Фæстаг  азты  нæ республикæйы иумиагахуырадон скъолаты ахуыргæнджыты куысты уавæртæ кæй хуыздæр кæнынц, уымæ гæсгæ хуыздæр кæны ахуыргæнинæгты ‘хсæн ахуыр-хъомыладон куыст дæр. Уый хауы æрмæст уроктæм нæ, фæлæ уроктæн æмæ скъолайæн æддейæ куысты гъæдмæ дæр, кæцы ахъаз кæны ахуырдзауты æппæтфарсон рæзтæн, уыдон вæййынц, кæй бацæттæ кæнынц æмæ ауадзынц, уыцы алыгъуызон мадзæлттæ. Хорз хъуыддаг у уый дæр æмæ нæ республикæйы ахуырдзаутæ  бастдзинæдтæ кæй аразынц Цæгат Ирыстоны скъоладзаутимæ æндæр æмæ æндæр иумæйаг мадзæлтты руаджы.

Æрвылаздæр Къостайы райгуырæнбон æмæ Мадæлон æвзаджы боны цытæн Къостайы рагуырæн хъæу Нармæ нæ горæты хицæн скъолаты ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ  акæнынц сæ ахуыргæнинæгты экскурсийы æмæ уым бынаты сæхи цæстæй фенынц Къостайы хæдзар-музей. Ивгъуыд аз дæр, 15-æм октябры, Къостайы гуырæнбоны, 6-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаджы æмæ литературæйы ахуыргæнæг Чилæхсаты Залинæ йæ ахуыргæнæгимæ ацыдысты  Къостайырайгуырæн хъæумæ. Уыдон уым ныййæфтой, нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгты къорды сæ ахуыргæнæгимæ. Загътой сын ардæм хъазт-ерысы хайад райсыны тыххæй кæй æрцыдысты. 6-æм скъолайы ахуыргæнинæгты дæр тынг бацымыдис кодта, цавæр хъазт у, уый. Уый уагъд цыдис Къостайы хæдзар-музейы. Тынг бафæндыдис 6-æм скъолайы ахуыргæнинæгты дæр уыцы хъазты хайад райсын. Уый та хуымæтæджы хъазт нæ уыдис, фæлæ Къостайы уацмыстæй хуыздæр зонындзинæдтæ чи равдисдзæнис, стæй сын анализ чи хуыздæр скæндзæнис, йæ уацмыстæм гæсгæ æвæрд инсценировкæты чи хуыздæр ахъаздзæнис, уый фæдыл. Уæд нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолаимæ хъазыдис Дзæуджыхъæуы горæты скъолатæй сæ иу.

6-æм скъолайы ахуыргæнинæгты кæд тынг фæндыд семæ хъазты хайад райсын, уæддæр сын музейы кусджытæ загътой, уыйас бынат кæй нæй музейы æмæ сын ныфс бавæрдтой æнæмæнг сæ иннæ аз кæй фæхондзысты, уымæй. Æмæ сæ дзырды хицау разындысты музейы кусджытæ. Уалдзæджы райдианы сæм æрцыдис музейы кусджытæй сæ иу – Гаглойты Сандро Къостайы мемориалон музейы сæргълæууæг æмæ йемæ æрхаста хъазты Уагæвæрд. Уый сын загъта, хуынд кæй сты 15 майы ирон æвзаджы бæрæгбонмæ, кæцы расидт æрцыд Къостайы «Ирон фæндыр»-ы рауагъды боны цытæн æмæ уыцы бон уагъд кæй цæудзæнис брейн-ринг Къостайы фыст уацмыстæм гæсгæ. Ныууагъта сын хъазт-ерысы Уагæвæрд, цæмæй йемæ лæмбынæгдæр базонгæ уой æмæ сæхи бацæттæ кæной.

Æнæуый тынг раппæлыдис 5-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзауты цæттæдзинадæй, зæгъгæ, абон дæр ма музейы кусджытæ нæ рох кæнынц, уыдон цы зонындзинæдтæ равдыстой, уый æмæ арæх фæкæнынц сæ кой. Уазæг ацыдис æмæ ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнæгимæ æрыв-нæлдтой уагæвæрдимæ зонгæ кæнынмæ. Уæд сарæзтой ахуыргæнинæгтæй къорд, йæ ном ын схуыдтой «Хъуыбады».

