Уый зонынц Ирыстоны дæр æмæ Ирыстон кæм ис, уый кæм нæ зонынц, ахæм рæтты дæр, уымæн æмæ фарны, кад æмæ намысы лæг у. Зонадон дунейы дæр, журналистикæйы къабазы дæр æмæ æхсæндунеон нысаниуæджы хъуыддæгты дæр активон хайадисæг у. Æмæ йæ зонынц, аргъ ын кæнынц, нымайынц æй. Историон зонæдты доктор, фыссæг, журналист, æхсæнадон архайæг – æмæ чи фæуыдзæн нымад, Мæхæмæтты Алиханы фырт Ахуырбег йæ раттæг адæмæн цы бавæййаг у, æппæт уыдæттæ…

 

Хъыгагæн, Ирыстонæн йæ хуссар хайы афтæ популярон нæу, йæ цæгат хайы куыд у. Фæлæ хъуамæ рох ма уой йæ лæгкæдтæ Ирыстонæн йæ хуссар хайы дæр. Ахуырбег Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ректор куы уыд (ныртæккæ – йæ президент), уæд ын уæлдай хъарм ахаст уыд Хуссар Ирыстонмæ, уæлдай рæвдыд дзы æййæфтой, университеты хуссарæй чи ахуыр кодта, уыцы студенттæ. «Уыдон хæсты сывæллæттæ сты, дугивæн уыдоны карздæрæй бафхæрдта, æмæ сæ мачи фæхъыг кæнæнт», – дзырдта-иу йæ дæлбар кусджытæн. Уæдæ Ирыстонæн йæ хуссар хайы периодикон мыхуыр къуырццдзæвæны куы бахауд, уæд дæр нæ цæгатаг æфсымæртæй Ахуырбегæй зæрдиагдæрæй ничи балæууыд не нцой, фæлæ ацы фарст сæрмагонд ныхасы аккаг у.

Нæ номдзыд æмзæххонæн йæ профессионалон фæндаг хæрз сабийæ  райдыдта. Чысыл лæппу ма уыд, афтæ райдыдта фыссын уацхъуыдтæ куыд районон, афтæ республикон газеттæм дæр. Уацхъуыдтæ фыста æмæ йын сæ зæрдиагæй мыхуыр кодтой æппæтцæдисон газет «Пионер»-ы дæр. Æвзонг лæппуйæн йæ куыстадон фæндаг та райдыдта радиокомитеты уацхæссæгæй. Фæстæдæр йæ тыхтæ бафæлвæрдта уæлдæр ахуырад райсыны хъуыддаджы дæр æмæ ссис, студентæй ректоры онг кæм сырæзт, уыцы университеты историон-филологон факультеты студент. Уый æмрæстæджы куыста фæсивæдон газеты литкусæгæй. Цалдæр азы фæстæ та – телеуынынады редакторæй. Уый фæстæ царды асинтыл хизын райдыдта иу къæпхæнæй – иннæмæ, ивтой йæ иу бæрнон бынатæй ноджы бæрнондæр бынæттæм, фæлæ уæддæр телеуынынады цы азтæ батыдта, уыдон уæлдай æхсызгондæр мысинагæн баззадысты йæ удрæбын.

Ахуырбегы уæрæх дзыллæтæ зонынц куыд фыссæг æмæ публицист, афтæ. Уый у Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, Гæдиаты Цомахъы номыл премийы фыццаг лауреат, у æртæ фондзыссæдзæй фылдæр зонадон куысты, иу минæй фылдæр публицистон уацы автор. Йæ литературон цардвæндаг дæр хæрз æрыгонæй райдыдта, йæ фыццаг чиныг «Адæм, уæ фырт уæм дзуры» рухс федта, йæ автор ма скъолайы куы ахуыр кодта, уыцы рæстæджы. Чиныг у хæсты темæйыл фыст, æмæ хæсты темæ æнæссæугæ, æнæсивгæ фæд ныууагъта йе сфæлдыстады, уымæн æмæ, кæд йæхæдæг хæсты хайадисæг нæ уыд, уæддæр ын хæст йæ царды фæндагыл уæззау фæд ныууагъта.

