Хъесаты Валодяйы райгуырдыл сæххæст 90 азы

 

2015 аз мæ мысынады баззад, Ног азы райдианы ирон журналистикæйы къабазыл уæззау зиæнттæ кæй æрцыд, уымæ гæсгæ. Авд азы размæ, 2015 азы февралы мæйы нæм Цæгат Ирыстон-Аланийæ радон хатт æрыхъуыст уæззау хабар. Ирон журналистикæйыл та æрцыд стыр зиан. Цалдæр азы рынчын ахæссыны фæстæ цардæй ахицæн Уæрæсейы Федераци æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, ССР Цæдисы Журналистты цæдисы уæнг, Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист, публицист æмæ диссаджы хорз адæймаг Хъесаты Валодя Алыксандры фырт. Кæд авд азы рацыд, уæддæр æй тынг хорз хъуыды кæнын, куыд тынг зын уыд зæрдæйæн, ахæм куырыхон, хæларзæрдæ, йæ радтæг адæмы аккаг фырт æмæ æцæг патриоты амæлæты хабар фехъусын. Уыимæ 2015 азы райдианы, ома, уымæй иу мæйы размæ цардæй ахицæн газет «Рæстдзинад»-ы ныфсы кусæг Цомайты Ростислав, уый фæстæ та фæзиан ноджы ацы редакцийы иу ахæм ныфсы кусæг Малиты Хасан. Æртæ дæр – æйттмардзæ журналисттæ, ирон литературон сфæлдыстады къæбицмæ аккаг хуынтæ чи бахаста, ахæм ахъаззаг кусджытæ, мадæлон æвзагæн стыр аргъ чи кодта, йæ рæзтыл ын чи куыста, ахæмтæ уыдысты се ‘ртæ дæр. Валодяйы уæззау хабар фехъусгæйæ дæр та зæрдæдзæфтæ фесты газет «Хурзæрин»-ы кусджытæ æмæ кæрæдзийы фарстам: Цæмæн? Цæмæн æрцыд ирон журналистикæйы къабазыл ахæм уæззау зиæнттæ, æнæуый дæр нæм ацы къабазы ахæм бирæ дæсны специалисттæ куынæ ис, уæд? Æвæццæгæн, уымæн æмæ æцæгæйдæр мæлæт дæр хуыздæрты равзары. Фæлæ мæ абон æрымысын фæнды куырыхон æмæ уæздан хистæр, стыр адæймаг, хæларзæрдæ æмкусæг, газет «Рæстдзинад»-ы раздæры сæйраг редактор Хъесаты Валодяйы рухс ном. Ацы диссаджы фарны лæджы райгуырдыл знон сæххæст  90 азы.

Хъесаты Валодя райгуырд 1932 азы 15 июны Захъайы хъæуы. Уый бирæ азты дæргъы фæкуыста бирæ бæрнон бынæтты æмæ алы ран дæр ныууагъта йæ хорзы ном. 1958 азы Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историон-филологон факультет каст фæуыны фæстæ кусын райдыдта ахуыргæнæгæй Нартыхъæуы астæуккаг скъолайы. 1960-1962 азты куыста Цæгат Ирыстоны Культурæйы министрады методикон хайады сæргълæууæгæй, 1962-1974 азты уыд Коммунистон партийы Горæтгæрон райкомы дыккаг секретарь. 1974-1979 азты Хъесаты Валодя уыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театры директор, 1979-1985 азты та уыд Коммунистон партийы Цæгат Ирыстоны обкомы мыхуыры, телеуынынад æмæ радиойы секторы сæргълæууæг, Цæгат Ирыстоны обкомы пропагандæ æмæ агитацийы хайады сæргълæууæджы хæдивæг, фыццаг секретары æххуысгæнæг, 1985 азы та куыста Цæгат Ирыстоны Культурæйы министрæй. Уыд РЦИ-Аланийы Уæлдæр Советы депутат. 1988 азы нысан æрцыд газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редакторæй æмæ дзы æнтыстджынæй фæкуыста 2003 азмæ, цалынмæ уæззау низ йе уæнгтæм нæ баирвæзт, уæдмæ.

Курдиатджын журналисты сфæлдыстадон архайд бирæвæрсыг уыд, иронау фыста очерктæ, радзырдтæ, пьесæтæ, публицистон уацтæ, зонадон æмæ методикон куыстытæ. Хицæн чингуытæй йын мыхуыры рацыдысты: «Ирыстоны зæрдæ, «Зæринджын», «Мæсыгамайджытæ», «Ирон цуанæтты æгъдæуттæ æмæ æвзаг» æмæ æндæртæ. Газет «Рæстдзинад»-ы 80 азы юбилеймæ та Хъесаты Валодяйы хъæппæрисæй мыхуыры рацыд чиныг «Цардайдæн» – газеты азфыст. Йæ разамындæй газет бæрзонд æмвæзадмæ кæй схызт, уымæн æвдисæн уыд, газет «Рæстдзинад»-æн 2000 азы Хетæгкаты Къостайы номыл преми лæвæрд кæй æрцыд, уый дæр.

