Нæ хæхбæсты фарн æнæфæцудгæ уыд, сæ бæркад – æнæкæрон, фæлæ, хъыгагæн, царды зын уавæрты сæвзæрдимæ сихсыдысты нæ хъæутæ, сæ цæрджытæ фæлыгъдысты хуыздæр цардагур. Ныртæккæ ма дзы чи баззад, уыдоны уавæртæм хъæуы хуыздæр хъусдард.

Дзауы районы Цъоны хъæуы кæд бирæ цæрджытæ нал ис, уæддæр нымад у удæгас хъæуыл. Советон дуджы ацы хъæу нымад уыд, республикæ хъæууон хæдзарадон продукттæй чи ифтонг кодта, уыдонæй сæ иуыл. Хъæуы цæрджытæн уыд æппæт æнæмæнгхъæугæ цардуагон уавæртæ. Хъæу йæхи мидæг дихгонд у сыхгай – Магкотæ, Битетæ, Додтотæ æмæ Чъелетæ. Уыцы рæстæджы се ‘хсæнты цы дæттæ цыд, уым æвæрд æрцыдысты æфсæйнаг хидтæ. Фæлæ рæстæджы цыдимæ фæивтой уавæртæ æмæ ныр сты хъусдардхъуаг. Уæлдай æдзæллагдæр уавæры уыд, хъæуы бацæуæны цы хид ис, уый. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыдон кæд сæ куырдиат бирæ хæттыты бахастой Дзауы районы къухдариуæгадмæ, уæддæр сæ домæн ныронг æххæст не’рцыд. Фæлæ та æрæджы, уыдон бахатыдысты районы сæргъ-лæууæг Джиоты Андреймæ æмæ сын уый сæ домæнмæ æрдардта йæ хъус. «Кæд бирæ азты дæргъы хъусын кодтам районы къухдариуæгадæн, хид тæссаг уавæры кæй ис æмæ цæрджытæ зындзинæдтæ кæй æвзарыныц, уый тыххæй, уæддæр нæм йæ хъус никуы ничи æрдардта. Зымæгон рæстæджыты ацы хидыл ахизын уыд тæссагдæр, уый тыххæй-иу машинæтæ цыдысты доны сæрты æмæ-иу ихджын доны ныссагъдысты. Афтæмæй фæндаггонтæ æййæфтой зындзинæдтæ», – загъта хъæуы цæрæг Джиоты Олеся.

Цалдæр боны размæ  ацы бынаты арæзт æрцыд ног хид, кæцы дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн. Уый тыххæй та районы сæргълæууæг Джиоты Андрей загъта: «Хъæуы цæрджытæн сæ цард кæддæриддæр баст у фосдардимæ. Фосдарды куыст та æнæмæнгæй домы хъæууон хæдзарадон техникæйæ пайда кæнын. Уымæ гæсгæ, хиды арæзтады рæстæджы, хъахъхъæд æрцыдысты ацы уавæртæ æмæ уæззау кусæгон транспортæн хидыл хизын уыдзæн æдас».

Æнгæс уавæры уыд Синагуры хъæуæй ахизæны хид дæр. Ам дæр советон дуджы доны сæрты арæзт æрцыд хъæдын хид, фæлæ алцæмæн дæр ис йæхи æмгъуыд æмæ хид баихсыд. Фæстаг цалдæр азы дæргъы  йыл хизгæ дæр ничиуал кодта, тæссаг кæй уыд, уымæ гæсгæ. Хизын та дзы хъуыд Синагуры хъæусоветы цæрджытæй алкæйы дæр. Ууылты цыдысты скъоламæ, медицинон пунктмæ, милицийы хайад æмæ æндæр куыстуæттæм.  «Ацы доны сæрты фистæгæй ахизæн нæ уыд, хид та уыд æдзæллаг уавæры æмæ адæм æвзæрстой зындзинæдтæ, бирæтæ иу ныххаудысты доны», – радзырдта ацы хъæуы цæрæг Бестауты Мери. Цалдæр боны размæ Дзауы районы къухдариуæгад æрбарвыста кусджыты æмæ ныртæккæ, уыдон куыд зæгъынц, афтæмæй сæ куыст фæуыдзысты цыбыр æмгъуыдмæ.

Ацы хъæуты хидты арæзтæдтæ уыдысты æнæмæнгхъæуæг цæрджыты уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн. Куыстытæ æххæст кæны Дзауы районы Паддзахадон унитарон куыст-уат районы къухдариуæгады домæнмæ гæсгæ. Синагур æмæ Цъоны хъæуты цæрджытæ сæ куыстæй сты райгонд æмæ сын зæгъынц бузныг.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.