Куыд педагог, хъомылгæнæг, афтæ та йæ царды фæндаг райдыдта Цæгат-Кавказы арæзтадон техникумæй. Фæстæдæр кусынмæ бацыд зенитон-ракетон ахуыргæнæндонмæ. Куыста газеттæ «Молодой коммунист» æмæ «Рæстдзинад»-ы уацхæссæгæй. Цалдæр азы акуыста Хъæууонхæдзарадон институты дæр. Æмæ 1982 азы бахызт, кæддæр студентæй кæй къæсæрыл бахызт, уыцы университеты къæсæрæй. Университет ссис йæ царды нысан, йæ  хъысмæт. Ам хистæр зонадон кусæгæй сырæзт  профессоры онг. 1990 азы Мæхæмæтты Ахуырбег ссис университеты ректор. Уыцы æмтъеры дуджы фæдфæливæнтæм æнæ кæсгæйæ йæ къухдариуæгадæй университет цырд къахдзæфтæй ныллæуыд рæзты фæндагыл. Университеты фæзынд ног факультеттæ, ног дæсныйæдтæ: социологи, плихологи, журналистикæ, фармацевтикæ, театр æмæ киноаивады факультет æмæ афтæ дарддæр. Кæрæдзийы фæдыл рæзын райдыдтой ног ахуыргæнæн æмæ лабораторион корпустæ, фæзынд ын йæхи типограф, сырæзт дзы, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм уазæгдон, кæцы чысыл æфтиаг нæ хаста университеты хæдзарадон проблемæтæ скъуыддзаг кæныны хъуыддагмæ. Цыбыр рæстæгмæ университет ссис Ирыстоны  зонадон, ахуырадон æмæ культурон центр.

Ахуырбеджы хъæппæрисæй университеты фæзынд æртæ советы – истори, экономикæ æмæ филологийы фарстаты фæдыл. Æнæхъæн Кавказ æмæ Уæрæсейаг хуссар хайæ дæсгай ахуыргæндтæ ацы университеты бахъахъхъæдтой  куыд кандидатон, афтæ докторон диссертацитæ дæр. Уыдонæй дыууынæй фылдæрæн Ахуырбег йæхæдæг уыд зонадон къухдариуæггæнæг. Йæ царды сæйраг æмбæлццон чи ссис, уыцы университеты кусы абон дæр. Ныртæккæ Ахуырбег у университеты президент. Йæ коллегæтæ йæ нымайынц куырыхон зондамонæгыл, бахъуаджы рæстæджы алкæй фарсмæ дæр чи балæудзæн, ахæм фарны хистæрыл. Абон ыл сæххæст 85 азы. Бирæ арфæтæ райста Уæрæсейы Федераци, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы зонæдты сгуыхт архайæг, профессор Мæхæмæтты Ахуырбег йæ юбилейы фæдыл. Уый у ирзонады зонадон интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæй сæ иу, курдиатджын журналист, арæхстджын кухдариуæггæнæг æмæ организатор, бирæ, æнæкæрон бирæ сты йæ лæгкæдтæ Ирыстон æмæ ирон адæмы раз æмæ йын уый тыххæй аргъ кæнынц адæм, уымæн ын ис ахæм стыр кад, уымæн ыл æууæндынц адæм. 85 азы цъус не сты мидисджын æвæллайгæ цард кæнынæн, фæлæ нырма уæнгрог æмæ куыстхъом у Ахуырбег, нырма дзы æнæкæрон ныфсытæ æвæрынц йæ иузæрдион коллегæтæ, бирæ хæрзиуджытæм æм æнхъæлмæ кæсынц нæ фидæны ахуыргæндтæ, нæ сомбон аразджытæ.

