Стыр Фыдыбæстæйон хæст адæмы зæрдæты бирæ хъæдгæмттæ ныууагъта. Йæ дарæг тохы быдыры, æбæрæг уæлмæрды ныгæд кæмæн æрцыд, уый зæрдæ нырма дæр æнцойад нæ ары. Фашистон лæгхорты ныхмæ чи тох кодта, уыдонæн сæ хъысмæт æндæр æмæ æндæргъуызон аскъуыддзаг. Чи сæ царæфтыд фæцис, чи та онгцухæй йæ фыды уæзæгмæ сæрæгасæй æрæздæхт. Царæфтыд фæцис æмæ цæрæнбонтæм хæсты быдыры баззад абон мæ уацы кæй тыххæй дзурын, уыцы хæстон дæр.

Кæд хæсты райдианæй 81 азы рацыд æмæ Уæлахизы бонæй та 77 азы, уæддæр рох не сты æмæ никуы дæр ферох уыдзысты уæлахизхæсджыты нæмттæ. Кад сын  кæндзысты цæрæнбонтæм дæр фæлтæрæй фæлтæрмæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты хиуæттæй алкæйы дæр фæнды йæ хионы æрæмысын, дзыллон информацийы фæрæзты фæрцы сын сæ хæстон фæндаджы тыххæй радзурын. Æмæ уый хорз у, уадз, æмæ нæ кæстæртæ зоной ивгъуыд æнусы цы тугкалæн хæст цыдис, уый тыххæй. Ахæм дæргъвæтин, тугкалæн хæст Зæххы къорийыл фыццаг хатт æрцыд.

Ацы бонты нæм редакцимæ æрбацыд нæ горæты цæрæг,  Цхинвалы районы Бихъары хъæуы астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы раздæры ахуыргæнæг Хацырты Жужунæ. Уымæн йæ фыдыæфсымæр,  Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг Хацырты Геогри (Гигуца) Соскъайы фырт хæсты быдыры хъæбатырæй фæмард 1944 азы. Уый нын афтæ радзырдта:

«Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд Гигуцайыл цыд æрмæстдæр æнудæс азы. Уыд диссаджы хæларзæрдæ лæппу, хъæубæсты уарзон, коммæгæс, сæ хъæуы адæм дзы сомы кодтой, афтæ тынг æй уарзтой. Уый райгуырд 1921 азы Цхинвалы районы Громы хъæуы мæгуыр зæхкусæг бинонты хæдзары. Йæ фыд Соскъа (мæ фыды фыд), уыдис дзырддзæугæ, кадджын лæг. Арæх æй кодтой чындзæхсæвтæм, кæм хистæр уазæгæй, кæм та – нымæт тухæгæй. Бирæ хорз фæндтæ уыдис Гигуцамæ, фæлæ уæдмæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Громы хъæуæй дæр бирæ æвзонг фæсивæд фæцыдысты хæстмæ, уыдонимæ иумæ фæцу æмæ марцуйы фæндагыл ацыд мæ фыды æфсымæр Гигуца дæр», – радзырдта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гигуца йæ ныййарджытæ æмæ йæ  иунæг хо Бабуцамæ арæх фыста æртæкъуымон фыстæджытæ, ныфсытæ сын æвæрдта, зæгъгæ, тагъд знаг дæрæнгонд æрцæудзæн æмæ уæлахизæй æрæздæхдзыстæм нæ уарзон Райгуырæн хъæумæ. Фæлæ цы загъдæуа хъыс-мæтæн, йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадтысты. «Мæ фыдыхо мын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ, фæстаг фыстæг æрæрвыста поездæй 1944 азы (хъыгагæн, мæй  æмæ поезд кæдæм цыд, уый нæ  бахъуыды кодта) æмæ уыйадыл 1957 азы онг нымад цыд æбæрæгæй сæфтыл». 1957 азы Сталиниры Æфсæддон къамисариат хъусынгæнинаг æрæрвыста Гигуцайы ныййарджытæм, цыран фыстæуыд: «Уæ фырт Хацырты Георги Советон Цæдисы интерестæ хъахъхъæнгæйæ хъæбатырдзинад равдисгæйæ фæмард тохы быдыры 1944 азы 21-æм январы æмæ æфсæддон кадимæ ныгæд æрцыд Хъырымы областы Керчы районы Юраковы Куты хъæуы.

