Кæд ивгъуыд аз Дзауы районы 18 бинонтыл байуæрстой ногарæзт æртæуæладзыгон цæрæн хæдзары фатертæ, уæддæр цæрæнуатон проблемæ районы уæддæр æмæ уæддæр лæууы фыццаг бынаты. Уымæн æмæ бирæ азты дæргъы районы арæзт нæ цыд социалон цæрæнуат. Сусæггаг нæу, районы бирæ æвæрæз бинонтæ абоны бон дæр кæй æнхъæлмæ кæсынц сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ нæ хицауады æххуысæй, уый. Уымæн æмæ дзы бирæтæн 1991 азы зæххæнкъуысты рæстæджы ныппырх сты сæ хæдзæрттæ æмæ сын абоны онг дæр аккаг уавæртæ нæй цæрынæн. Зæххæнкъуыст адæмæн стыр зиан æрхаста, фæцудыдта уæд район æмæ йе ‘ддаг хуызыл дæр бандæвта. Кæддæры хисæрмагонд дыууæуæладзыгон хæдзæрттæй кæнæ бынтондæр ницыуал баззад, иннæттæ та банцадысты æрдæгпырх иууæладзыгон бæстыхæйттыл. Районы цæрджытæй чи куыд арæхст, афтæ амал æмæ фæрæзтæ кодтой сæ сомбоны цæрæнуæттæ бадзæбæхтæ кæнынæн. Банысан кæнын хъæуы, уый æмæ уыцы рæстæджыты цадæггай Цæгат Ирыстонмæ кæнæ Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр горæттæм хуыздæр цардагур кæй сыстадысты æмæ ацыдысты районы цæрджытæй бирæтæ.

Цард цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Дзауы районы бирæфатерон хæдзæрттæ аразынц, уый куы айхъуыст, уæд ацы категорийы адæмæй дæр бирæты æрхъуыд хæдзæрттæ. Нæ фыдæлтæй нæм цы æмбисонд баззад, зæгъгæ, бæстыл хур дæр не ‘ххæсы, уый у тынг раст æмæ зæнджын хъуыды. Нырма уал фыццаг рады сты иууыл тыхстдæр бинонтæ æмæ уый хъуамæ алчидæр æмбара. 

2008-æм азы августы хæсты фæстæ Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта æмæ стыр æххуыс кæнын куы райдыдтой нæ адæмæн, куысты бынæттæ нæм куы фæзынд (фылдæр – арæзтады къабазы), кредиттæ райсыны уавæртæ куы сарæзтой, уæд кусынхъом æмæ лæгдых бинонтæ спайда кодтой уавæрæй æмæ бирæтæ сæ куыстмыздæй райдыдтой аразын, кæнæ та цалцæг кæнын сæ хæдзæрттæ. Абон куы акæсай, уæд районы бирæ ног хисæрмагонд хæдзæрттæ сырæзт æмæ уый адæймагæн у тынг æхсызгон. Уымæн æмæ рухс куы ракæлы хæдзарæй, уæд бынат дæр æдзæрæгхуыз нал вæййы æмæ удæгас кæны район дæр. О, фæлæ уæддæр районы иууыл ахсджиагдæр фарст у цæрæнуатон проблемæ.

