2008 азы 4 октябры арæзт æрцыд къухдариуæгады æххæсткæнынадон орган, кæцыйыл æвæрд æрцыдысты уæлвæткон æмæ æндæр техногенон уавæрты цæрджыты æмæ республикæйы территори хъахъхъæнын. Уый уыд Уæлвæткон уавæртæ, æмбæстагон хъахъхъæнынад æмæ стихион æнамонддзинады фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл министрад. Уæдæй абоны онг намысджынæй æххæст кæны йæ разылæууæг хæстæ. Министрад конд у управленийæ, материалон-техникон ифтонгады взвод, агурæн-ирвæзынгæнæн отряд æмæ зынгсирвæзты ныхмæ тохы хайæ.

Министрадыл фараст азы сæххæсты цытæн сæм арфæ кæнынмæ æрбацыд бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли.

Президент Бибылты Анатоли йæ раздæры коллегæтæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн ракодта зæрдиаг арфæтæ.

«Æхсызгон мын у сымахимæ уæды куысты рæстæг мысын. Ныфс мæ ис, уæ разы уын Республикæйы къухдариуæгад, адæм цы хæстæ æвæрынц, уыдон намысджынæй кæй æххæст кæндзыстут.

Министрады кусгæйæ цы профессионалон цæттæдзинад хъæуы зынгсирвæзты ныхмæ тохгæнджыты, ирвæзынгæнджыты, дæлдондзогты, саперты, уый бонæй-бон хуыздæр кæндзыстут. Уæ разы цы хæстæ лæууы, уыдон баст сты комкоммæдæр адæмæн хæрз-вадат уавæртæ аразынимæ. Уæлвæткон уавæрты сымах æрцæут фыццаг æххуысмæ, зынгсирвæзты рæстæджы дæр стут фыццæгтæ, стихион æнамонддзинады дæр – афтæ. Уымæ гæсгæ сымахæй домдæуы бæрæг бæрндзинад, бæрæг цæттæдзинад æмæ ахаст уæ профессионалон æмæ службæйон хæстæ æххæст кæныны. Кæй зæгъын æй хъæуы, уадз хызт уæм ахæм хъуыддæгтæй, фæлæ бахъуыды рæстæджы стут уæ профессионалон хæстæм цæттæ», – дзырдта Президент.

Бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта министрады службæгæнджыты хорз ахаст куыстмæ. Куысты, зæгъгæ, фæтк куы уа, уæд размæ дæр цæудзæн.

Уæлвæткон уавæрты министрады коллективы номæй Президент Бибылты Анатолийæн бузныджы ныхæстæ загъта уагдоны къухдариуæггæнæг Тадтаты Алан.

«Министрады æгас коллектив абоны онг дæр Бибылты Анатолийы нымайы йæ командирæй. Дæ номæй дзырд дæттын, нырæй фæстæмæ дæр Уæлвæткон уавæрты министрад аккагæй кæй æххæст кæндзæн йæ разылæууæг хæстæ. Ныртæккæ дæр ам чи ис, йæ службæйон хæстæ чи æххæст кæны, уыдон уыхсчытыл ис стыр бæрндзинад», – банысан кодта министр.

Тадтаты Алан дæр къорд службæгæнæджы схорзæхджын кодта ведомствæйы майдантæй. Министрады иуæй-иу кусджытæн лæвæрд æрцыд афицеры чинтæ. Уæлвæткон уавæрты министрады хаххыл Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæтты чи ахуыр кодтой æмæ ныридæгæн чи кусы, уыдон иу хайæн дæр лæвæрд æрцыд фыццаг сæрмагонд чинтæ.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.