Дохтыртæ-психотерапевтты хъуыдымæ гæсгæ фæззыгон депресси æрмæст æвзæр зæрдæйы уаг нæу, фæлæ у низау дæр.

Ахуыргæндты зонæнтæм гæсгæ зæххыл алы фæндзæм цæрæгмæ дæр бахъары фæззыгон депресси. Бон кæй фæцыбырдæр вæййы, арæх кæй уары къæвдатæ, уымæ гæсгæ мах фæцух вæййæм рухсæй, нæ уарзон хуры тынæй, йæ хъармдзинадæй. Фæззæг къаддæр кæны серотонины æмвæзад. Цы пайда у серотонин адæймагæн? Уый хонынц «æхцондзинады гормон», лæмæгъ кæны тыхстдзинады уавæр, хуыздæр кæны зæрдæйы уаг, ахъаз кæны фынæй кæнынæн æмæ аппетитæн.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны дунеон организацийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, депрессийæ хи бахизынæн ис стыр нысаниуæг.

Адæймаг æрхæндæг æнкъарæнты бын цæмæй ма фæуа, уымæн ис цалдæр хуымæтæг, фæлæ бæлвырд уагæвæрды. Уыдонæй фыццаг у рухс.

Ахуыргæндтæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй адæймаг уæззау æнкъарæнты уацары бахауы, афæдзы афонтæ кæрæдзи куы ивынц, ахæм рæстæджы, уæлдайдæр фæззæджы, бон цыбыр кæнын куы райдайы, уæд. Рухс æндавы адæймагæн йæ психикон уавæрыл, дæтты йын цавæрдæр тых. Уымæ гæсгæ рухсыл ауæрдын нæ хъæуы. Талынг хорз у æрмæстдæр фынæй кæнынæн кæнæ та, адæймагмæ æнкъард кæнын куы фæцæуы, ахæм афон. Уæ цæст дарут, цæмæй куысты бынаты дæр, цæрæн хæдзары дæр уа рухс. Куысты рæстæджы сихор кæныны афон зивæг ма кæнут æмæ-иу атезгъо кæнут. Фæллад-уадзæн бонты та сыгъдæг уæлдæфмæ æрвитут ноджы фылдæр рæстæг. Адæймаджы организм хуры рухс тынг агуры æмæ йæ уæхицæн хæлæг ма кæнут.

Дыккаг уагæвæрд – хæринаг. Адæймаг хъынцъм, æрхæндæг кæнын райдыдта, зæгъгæ, афтæ хъуамæ хæрын райдайа исты хæрзад æмæ пайда хæринаг. Организм цух æййафы хъармæй, уымæ гæсгæ домы фылдæр калоритæ. Æгæр бирæ хæрд дæр нæ бæззы, фæлæ уæхи иу-гыццыл абуц кæнут, уæ зæрдæ цы хæринаг зæгъы, уымæй. Рохгæнинаг не сты дыргътæ, халсæрттæ æмæ кальци, магни æмæ æфсæнæй хъæздыг продукттæ дæр, стæй витаминтæ А æмæ С. Гæнæн ис спайда кæнат аптекæйы уæййаг витаминтæй дæр.

Æртыккаг – фылдæр змæлын. Змæлгæ-змæлын тугмæ хæццæ кæнынц уæлдай ахсджиагдæр буарадтæ – эндофринтæ. Дохтыртæ сæ хонынц «амонды» буарадтæ. Æмæ уый хуымæтæджы нæу. Зивæггæнаг адæймаг дзы æййафы цух, фæлæ сæумæрайсомы гимнастикæйы иу цалдæр минуты уын балæвар кæндзысты хорз зæрдæйыуаг æмæ уын уый ахæсдзæн æнæхъæн бон. Боны дæргъы дæр фылдæр змæлыныл архайут, кæнут тезгъо, архайут спортæй. Физкультурæ æмæ спортæй æнæмæнгæй архайын хъæуы алы бон дæр. Ахсджиаг у, цæмæй уыцы архайдæй адæймаг разы уа йæхæдæг. Уæд организм «амонды» буарадæй уыдзæн æфсæст, уæхæдæг та – æнæниз æмæ рæсугъд.

Цыппæрæм – цæрдæг æмæ уæнгрогдзинад. Адæймаг куы слæмæгъ уа, уæд организмæн баххуыс кæндзысты кæрдæджы цайтæ, бальзамтæ, уагълыйы фыхдон æмæ æндæртæ. Чидæртæ пайда кæнынц цай æмæ къофийæ. Уыдон дæр хъару дæттынц, фæлæ сæ пайда бирæ нæу. «Амонды» буарадтæм хауæг серотонин организмы цæмæй фæзына, уымæн хорз у шоколад. Адæймаджы схъарм кæндзæн имбирь.