Фатертæ лæвæрд цæудзысты, тынгдæр чи тыхсы, уыдонæн

2020-2022 азтæн Инвестпрограммæмæ цы объекттæ хаст æрцыдысты, уыдонæй дыууæ бирæфатерон хæдзары арæзтадмæ бав-нæлдтой ивгъуыд аз æмæ ныр скъола-интернаты бæстыхайы фарсмæ рæсугъдæй зынынц дардмæ. Ацы дыууæ корпусы арæзтад дæр цасдæрбæрцæй аскъуыддзаг кæндзæнис цæрджыты иу хайы цæрæнуатон проблемæ. Цæмæй раст æмæ нысанмæздæхтæй ацы фарст скъуыддзаг цæуа, уый тыххæй ныридæгæн куыст цæуы Дзауы районы администрацийы сæрмагонд цæрæнуатон къамисы уæнгтæ сфидар кæныныл. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ районы цæрæнуатон къамис ивгъуыд аз кæй бакодта стыр куыст, сахуыр кодтой, цы бирæнымæц куырдиæттæ дзы уыдис, уыдон æмæ рæстæгыл сфидар кодта хæдзæрттæ кæмæ æмбæлынц, уыдоны номхыгъд æмæ сыл сæ цытджын æгъдауæй байуæрстой.

Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ныр дæр цæрæнуатон къамисмæ æнхъæлмæ кæсы егъау куыст, уымæн æмæ уæдæй абоны онг администрацимæ хæссынц социалон хæдзæрттæ райсыны тыххæй куырдиæттæ æмæ дыууæ корпусы та æрмæстдæр ис 36 фатеры, кæцытæ арæзт цæуынц нырыккон домæнтæм гæсгæ æмæ дзы цæрынæн уыдзæнис æппæт уавæртæ дæр. Ахæм фатертæй та «нæ» ничи зæгъдзæнис. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон нæ уыдзæн ацы риссаг фарст скъуыддзаг кæнын, фæлæ æппæтдæр арæзт цæудзæнис закъонмæ гæсгæ.

«Фæнды мæ зæгъын уый, æмæ нæм нырма дæр кæй хæссынц фатертæ райсыны тыххæй куырдиæттæ. 10-æм мартмæ нæм уыдис 283 куырдиаты. Уый фæстæ дæр ма нæм æрбахастой цалдæр. Ныртæккæ дæр мæ разы ис  дыууæ ног куырдиаты æмæ сæ иумиаг хыгъдмæ бахастон. Сæрмагонд цæрæнуатон къамис йæ куыстмæ æрæвналдзæнис ацы мæйы фæуды. Уæдмæ уал  скъуыддзаг кæндзыстæм лыстæг органи-зацион фарстытæ. Нырмæ дæр сын уыдис фембæлд æмæ æрдзырдтой сæ куысты фæдыл. Бæрæг куыд у, афтæмæй куысты гуырахст егъау уыдзæнис, уымæн æмæ нæм æнæхъæн районæй ис куырдиæттæ, æгæрыстæмæй, дæрдтаг хъæутæй дæр. Хъæудзæнис индивидуалонæй алкæцы куырдиаты фæстæ ацæуын æмæ алкæцы бинон-ты царды уавæртæ дæр бынаты бæрæг кæнын. Афтæ ма уыцы бинонтæм мæйы мидæг куыстмызд цас æрбафты æмæ куыд æххæссынц сæ цардыл, æппæт уыдæттæ. Мæнмæ гæсгæ сæрды æмбис ацы дыууæ корпусы хъуамæ уой цæттæ æмæ уæдмæ цæрæнуатон къамисы уæнгтæ дæр хъуамæ сæ куыст бакæной æмæ æрбавдисой фатертæ кæмæ æмбæлынц, уыдоны номхыгъд. Ныридæгæн къамисы уæнгты скон-дæн сæ фылдæр бæрæг сты, сæрдариуæг ын кæнын мæхæдæг. Къамисы скондмæ хаст æрцыдысты тыхон структурæты минæвæрттæ, барадхъахъхъæнæг органтæй та бахастам прокуратурæйы минæвары, афтæ ма дзы ис паддзахадон æдасдзинады комитетæй æмæ милицийæ. Къамисы сконды ма сты æхсæнадон организациты минæвæрттæ дæр, республикæйы нæм цы политикон партитæ  уæвынад кæнынц, уыдонæй, афтæ ма районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадæй, администрацийы архитектурæ æмæ арæзтады хайадæй, нæ районы депутат Хуыджеты Руслан, районы рынчындоны сæйраг дохтыр, фæлæ нырма бæрæг нæу социалон ифтонгады уагдонæй нæм чи уыдзæнис къамисы, уый. Ацы бонты уый дæр бæрæг уыдзæнис», – банысан кодта Джиоты Андрей.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй фæнд кæнынц, цæмæй-иу къамисы куыстмæ æрбахоной кæй куырдиæтты фæдыл кусой, уыцы бинонты æмæ-иу сæм байхъусой. Стæй уый фæстæ къамисы уæнгтæ бынатмæ ацæудзысты æмæ сбæрæг кæндзысты уыцы адæймæгтæ цы радзырдтой, уыдæттæ. «Афтæ хъæуы саразын, уымæн æмæ адæм сæ куырдиæтты бæстонæй нæ банысан кæнынц алцы. Сæ куырдиæттæ фадат нæ дæттынц бинонты царды уавæртæ сбæрæг кæнынæн. Ахæмтæ мæм æрбацæуынц æмæ кæугæ дæр фæкæнынц æмæ уыдæттæ иууылдæр хъæуы сахуыр кæнын. Зæххæнкъуысты фæстæ районы цæрджытæй алчидæр ахæм хъуыдыйыл лæуд у, зæгъгæ, сæ алкæмæ дæр æнæмæнгæй æмбæлы фатер. Бæргæ, алкæмæндæр куы радтиккам фатер, фæлæ къух уыййас нæ амоны æмæ хъæуы æмбаргæ ахаст дарын хъуыддагмæ», – загъта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг.