Дыгургомы, 1936 азы кæфты мæйы кæрон нæ абоны юбиляр, номдзыд ахуыргонд æмæ курдиатджын адæймаг Мæхæмæтты Ахуырбег кæм райгуырд, уыцы рагон æмæ историон хъæу Дур-Дур æрмæст Ахуырбеджы авдæн нæу, ноджы ма бирæ номдзыд лæгтæ радта Ирыстонæн. Ацы хъæуы райгуырдысты  нæ номхæссæны нывгæнæг Тугъанты Махарбег, æнæхъæн дунейыл хъуыстгонд инæлар Тугъанты Аслæнбег æмæ бирæ æндæртæ. Алиханы цардбæллон лæппумæ æндæр фæндаг каст æнхъæлмæ, уый царды æндæр къабæзты фæллой кæнгæйæ, зонадон, сфæлдыстадон æмæ педагогон архайды царды  бæрзæндтæм схизгæйæ  хъуамæ бафтыдтаид уæлдай кад йæ хъуыстгонд райгуырæн хъæуы кадмæ. Цыма йыл ахæм ном дæр уый тыххæй сæвæрдтой –  Ахуырбег… Кæй никуы фæхудинаг кодта, йæ раттæг адæм æхцонæй æмæ сæрыстырæй кæй дзурынц, уыцы ном. Раджы заманты ноггуырдтыл нæмттæ æвæрыны хæс æвæрд уыд мыггаджы, хъæубæсты куырыхон хистæртыл. Номæвæрæггаг-иу райстой лæвæрттæ дæр. Æмæ, æвæццæгæн, Ахуырбегыл ном чи сæвæрдта, уый уымы бæсты дæр йæхи нымайдзæн амондджыныл, йæ номæвæрд кæй фесгуыхт, уый тыххæй.

Куыд ма загътам, афтæмæй Мæхæмæтты Ахуырбегы йæ мидисджын æмæ дæргъвæтин царды фæндаг фæстæмæ бакодта, кæддæр æй зонындзинæдты авдæны фыццаг хатт чи ауызта, уыцы университетмæ. Фæлæ уал уæдмæ æрыгон рауагъдон журналистикæйы къабазы кусгæйæ фидардæр æмæ арфдæр кодта йæ зонындзинæдтæ, йæ профессионалон архайд æххæст кæнгæйæ цы бирæнымæц ахуыргæндтæ æмæ номдзыд лæгтимæ æмбæлд, уыдоныл ахуыр кодта йæхи, йæ зæрдæмæ сын æввæхс иста сæ хъысмæт, фæзмыдта сæ сæ бакæнгæ хъуыддæгты. Æмæ йын уый стыр ахъаз фæцис йæ дарддæры фæндагыл цæугæйæ.

Цымыдисаг уый у, æмæ Мæхæмæтты Ахуырбегæй кæй райдыдта, университетæн ректор «уæлейæ» нысан кæнын нæ, фæлæ æвзарыны фæтк. Уæды онг университетæн ректортæ нысан кæныны хъуыддаджы, æрмæст республикæйы хицауад нæ, фæлæ æгæрстæмæй Мæскуы дæр хæццæ кодта йæхи. Фæлæ 1990 азы Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Галазты Æхсарбеджы республикæйы сæргълæууæгæй куы снысан кодтой, уæд университеты коллектив фидарæй бадзырдтой, ацы хатт та нæхæдæг равзарæм нæхицæн ректор, зæгъгæ. Кæд «уæлейæ» бирæ ныхмæдзурджытæ уыд, уæддæр нал басастой сæхи, акодтой сæхи фæнд æмæ цалдæр кандидаты хсæн  сæхицæн ректорæй сæвзæрстой Мæхæ-мæтты Ахуырбегы. Æмæ абон дæр сæхи амондджыныл нымайынц, сæрыстыр сты сæхицæй, ахæм раст æмæ ахсджиаг равзæрст кæй сарæзтой, уый тыххæй.

