Нæ республикæйы скъолайы кары агъоммæйы уагдæтты хъомылгæнинæгтæн уагъд æрцыд диссаджы бæрæгбон. Республикæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрад сывæллæтты цæхæрадæтты сывæллæттæн сорганизаци кодтой проект- хъазт «Мад, фыд æмæ æз – спортивон бинонтæ», зæгъгæ. Уырдæм æрбацыдысты РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, ацы министрады минæвæрттæ Джиоты Нинæ æмæ Хæныкъаты Азæ.

Ацы хъазт ныр уагъд æрцыд дыккаг хатт. Куыд ивгъуыд аз, афтæ та ныр дæр проект-хъазты хайад райстой нæ республикæйы сывæллæтты 18 цæхæрадоны, уыцы нымæцы Знауыры æмæ Дзауы районы, афтæ ма Цхинвалы районы Дменисы сывæллæтты цæхæрадон дæр. Ерыстæ уагъд æрцыдысты бæрзонд æмвæзадыл. Ирдæй зынд сæ организатортæ, ома, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады кусджытæ Джиоты Нинæ æмæ Хæныкъаты Азæ кæй бацархайдтой ерысты хорз сорганизаци кæныныл.

Дыууæ боны дæргъы нæ горæты спортивон скъолайы уыд æцæг бæрæгбон нæ рæзгæ хурты хайадистæй. Æрмæст сæ иу уындæй дæр æхцондзинад хастой æрæмбырдуæвджытæн, иннæ ахæм сæ хъæлдзæг худт æмæ хъæлæба дардмæ хъуыст æмæ адæймаджы зæрдæ æхцондзинады æнкъарæнтæй байдзаг. Се нæхин цæсгæмттæ хурау худтысты æмæ уыдонмæ кæсгæйæ хистæр кары адæймæгтæн дæр сæ зæрдæтæ байдзаг сты циндзинадæй. Мæнмæ гæсгæ, æрæмбырдуæвджытæй алчидæр ахъуыды кодтаид, æгайтма, нæ сывæллæттæн, Ирыстоны сомбоны фæлтæрæн бæрæгбонтæ аразынхъом фестæм, æгайтма, сабыр арвы бын цæрынц нæ сывæллæттæ æмæ хъæлдзæгæй сæ рæстæг æрвитынц.

18 командæ дæр сæхи тынг хорз кæй бацæттæ кодтой, уый ирдæй зынд сæ цырд фердæхтдзинадæй. Командæты хайадисджытæн сæ майкæтыл фыст уыд кæцы сывæллæтты цæхæрадонæй сты, уый. Афтæ ма семæ плакаттимæ æрбацыдысты сæ фарсхæцджытæ дæр, сæ хъомылгæнинæгтæ, сæ ныййарджытæ, сæ хотæ æмæ æфсымæртæ.

Хъазт «Мад, фыд æмæ æз – спортивон бинонтæ»-йы сывæллæттимæ ерысты хайад истой сæ ныййарджытæ дæр. Алы командæйы дæр сывæллæтимæ хъазыдысты дыууæ ныййарæджы. Уыдон дæр ахæм бæрндзинад æвдыстой раст цыма дунеон ерысты архайдтой. Ныййарджытæ афтæ зæрдиагæй æмæ бæрнонæй та уымæн архайдтой æмæ сæ хъазт æндæвдта сæ сывæллæттæ кæцы командæты уыдысты, уыдоны хъазты фæстиуджытыл. Ерысты хайадисджыты нымæц  бирæ кæй уыд, уымæ гæсгæ хъазт цыд дыууæ боны дæргъы, æдæппæтæй сæ хайад райстой 180 сывæллоны бæрц. Сывæллæттæм кæсгæйæ, зæгъæн уыд Ирыстонæн хорз фидæн кæй ис, уый.