Хъесаты Валодяйы ном хорз зындгонд уыд хуссарирыстойнаг ирон мыхуырæн табугæнджытæн. Стыр кад ын кодтой куыд цæгаты, афтæ хуссары дæр. Ахæм диссаджы, куырыхон, уæздан, зæрдæхæлар, æмгар-уарзаг, стыр зæрдæйы хицау æмæ æцæг интеллигентон адæймæгтæ æгæр скадавар сты ацы уæззау æмæ æгъатыр рæстæджы. Нæ царды арæх нал æмбæлæм ахæм хуыцауæй ратгæ уæздан адæймæгтыл æмæ йын уæлдай кад уымæн кодтой йæ хуссарирыстойнаг коллегæтæ дæр. Хъесаты Валодя газет «Рæстдзинад»-мæ фарны къах æрбахаста, йæ дæлбар кусджытæ-иу куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ йе ‘рбацыдæй сæ куыст фæрæвдздæр, коллектив фенгомдæр, газеты фæрстæ фæхъæздыгдæр сты алыгъуызон цымыдисон æрмæджытæй. Уый ма архайдта дыууæ Ирыстоны æмбæстæгты, дыууæ ирон газет «Рæстдзинад» æмæ «Хурзæрин»-ы коллективты кæрæдзимæ æрбаввахсдæр, æрбангомдæр кæныныл æмæ йын æнтысгæ дæр кодта. Газет «Рæстдзинад»  æмæ газет «Советон Ирыстон»-ы раздæры куырыхон æмæ зæрдæхæлар редактортæ Хъаныхъуаты Валодя æмæ Куымæридтаты Алыксандр бындур цы хорз хъæппæрисæн æрæвæрдтой, дыууæ коллективæн æрвылаз дæр сфæлдыстадон фембæлдтытæ организаци кæныны фæдыл, уый райзæрдæйæ дарддæр кодтой сæ фæдонтæ Хъесаты Валодя æмæ Харебаты Леонид, Гæбæраты Юри, цалынмæ ацы куырыхон адæймаг газеты сæргъ лæууыд, уæдмæ. Мæнæ цы фыссы Харебаты Леонид йæ чиныг «Мæ мысинæгты»-йы Валодяйы тыххæй: «Сабыр, уæзбын лæгæй базыдтон газет «Рæстдзинад»-ы редактор Хъесаты Валодяйы, зонгæ та баистæм, нæ дыууæ дæр директортæй куы куыстам, уæд. Валодя куыста Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театры директорæй. Æз та куыстон Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры директорæй. Валодя Цхинвалмæ æрцыд, цæмæй Цæгат Ирыстоны театр гастролты æрцыдаид Цхинвалмæ. Хъуыд рæстæг равзарын гастролтæ ауадзынæн. Бадзырдтам: мах ацæудзыстæм фалæмæ, уыдон та æрцæудзысты махмæ. Мæ рæстæджы Валодя театры бирæ нал акуыста, ракодтой йæ Цæгат Ирыстоны обкомы агитаци æмæ пропагандæйы хайадмæ. Дыккаг хатт дæр та нæ хъысмæт «сиу» кодта. Валодя нысан æрцыд газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редакторæй æмæ уымæй чысыл фæстæдæр та мæн снысан кодтой газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редакторæй. Ам мах бынтон сæнгом стæм, æрвылаз дæр нæ коллективтæ кæрæ-дзимæ цыдысты æмæ кæрæдзийæн дзырдтам нæ риссаг фарстатæ.

Хорз хуынимæ нæм æрцыд Валодя газет «Хурзæрин»-ы рацыдыл æвдай азы сæххæсты цытæн юбилеймæ. Æгъдау куыд амоны, афтæ юбилейы бон фынг æнæмæнг у, уæлдайдæр та – газеты рацыдыл æвдай азы сæххæсты бон. Ленингоры районы администраци нын стыр лæггад бакодта, нæ фынгæн нын аргæвста гал. Хорз рæстæг арвыстам не ‘рхонгæ уазджытимæ, ам уыдысты нæ республикæйы хицæуттæ æмæ районты разамонджытæ. Кувæг уыдис филологон зонæдты кандидат, куырыхон Харебаты Димитр, уый алкæй тыххæй дæр загъта хъарм ныхас, фæлæ уыцы хъарм ныхæстæй æппæтæй фылдæр æрхауд Хъесаты Валодямæ. Мæнмæ куывды бар куы æрхаудта, уæд цыбыртæй загътон, зæгъын, нæ газеты фæндæгтæ иу ранмæ цæуынц, ацы хъуыддаджы Хъесаты Валодя кæны стыр куыст æмæ уый фæрцы нæ коллективтæ кæнынц æнгомæй-æнгомдæр. Валодяйæн раарфæ кодтон йæ хорз хуыны тыххæй – æрласта нын электрон мыхуыргæнæн машинкæ, уыимæ кæттагыл конд диссаджы æрдзы ныв. Куыд æрвылхатт, афтæ та нæ ацы фембæлд дæр рауадис тынг хорз: хъарм æмæ рæсугъд. Уый фæстæ дæр-иу нын æрвылаз дæр уыд хъарм сфæлдыстадон фем-бæлдтытæ».