Номдзыд ахуыргонд æмæ æхсæнадон архайæджы бирæ тыхтæ бахардз кæнын бахъуыд цыбыр æмгъуыдмæ университеты ахæм бæрзонд æмвæзадмæ сисыны тыххæй, фæлæ йын уыцы тыхтæ агургæйæ нæ уыдысты, йæ удысконды уыдысты уæдыонг дæр, ныр сын æрмæстдæр фадат фæцис сæхи равдисынæн. Уый æмрæстæджы иуварс нæ ахæцыд йæхисæрмагонд зонадон куыст кæныныл дæр. Цыбыр рæстæджы дæргъы йæ къухы бафтыд, æнæхъæн дунейыл кадджыны ном чи хæссы, ахæм дыууæ академийы уæнг суæвын. Æвзæрст æрцыд Цæгат Ирыстоны Ректорты советы сæрдарæй, уый æмрæстæджы уыд Уæрæсейы Федерацийы Уæлдæр ахуыргæнæндæтты централон советы уæнг дæр.

Куыд фæзæгъынц, стыр фурдæн, дам, стыр уылæн вæййы – кæд уыцы азты бæстæ раууатмæ æрцыд, дугивæн стыр цæлхдуртæ сæвæрдта зонад æмæ ахуырады рæзтæн дæр, уæддæр Ахуырбег йе онг нæ ауагъта, хъæддыхæй æрлæууыд дуджы цæвæнты ныхмæ. Æнæмæнгхъæуæг бастдзинады тæгтæ æрмæст Уæрæсейы фæлгæтты нæ агуырдта – аххæсыд суанг дард фæсарæнтæм дæр. Æмгуыстад кæнын æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæныны фæдыл бадзырдтæ сарæзта Америкæйы Иугонд Штаттæ æмæ Китайы зындгонд университеттимæ дæр. Хъуыддагон бастдзинæдты фæдыл бадзырдтæ сарæзта Герман, Канадæ, Сири,  Франц, Ирланди, Хуссар Корейæ, Болгари, Турк æмæ æндæр бæстæты уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ.

Уый бæрц æнтыстытæ куыд, цы хуызы бафтыдысты йæ къухы, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, диссаг у. Фæлæ Ахуырбегы хорз чи зоны, уыдонмæ уымæй диссаг рагæй ницыуал кæсы. Сахуыр ыл сты, царды æнтыстдзинæдтæ къухы бафтын кæныны хъуыддаджы сын рагæй у цæвиттойнаг. Уымæн йæ рафæлдисæг рæдауæй балæвар кодта куырыхон зонд, адæмимæ иумæйаг æвзаг арыны, цыфæнды хъуыддагæн дæр йæ фæстиуджытыл рагацау ахъуыды кæныны арæхстдзинад. Йæ адæмы, йæ дзыллæйы цин æмæ рыстæй кæй цæры, уымæн дæр ис ахадæн фæстиуæг: кæддæриддæр æнкъары йæ раттæг адæмы фарсхæцынад, сæ иузæрдиондзинад, сæ удылтайгæ ахаст. Æмæ адæймагæн та, царды бæрзæндтæм тырнæг адæймагæн сæйраг уыдон сты.

Бирæ сты Мæхæмæтты Ахуырбегы лæгæдтæ Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетæн дæр. Сæрибардзинады сæрвæлтау тохы рæстæджы уый зæрдиагæй балæууыд нæ университеты ахуыргæнджытæ æмæ студентты фарсмæ. Уыцы хæццæ дуджы Ахуырбегы фæрцы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты рауагъдонтæн фадат фæцис, Уæрæсейы Федерацийы дæр нымад чи цыдаид, ахæм дипломтæ райсынæн. Уый та уыцы рæстæджы æгæрон æмæ æвæджиауы æххуыс уыд нæ рауагъдонтæн. 2008 азы августы хæсты хæдфæстæ Мæхæмæтты Ахуырбег фæндон бахаста, цæмæй, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет йæхимæ райса Хуссар-Ирыстойнаг сыгъд университеты студентты, куысты бынæттæй сифтонг кæна университеты ахуыргæнджыты. Ахæм зæрдиаг ахаст, ахæм зæрдæбын æххуыс макуы хъуамæ ферох кæна Хуссар Ирыстон. Æмæ йæ нæ рох кæны. Хорзæхджын æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны уæлдæр паддзахадон хорзæх «Кады Нысан»-ы орденæй, лæвæрд ын æрцыд  Республикæ Хуссар Ирыстоны зонæдты сгуыхт архайæджы кадджын ном.