Фæндзæм – рæсугъддзинад. Архайут ууыл, цæмæй уæ алыварс уа аив – æрдз, фадæттæ, адæм. Уæ куысты бынат, уе стъол хъуамæ уой æфснайд, дзаумæттæ хъуамæ уой рæсугъд æмæ циндзинад хæссæг. Арæхдæр цæут музейтæм, равдыстытæм, хъусут æхсызгон æнкъарæнтæ хæссæг музыкæмæ. Уазал рæстæджы фылдæр пайда кæнут сырх ахорæнæй. Бур æмæ бурбын хуызтæ дæттынц тых. Цъæх хуыз адæймаджы кæны сабыр, аразы йын зæрдæмæдзæугæ, æнцонвадат уавæртæ.

Æхсæзæм – бастдзинад. Уæ ахаст-дзи-нæдтæ æнгомдæр кæнут æмæ уæхи арæхдæр бæттут уæ хæстæджытимæ, зон-гæтимæ, æхсызгондзинад уын кæй фенд хæссы, ахæм адæймæгтимæ.

Æвдæм  хъуыды кæнут сомы боныл. Плæнттæ кæнын, нысæнттæ æвæрын хорз у. Уæхи цæмæй ирхæфсдзыстут, зæрдæйæн æхцондзинад хæссæг ахæм монцтыл рагацау хъуыды кæнут, æвзарут уæхицæн уæлæ-дарæс, хи рæсугъдгæнæн дзаумæттæ. Уæхи ирхæфсут, адæймаджы кæм срæсугъд кæнынц, ахæм салонтæм цæуынæй, ног дзау-мæттæ æлхæнынæй, уазæгуаты цæуынæй, спортæй архайынæй. Рагацау кæй сфæнд кодтат æмæ æнхъæлмæ кæмæ кастыстут, уыцы нысæнттæ алкæддæр уæ къухы хъуамæ æфтой.

Америкæйæгтæ фæтых вæййынц фæз-зæджы депрессийыл психотера-певтты æх-хуысæй. Баххуыс кæнынц квалификациджын специалисттæ æмæ адæймаг ацæуы хъæл-дзæгæй, ног къахдзæфтæ кæнгæйæ, «аме-рикаг бæллицмæ».

 

Пайдайы амындтытæ, куыд фервæзат фæззыгон депрессиийæ

Депрессийæ фервæзын кæндзæн, зæрдæ-йы уаг дын цы фæхуыздæр кæна, уый. Цурк цуркæй æппарын хъæуы.

* Хæдзары уæвгæйæ, алы ран дæр ссудзут рухсытæ, архайут, цæмæй уæ алыварс уа хъулон-мулон дзаумæттæ, скæнут, тар нæ, фæлæ ирдгъуыз дзаумæттæ.

* Хæрут апельсинтæ, цымут, серотонин бирæ кæм ис, ахæм продукттæ, зæгъæм, шоколад, банантæ, инжир, финиктæ. Архайут, цæмæй уæ хæринæгтæ æгæр сой æмæ калориджын ма уой. Фылдæр хæрут халсæрттæ, дыргътæ, гагадыргътæ.

* Цымут натуралон цайтæ алыгъуызон кæрдæджытæй.

* Хæдзары кæд ничи ис, иунæгæй стут, уæд уæхи стухут фæлмæн пледы, райсут хорз чи-ныг, бакæсут. Райсут альбомтæ, уæ зæрдæ-йæн æхсызгон къамтæ кæм ис, ахæмтæ.

* Бакæсут телевизормæ, хорз фильмтæм.

* Фæззæджы дæр бирæтæ зымæгмæ кæнынц æвæрдтытæ. Уымæй дæр, æрмæст халсæрттæ æмæ дыргътæ нæ, фæлæ ма алыгъуызон кæрдæджытæ, гагадырдгътæ, цæмæй зымæджы дæргъы цымат алыгъуызон цайтæ æмæ дæттæ. Бафæзмут сæ сымах дæр.

* Архайут, цæмæй фынæй кæнат афоныл, баулæфын кæнут сæры магъз æнкъард хъуыдытæй.

* Депрессийæ цæмæй рахизат, уый тыххæй хъæуы змæлын, архайын. Уæ хъус æрдарут спортмæ. Алы бон цæут сыгъдæг уæлдæф-мæ.

Сæйраджыдæр, бауарзут уæхи! Бауарзут, уæ алыварс чи ис, уыдон. Архайут ууыл, цæ-мæй уæм уа фылдæр хорз, ныфсы хъуыдытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.