Æрæджы уыд экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл парламентон комитеты рабадт. Рабадты куысты хайад райстой депутаттæ Джиоты Еленæ, Сланты Иван, Икъоты Сæрмæт, РХИ-йы Хицауады Сæрдар – экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат, хъæууонхæдзарады министр Мæргъиты Алан, РХИ-йы Парламенты Хицауады æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб, Мидхъуыддæгты министрады миграцион службæйы, Паддзахадон æдасдзинады комитетты, æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады  минæвæрттæ.

Мадзал уагъта профилон комитеты сæрдар Тъехты Алан.

Комитеты уынаффæ кодтой, республикæйы кусæгдых кæй нæ фаг кæны, уый тыххæй арæзтадон куыстытæм кусæг мигрантты æрбакæныны фарстыл.

Тъехты Аланы ныхæстæм гæсгæ, республикæ кусæгдыхы хъуагдзинад кæй æййафы, уый тыххæй иуæй-иу амалиуæггæнджытæ æмбæлынц проблемæтыл.

«2008 азæй фæстæмæ махмæ цæуын райдыдтой кусæг мигранттæ. Куыстой арæзтадон объектты, фыстой хъалон æмæ цардысты æххуырст цæрæнуæтты. Уыцы рæстæджы нæм аслам кусæгдых ссарыны проблемæ нæ уыд. Абон ацы хъуыддаджы уавæр тынг æвзæр у. Цæвиттонæн уын зæгъдзынæн уый, æмæ машинæтæ ‘хсæн куыстуат æхгæд æрцыд, кусджытæ йын кæй нæ уыд, уый аххосæй», – банысан кодта комитеты сæргълæууæг.

Уый бахатыд комитеты хицауиуæгады минæвæрттæм, цæмæй сæ хъуыдытæ зæгъой ацы ахсджиаг фарст аскъуыддзаг кæныны  фæдыл.

Тъехты Аланы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ республикæйы реализаци цæуы 2022-2025 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ. Фæнды сæ саразын фермæтæ, цехтæ, фæлæ сæ чи кусдзæн, уый бæрæг нæу. Уымæн æмæ бынæттон цæрджыты нæ фæнды уыцы куыстуæтты кусын.

РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады миграцион службæйы сæрдар куыд хъуыды кæны, афтæмæй ис гæнæн кусæг мигрантты республикæмæ æрбахонын. Æмбæлон процедурæты фæстæ мигрантты æрбакæнæн ис арæзтадон организацитæм кæнæ индивидуалон амалиуæггæнджытæм.

«Хонæн гæххæтт нæм куы æрбацæуы, уæд документтæ арвитæм æмбæлон инстанцитæм. Уыцы процедурæтæн бахъæуы иу мæйы бæрц, уый фæстæ мигранттæн радтæм республикæмæ æрцæуыны бар. Кæд раздæр ковиды аххосæй республикæмæ æрбацæуын æмæ ацæуынæн цыдæр цæлхдуртæ уыд, уæд  ныр та мигрантты кæд фæнды, уæд æрцæуынц æмæ ацæуынц», – загъта миграцион службæйы сæрдар.

Йæ рады РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар банысан кодта, зæгъгæ, сæ министрад кусы «Республикæ Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын æмæ ацæуыны фæткы тыххæй» закъоны проектыл. Куыст цæуы фæсарæйнаг æмбæстæгтæн визæтæ дæттыны фæткыл дæр.

«Мæнмæ гæсгæ фæхуымæтæгдæр кæнын хъæуы республикæмæ мигрантты æрцыды процедурæ. Уымæн æмæ сæ сæр нæхи тынгдæр хъæуы», – банысан кодта Тъехты Алан.

Ацы ныхæстæм РХИ-йы экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат бафтыдта, зæгъгæ, республикæйы хицауад разы у, цæмæй нæм хуынд цæуой æрмæст кусæг мигранттæ нæ, фæлæ алы дæсныйæдты специалисттæ дæр.

«Кусæгдыхы хъуагдзинад нæм ис. Ис нæм арæзтад райтынг кæныны программæтæ, фæлæ нæм кусæгдых куы нæ уа, уæд нын фæзын уыдзæн инвестицион программæйы реализаци. Фæсарæйнаг æмбæстæгты кусынмæ æрхоныны тыххæй кæд Хицауады 2010 азы уагæвæрд нæ кусы, уæд фæхуымæтæгдæр кæнын хъæуы кусæг мигрантты æрцыды фæтк. Уыимæ саразын хъæуы афтæ, цæмæй нæхи æмбæстæгты бартæ хæлд ма цæуой», – загъта Тадтаты Дзамболат.

Уынаффæйы фæстæ комитеты уæнгтæ æрцыдысты иу хъуыдымæ, ома, фæхуымæтæгдæр кæнын хъæуы кусæг мигрантты æрхоныны процедурæ. Уыдон æнæмæнгхъæуæгыл банымадтой цыбыр æмгъуыдмæ «Республикæ Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын æмæ ацæуыны фæткы тыххæй» закъоны проект бацæттæ кæнын.

                                                    Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.