Фыццаг этапы хъуамæ уыдаид 5 фарстайы, кæцытæн сæ амонæг уыдис Хъуыбады, афтæ рахуыдтой мадзаламонæджы. Уагæвæрдмæ гæсгæ хъазт хуындис «Ирон фæндыры балц дунемæ».  Уый уыдис англисаг хъазт «Квесте»-йы æнгæс.

Æрывнæлдтой ацы хъазтерысмæ сæхи цæттæ кæнынмæ 6-æм скъолайы ахуыргæнинæгтæ сæ мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытимæ. Инсценировкæйæн равзæрстой поэмæ «Фатимæ»-йæ Фатимæ æмæ Дзамболаты ролтæ сæххæст кæнын. Ахуыргæнджытæй цыдæриддæр аразгæ уыд, сарæзтой æппæт дæр. Бацæттæ сæ кодтой аив кæсынæй, æнæкæсгæйæ сахуыр кодтой, цы сæ домдæуыд, уыцы уацмысты. Фæлæ Фатимæйы ролы ахъазын, Фатимæйы фæлгондз саразын æнцон нæ уыд, уым хъуыд актерон арæхстдзинад дæр æмæ æрбахуыдтой нæ паддзахадон драмтеатры артисткæ Дыгъуызты Жаннæйы. Уый зæрдæбынæй бакуыста ахуыргæнинæгтимæ къуырийы дæргъы, æндæр рæстæг сын нал уыд, æрæгмæ фæдзырдтой Жаннæмæ, фæлæ ахуыргæнинæгтæ афтæ разæнгардæй тырныдтой сæ ролтæ сæххæст кæнынмæ æмæ цымыдисæй хъуыстой Жаннæйы алы фезмæлд æмæ бацамындмæ дæр.

Æмæ æрбалæууыд уыцы бон. Араст сты 6-æм скъолайы ахуыргæнинæгтæ сæ балцы хъазт-ерысы хайад райсынмæ Къостайы хæдзар-музейы. Жаннæ сын театрæй ракуырдта ирон уæлæдарæс æмæ семæ ацыд йæхæдæг дæр. Æдæппæт ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ иууыл иумæ уыдысты 24 адæймаджы бæрц. Уыдоны нымæцы – скъолайы директор дæр. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы скъолайы директор Людмила Александрова кæй у ирон культурæ, ирон аивад æмæ нæ адæмæн чи кад кæны, уыцы уарзон адæймæгтæй сæ иу. Уымæ гæсгæ уый стыр хъусдард здахы се скъолайы мадæлон æвзаджы рæзтмæ æмæ хайад фæисы, ирон æвзаджы тыххæй цы мадзæлттæ арæзт фæцæуы, уым. Ныр дæр та уыд афтæ. Ахуыргæнинæгтæ æндæр æмæ æндæр кълæстæй кæй уыдысты, уымæ гæсгæ семæ ацыдысты сæ къласгæстæ дæр. Ацыдысты цæттæйæ. Семæ ахастой, ирон фынджы æгъдауæн цыдæриддæр хъуыдис, уыдон. Командæйы уæнгтæн балхæдтой хæдæттæ дæр  «Хъуыбады»-йы нывимæ, цæмæй хицæн кодтаиккой иннæ хъазджытæй.

Уыдæттæн хъуыд æхцайы фæрæзтæ, фæлæ скъолайы директор сарæзта æп-пæтдæр, цæмæй сæ хъуыддаг ма фæкъуылымпы уыдаид. Уый тыххæй йын æгæрон бузныг зæгъынц ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæ дæр. РХИ-йы Ахуырады министрад та бацархайдта, цæмæй æдасæй ныххæццæ уыдаиккой.

