахуыргæнæг, хъомылгæнæг кæй у.

Фæстаг дзæнгæрæджы бон цытджын æгъдауæй банысан кодтой Цхинвалы районы Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы дæр. Бæрæгбонвæлыст у скъола, хъуысынц музыкæйы æхцон зæлтæ, хъæлдзæг хъæлæба æмæ худын, арфæтæ. Рауагъдонты бæрæгбонмæ æрбамбырд сты ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ, ныййарджытæ æмæ уазджытæ. Рауагъдонты номыл арфæйы ныхæстæ хъуысынц, зæгъынц сын, цæмæй нырæй фæстæмæ ноджы тынгдæр царды хæрзиуджытæм тырной, уой цæвиттойнаг. Нæ адæмы буцдзинад у нæртон кафт «Симд». Уый нæ адæмы буцдзинад æмæ сæрыстырдзинад у æмæ йæ сæ зæрдæмæ æввахс исынц кæстæртæ. Рауагъдонтæ аив сæххæст кодтой ацы æрдхæрæны кафт æмæ сæ уазджытæ бабуц кодтой æмдзæгъдæй. Æмдзæвгæ «Симд» та тынг аив бакаст Козаты Илонæ. Уый фæстæ скъола кастфæуджытæ ард бахордтой, дарддæр дæр сæ ахуыр æмæ уагахастæй кæй уыдзысты цæвиттойнаг, се скъола æмæ ахуыргæнджыты ном кæй хæсдзысты бæрзонд. Дарддæр арфæйы ныхæстæ ивтой кæрæдзи, куыд ахуыры, афтæ сын рæсугъд фидæны фæндиæгтæ загътой скъолайы директор Тыбылты Алекси, сæ фыццаг ахуыргæнæг Козаты Валентинæ, къласгæс Плиты Заирæ æмæ кæстæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ. Бæрæгбон тынгдæр хъæлдзæгдзинадæй фидауы æмæ сын кафты номыртæй сæ зæрдæтæ барухс кодтой скъолайы хæдархайгæ къорды уæнгтæ. Уый фæстæ иуæндæсæм-къласон Хъабанты Димитр йæ хъæбысмæ систа Гаглойты Тамилæйы æмæ уый ныццагъта фæстаг дзæнгæрæг. Уый нысан кæны, нырæй фæстæмæ скъолайы кæй нал ахуыр кæндзысты. Ныр та сæм разæй æнхъæлмæ кæсынц царды рухс æмæ уæрæх фæндæгтæ æмæ сыл райзæрдæйæ ныфсджынæй цæут!

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.