«Хъыгагæн нын никуы бантыст Георгийы уæлмæрдмæ ацæуын, кæд цалдæр хатты сфæнд кодтам, уæддæр. Мæ фыдыхо цæстыгагуыйау хъахъхъæдта йе ‘фсымæры æртæкъуымон фыстæджытæ йæ чырыны, ныр та сæ хъахъхъæнын æз, йе ‘фсымæры чызг. Иу фыстæгыл дзы фыст ис ахæм адрис: Полевая почта, станция №1865-1375 стрелковый полк, 3-батальон, 8-ая рота, зæгъгæ. Ацы фыстæг уый æрæрвыста 1942 азы июны мæйы, цыран лыстæггай фæфарста йæ бинонтæй алкæй тыххæй дæр. Мæ фыды хо йæ амонд дæр нал ссардта, алы бон дæр, алы сахат дæр æнхъæлмæ каст йæ бæлццонмæ, йæ цæстысыг никуы басур йæ уадултыл. Йе ‘фсымæры фыстæджытæ æмæ къамтæ æппынæдзух уыдысты йæ разы, æгæрыстæмæй-иу ныххуылыдз сты йæ цæстысыгтæй, афтæ дзыназгæйæ арвыста йæ царды бонтæ. Гигуцайæн нæ бантыст йæхицæн цардæмбал æркæнын дæр,  йæ уарзон чызг Быцентæй уыд, куырдуаты баззад, хæст æгъатыр у, тæригъæд никæмæн бакодта.

Ирон æмбисонд  афтæ у, зæгъгæ, кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын уый та  –  рæхуыст. Мæ фыды хойæн-иу Гитлеры койæ йæ зæрдæ бавзæр, фæлæ ма искуы гуыр-дзиаг фашисттæ Ирыстонмæ æрбабырс-дзысты, уый æнхъæл ма та кæцæй уыд. 2008 азы хæсты гуырдзиаг хотыхджын æфсæдтæ Громы хъæу куы бацахстой, уæд йæ зæрдæ тынг фæрыст, йæ саби-бонтæ цы хъæуы арвыста, уым гуырдзиаг лæгхортæ сæ чъизи, тугæйдзаг къæхтæй кæй рацу-бацу кодтой, уый тыххæй», – радзырдта Хацырты Жужунæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъæуы адæм райхъал сты автоматы къæр-къæрæй, иуныхасæй, адæм сæ фос дæр бастæй ныууагътой скъæтты æмæ лидзæг фесты Бихъары хъæуы ‘рдæм. Фæлæ кæдæм? 8-æм августы райсомæй гуырдзиаг фашисттæ амардтой æвзонг лæппу Уытырты Тариелы, æгъатырæй йæ фехстой. Уый уыд иунæг лæппу йæ ныййарджытæн, æгæрыстæмæй йын бинонтæ æркæнын дæр нæ бантыст. Громы хъæуккæгтæ – дыууæ сылгоймаджы та цæфтæ фесты стыркалиброн нæмыджы схъистæй. Жужунæ дæр уыцы рæстæджы уыд Громы йæ ацæргæ мадмæ æмæ уыдон дæр алыгъдысты хъæды ‘рдæм. Уым фæхъизæмар кодтой æртæ боны дæргъы, фæстæмæ раздæхын ничиуал уæндыд.

«Мæ фыдыхо уатон рынчын кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ ныууагътам хæдзары. Æз йæ цурæй никуыдæм цыдтæн, фæлæ мæ тыхæрвыст акодта. Загъта мын, зæгъгæ, дыууæйæ цæмæн хъуамæ фесæфæм гуырдзиаг тыхæйисджыты къухæй. Ды, зæгъ, нырма æвзонг дæ æмæ дæхи бааууон кæн, æндæра, зæгъ, гуырдзы æгъатыр сты æмæ… Стыр бузныг Владимир Путин æмæ Дмитри Медведевæн, ирон адæмы быныскъуыдæй чи бахызта. Абон мæ зæрдæ тынг риссы, куыд Ирыстоны æндæр хъæуты, афтæ Громы дæр цæрæг кæй нал ис, уый тыххæй. 1990 азты гуырдзиаг-ирон хæст райдайынæй фæстæмæ фæлыгъдысты сæ цард бахъахъхъæныны æмæ хуыздæр цардагур алы рæттæм. Абон ма Громы хъæуы цæры æрмæстдæр цалдæр бинонтæ, къухы æнгуылдзтыл сын банымайæн ис. Хъыгагæн, мæ фыдыхо цардæй ахицæн 2009 азы, фæлæ фæстаг сулæфты онг дæр æнхъæлмæ каст йе ‘фсымæры æрцыдмæ, æппынæдзух йæ каст фæндаджы ‘рдæм уыд. Иу хорз уыд, æмæ 1944 азы Гигуцайы сау гæххæтт куы æрцыд, уæд æй нæ базыдтой мæ фыды фыд æмæ мæ фыды хо, мæ фыд сын æй не схъæр кодта. Уадз, æмæ Бабуца уымы бæсты дæр хъуыды кæна, зæгъгæ, йе ‘фсымæр сæрæгас у.

Макæйуал зæрдæ фæриссæд, фесæфæт хæст! Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæн та мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ амондджын цард сæрибар æмæ хæдбар Ирыстоны сæ бинонтимæ», – йæ ныхас балхынцъ кодта Хацырты Жужунæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.