Ацы ахуыры аз æрмæст йæ райгуырæн боны фæдыл юбилей нæ нысан кæны нæ кадджын юбиляр – нырма уал йæхи, 85 азы сæххæсты юбилей; Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректорæй йæ сæвзарыныл сæххæст 30 азы; 15 азы размæ нысангонд æрцыд университеты президентæй; 25 азы размæ йын лæвæрд æрцыд «Уæрæсейы Федерацийы Зонæдты сгуыхт архайæджы» ном; 20 азы размæ йын лæвæрд æрцыд «Уæрæсейы Федерацийы Уæлдæр ахуырады кадджын кусæг»-ы ном; 35 азы размæ йын лæвæрд æрцыд профессоры ном; 100 азы сæххæст йæ уарзон университеты байгомыл…

Йæ юбилейы фæдыл алы хатт дæр бирæ зæрдæбын арфæтæ райсы,  æгæрстæмæй дард фæсарæнтæй дæр, фæлæ йын алы хатт дæр уæлдай æхсызгон вæййынц, йæ цард кæмæн снывонд кодта, уыцы университеты ахуыргæнджытæ æмæ студентты арфæтæ. Ныр дæр та йын университеты ректорат, ахуырадон совет, ахуыргæнджытæ, студенттæ æмæ техникон кусджытæ, службæгæнджытæ сæ иумæйаг афæйы зæрдæбынæй зæгъынц:

«Нæ зынаргъ Ахуырбег Алиханы фырт! Ды царды гуыргъахъ фæндæгтыл кæддæриддæр цæуыс сæрбæрзондæй, дæ уарзон адæмæн, Ирыстонæн, Уæрæсейæн рæдауæй дæттыс дæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад. Иугæндзон дæ фарсмæ лæууынц дæ хæлæрттæ, де мхъуыдыгæнджытæ, дæ хъомылгæнинæгтæ. Уыдонæй бирæтæн дæ иузæрдион æххуысы фæрцы сæ къухты бафтыд стыр æнтыстытæ куыд зона-ды, афтæ аивады æмæ рухсады дæр, бирæтæ дзы систы разамонджытæ, номдзыд паддзахадон æмæ æхсæнадон архайджытæ. Уарзæм дæ, аргъ дын кæнæм, сæрыстыр дæ стæм!».

Амондджын у Ирыстон, Ахуырбегы хуызæн лæгтæ дзы кæй цæры æмæ фæллой кæны, уымæй. Æмæ бузныг зæгъын æмбæлы дунесфæлдисæг иунæг кадджын Хуыцауæн, йæ цæст нын ахæм гуырдтæ кæй бауарзы, уый тыххæй. Стыр лæг у Ахуырбег. Бирæ сарæзта Ирыстонæн, æвæджиауы хæрзты бацыд йæ раттæг адæмæн. Фæлæ йæхицæн кады, цыты нæмттæ нæ домы, нæ агуры. Цæры æрмæстдæр иу фæндиагæй: йæ Ирыстон дидинæфтаугæ æмæ размæдзыд куы уаид, йæ уарзон ирон адæм  амондджынæй, зæрдæрухсæй сабыр арвы бын  куы цæриккой. Гъемæ Хуыцау зæгъæд, Ирыстон æмæ Ахуырбег кæрæдзийы фæндиаг уæд!

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.