Хъазты хайадисджытæн ма сæ ацæуыны размæ фæзынд æнæнхъæлæджы  проблемæ дæр. Дзамболаты роль чи æххæст кодта, уыцы лæппуйæн амард йæ дада йæ ацæуыны размæ бон. Катайыл фесты ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ дæр. Ныр ма куыд ахъаздзысты æнæ Дзамболатæй. Уæд ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ Джиоты Заирæ æмæ Челæхсаты Залинæ ирон æгъдаумæ гæсгæ бацыдысты зианджын бинонтæм æмæ сын бамбарын кодтой, ацы мадзал кæй у, нæ республикæйæн ном чи скæна, ахæм. Бинонтæ нæ бакъуылымпы кодтой лæппуйы, зæгъгæ, уый дæр ын тынг æн-хъæлмæ каст йе ‘нтыст фенынмæ.

Æрхæццæ сты бынатмæ. Фысымтæ сыл сæмбæлдысты зæрдиагæй. Семæ хъазыдысты Камбилеевкæйы астæуккаг скъолайы скъоладзаутæ.

Чысыл фæстæдæр хъазт бацыд йæ тæмæны. Æрлæууыдысты жюрийы уæнгты раз 6-æм скъолайы ахуырдзаутæ æмæ мадзал бацæуæн ныхасæй бакодтой сæхи ныхæстыл фыст зарæгæй. Хъазт конд уыд 3 этапæй. Алы этапы дæр 6-æм скъолайы ахуырдзаутæ систы уæлахиздзаутæ.

Жюрийы уæнгтæ уыдысты Хетæгкаты Измаил – Нары хъæуы администрацийы сæргълæууæг, Козаты Петр – историон зонæдты кандидат, Бениаты Валентинæ –  РЦИ-Аланийы ахуырады методикон хайады сæргълæууæг. Уыдон аккаг аргъ скодтой 6-æм скъолайы ахуыргæнинæгты зонындзинæдтæн. Нывæрдтой сын «5». Æрбалæууыд призтæ дæттыны рæстæг æмæ 6-æм скъолайы къорды капитан Плиты Къостайæн, Къостайы æмном кæй уыд, уый бахынцгæйæ йын, Къостайы нывимæ балæвар кодтой кубок. Къорды уæнгтæн ма балæвар кодтой къæлиндартæ дæр. Жюрийы уæнгтæ фехъусын кодтой, хъазт-ерысы уæлахиздзаутæ кæй систы 6-æм скъолайы ахуырдзаутæ. Фæлæ ма хъуыд Къостайы «Хæзна»-йæ чингуытæ ссарын дæр. «Хæзна» æмбæхст кæм уыд, уый ничи зыдта, хъуыд æй агурын. Æмæ йæ агуырдтой дыууæ фарсы ‘рдыгæй скъоладзаутæ дæр. Бирæ фæцагурыны фæстæ йæ Кокойты Аннæ æрбахаста, Къостайы цырт æвæрд кæм ис, уырдыгæй. «Хæзна» æвæрд уыдис йæ быны, æддæмæ куыннæ зындаид, афтæ. Аннæ йæ ссардта æмæ йæ цингæнгæйæ æрхаста, фæлæ Къостайы «Хæзна» уыдонæн ногдзинад нæ уыд, уымæн æмæ уыдон сæхи бацæттæ кодтой уыцы чингуытæй.

Арфæйы гæххæттытæй хорзæхджын æрцыдысты, сывæллæттæн сæ зонындзинæдтæ чи нæ хæлæг кæнынц, сæ тыхтыл чи нæ ауæрдынц, уыцы ахуыргæнджытæ æмæ скъолайы директор Людмила Александрова, Дыгъуызты Лианæ, Цхуырбаты Луизæ, Джиоты Заирæ, Челæхсаты Залинæ, Бесаты Лали, Пухаты Аринæ, Дыгъуызты Заринæ.

Уæдæ кæд ацы хъазт-ерысы мах скъоладзаутæ фæуæлахиз сты, уæддæр уый сæйраг нæу. Сæйраг у дыууæ Ирыстоны фæсивæды ‘хсæн хæлардзинады нæм-гуытæ кæй байтыдтой, æмæ цæгатирыстойнаг хотæ æмæ æфсымæртимæ хæларадон бастдзинæдтæн кæй ахъаз кæнынц. Иннæмæй та, Къостайы уацмыстимæ лæмбынæгдæр кæй зонгæ кæнынц.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.