Хъазт-конкурсæн аргъ кодта профессионалон жюри, ома, нæ горæты астæуккаг скъолаты физикон хъомылады ахуыргæнджытæ. Уыдон раст аргъ скодтой сывæллæтты архайдæн. Сывæллæтты цæхæрадæтты хъомылгæнинæгтæ кæрæдзиимæ ерыс кодтой хъæзтыты фондз хуызæй. Зæгъæм, фыццаг хъазт уыд ахæм, цæвиттон, сывæллон йæ дзыхы бакодта къарандас æмæ афтæмæй къарандасыл тасæй иста бубликтæ æмæ сæ иннæ тасы æвæрдта. Фылдæр бубликтæ чи æрбахаста иу тасæй иннæмæ, уый нымад цыд уæлахиздзауыл. Дыккаг хъазт та уыд ахæм,  сывæллæтты дзыхты цы уидгуытæ уыд, уыдоныл сæвæрдтой теннисы шариктæ, ныййарджыты уидгуытыл та æвæрд уыдысты хом рæвдуæттæ æмæ сæ хъуамæ бынатмæ фæхæццæ кодтаиккой æнæхъæнтæй, ма хъуамæ ацъæл уыдаиккой рæвдуæттæ æмæ шариктæ та ма ахаудаиккой. Иннæ хъазт та уыд ахæм, сывæллæтты къухтыл уыдысты номыртæ конд æмæ хъуамæ ссардтаиккой къалатийы цы бирæ пуртитæ уыд, уыдоны ‘хсæн сæ номыртæ кæцы пуртитыл фыст уыдысты, уыдоны æмæ сæ бахастаиккой иннæ къалатимæ. Сывæллæтæ пуртитæ хастой фондз метры æмæ ныййарджытæ та – 10 метры дæрддзæгæн. Иннæ дыууæ хъазты дæр уыдысты тынг цымыдисон. Æрæмбырдуæвджытæй алчидæр рахатыд сывæллæттмимæ сæ хъомылгæнинæгтæ тынг хорз кæй бакуыстой æмæ сæ кæй бацæттæ кодтой, уый.

Сывæллæттæ архайдтой зæрдиагæй, тынг тырныдтой сæ хъазт хорз сæххæст кæнынмæ. Кæд тынг бафæлладысты, уæддæр æмæ уæддæр цæттæ уыдысты ногæй ерыс кæнынмæ. Сæ цæсгæмттыл зынд ерыстæй стыр æхцондзинад кæй райстой, уый. Æмæ уый афтæ дæр хъуамæ уыдаид, уымæн æмæ сывæллæттæй бирæтæн уыдон уыдысты царды сæ фыццаг ерыстæ æмæ сæ алкæйы дæр  фæндыд уæлахиздзау суæвын, йæ командæйæн очкотæ æрхæссын, фæлæ ерыстæ сты ерыстæ æмæ дзы вæййы æртæ уæлахиздзауы.

Фæуæлахизуæвджыты нæмттæ фехъусын кæныны размæ РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады арфæйы гæххæтытæй æмæ дипломтæй хорзæхджын æрцыдысты ерысты тæрхонгæнджытæ (сæйраг тæрхонгæнæг уыд Цхинвалы скъола-интернаты физикон хъомылады ахуыргæнæг Уалыты Руслан). Фæлæ сывæллæттæ дæр æрхъæцмæ нал лæууыдысты уæлахиздзу чи ссис, уый базоныны тыххæй æмæ се ‘ппæт дæр æнхъæлмæ кастысты ерысты фæстиуджытæ кæд фехъусын кæндзысты, уымæ.

РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали раарфæ кодта ерысты хайадисджытæн: «Сымах уынут цас циндзинад ис абон ацы залы. Сывæллæттæ сæхи ахуыр кæнынц æмбулын дæр æмæ æмбылды кæнын дæр, уыимæ сæ алкæмæн дæр ис хорз зæрдæйыравг. Кæй зæгъын æй хъæуы, сывæллоны хъомылад сæйраджыдæр баст у ныййарджытимæ æмæ абон семæ сæ мæдтæ æмæ фыдтæ кæй æрбацыдысты, уый хорз хъуыддаг у. Афтæ мæм кæсы, цыма уыдон сæ сывæллæттæй ноджы тынгдæр цин кæнынц».

Тæрхонгæджыты уынаффæмæ гæсгæ, фыццаг бынат лæвæрд æрцыд сывæллæтты 15-æм цæхæрадон «Хуры тын»-æн (йæ сæргълæууæг  Годжыцаты Натия) æмæ сын  Гасситы Натали балæвар кодта компьютер. Дыккаг бынат лæвæрд æрцыд сывæллæтты 7-æм цæхæрадон «Малусæг»-æн (йæ сæргълæууæг  Харебаты Наталья) æмæ уыдонæн та балæвар кодта ноутбук. Æмæ æртыккаг бынат та бацахста сывæллæтты 4-æм цæхæрадон «Солнышко» (йæ сæргълæууæг  Хуыгаты Земфирæ), уыдоны та фæцис видеокамерæ. Иумиагæй, ерысты хайадисæг сывæллæттæй алкæйы дæр схорзæхджын кодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ – алыгъуызон хъазæнтæй, уыцы нымæцы констуктортæ та лæвæрд æрцыдысты лæппутæн. Сывæллæттæ, хъомылгæнинæгтæ æмæ ныййарджыты райгонд цæсгæмттæм кæсгæйæ, зæгъæн ис, иумиагæй сисгæйæ, кæй фæуæлахиз хæлардзинад. Хуыцау зæгъæд æмæ алыхатт дæр цы уæлахиз кæна хæлардзинад.

ДЖИОТЫ Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.