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ 1992 азы газет «Рæстдзинад» Хъесайы фырты сæргълæудæй акодта, йæ историйы чи нæма уыд, ахæм стыр къахдзæф дæр: редакцийы разамынд бавдæлд, æмæ дыууæ Ирыстоны дæр уæззау уавæры куы бахаудысты, уæд 1992 азы дыккаг æмбисæй Хуссар Иры йæхицæн бакодта сæрмагонд уацхæссæджы штат. Æмæ уæдæй фæстæмæ «Рæстдзинад» йæ фæрстыл иудадзыг лæмбынæг æвдыста Хуссар Ирыстоны цард.

Ацы рæнхъыты авторæй никуы ферох уыдзæн иу цау. Цæвиттон, цалдæр азы размæ нæм мæ дзæнæттаг цардæмбал Хуриты Гивиимæ æрхауд ахæм амонд, æмæ Хъесаты Валодяйы хуызæн кадджын лæг нæ хæдзары къæсæрæй æрбахызт уазæгуаты. Уый Хуссар Ирыстонмæ æрцыд йæ хъуыддæгты фæдыл æмæ нæм фæуазæг сты газет «Хурзæрин»-ы раздæры редактор Харебаты Леонидимæ. Ахæм хъарм æмæ адджын ныхас фæкодтой, æмæ сæ кæрæдзийæ фæхицæн кæнын дæр нал фæндыд. Абоны онг дæр Валодяйы уæздан хъæлæс, йæ куырыхон зондамонæн ныхæстæ мæ хъустыл уайынц. Гиви уыцы рæстæджы уыд Хуссар Ирыстоны газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уацхæссæг æмæ-иу Дзæуджыхъæумæ куы ацыд, уæд-иу ыл тынг фæцин кодтой редакцийы кусджытæ иууылдæр. Уæлдай рæвдыд та йæ кодта Хъесаты Валодя. Лæмбынæг-иу æй бафарста хуссарирыстойнаг цауты тыххæй. Уый дæр ирон адæмы иннæ патриоттау Ирыс-тоны никуы дих кодта дыууæ хайыл.

Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы æмæ дæм фехъуысæд, нæ уæздан æмæ куырыхон хистæр, ды стыр нысаниуæг цы хъæуæг æмæ ахсджиаг традицийæн лæвæрдтай, уый сног кодтой. Ивгъуыд аз «Рæстдзинад»-ы коллективы «Хурзæрин»-ы кусджытæ фембæлдмæ куы фæхуыдтой, уæд сын уыд тынг æхсызгон æмæ райзæрдæйæ æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ. Фембæлд рауад хъарм, арвыстой тынг хорз рæстæг, кæрæдзийыл фæ-цин кодтой. Раздæр куыд уыд, афтæ ацы аз та «Рæстдзинад»-ы коллектив фæхуыдта сæ хуссарирыстойнаг коллегæты æмæ æввахс рæстæджы уыдзæн ацы сфæлдыстадон традицион фембæлд, ныр та – Цæгат Ирыстоны территорийыл.

Хъесайы-фырты уæздан, зондамонæн ныхæстæм хъусынæй нæ бафсæстысты йæ коллегæтæ куыд Ирыстоны цæгат хайы, афтæ хуссары дæр. Бæргæ абоны уæззау царды тынг хъæуынц Валодяйы хуызæн куырыхон адæймæгтæ, фæлæ хъысмæтæн цы загъдæуа… Фæлæ уый йæ фарн мæрдты бæстæм йемæ нæ ахаста, уæлæуыл æй ныууагъта йæ уæздан  бинонтæн, йе ‘мкусджытæн, йæ бирæ зонгæтæ æмæ хæлæрттæн. Уадз, уыдон суæд уыцы фарн дарддæргæнджытæ. Валодяйы ном та æнустæм цæргæйæ баззайдзæн Ирыстоны адæмы зæрдæты.

Ноджыдæр рухсаг у!

ДЖИОТЫ Екатерина

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.