Джиоты Андрей куыд радзырдта, уымæ гæсгæ  2020-2022 азтæн Инвестпрограм-мæйы фæлгæтты ацы аз хъуамæ арæзт æрцæуа Фаллаг фарсы фæндаг, Уæрæсейы æфсæддон базæйæ Куымæридтаты хъæумæ. «Куыддæр фæхъармдæр уа, афтæ ацы фæндаг хъуамæ хæрзарæзт æрцæуа. Нæ районы арæзт цæудзæнис сывæллæттæн улæфæн лагерь, Къуайсайы та – дыууæ уын-джы. Ацы аз ма хъуамæ сарæзтаиккам стыр хид дæр, фæлæ уый ист куы æрцæуа, уæд къуылымпы кæндзæнис Фаллаг фарсы фæндаджы арæзтад. Уымæ гæсгæ уал схæрзарæзт кæндзыстæм фæндаг æмæ уæд фидæнмæ та сараздзыстæм хид. Афтæ ма æххæст кæндзыстæм, нæ районы планмæ хаст чи рцыдысты, уыцы кусинæгтæ, кæцытыл фæкусынц районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад. Уыдон нымæцы нуазыны дæттæ рауадзын, поселочы уынгтæ схæрзарæзт кæнын. Гуфтайы нæ фæнды саразын сывæллæттæн хъазæн фæзуат, афтæ ма Хетæгкаты Къостайы номыл Дзауы астæуккаг скъолайæн фæллойадон кабинет. Уы-мæй дарддæр ма рæхджы хъуамæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуа, скъолайы фарс-мæ цы ног спортзал сарæзтам, уый дæр. Уый тыххæй Президент Бибылты Анатоли йæхи фондæй уæлæмхас рахицæн кодта æхцайы фæрæзтæ æмæ уыдонæй хъуамæ кæронмæ арæзт æрцæуа спортзал, æлхæд ын æрцæудзæн æнæмæнгхъæуæг инвентарь дæр. Уыдон æлхæд æмæ æвæрд æрцæудзысты.

Бæрæг куыд у, афтæмæй ивгъуыд аз Дзауы районы цæрджытæй фæндагмæ æввахсдæр чи цæры, ахæмтæ сæхи тыхтæй хæдзæрттæм бауагътой æрдзон газ æмæ дзы пайда кæнынц. Уыцы адæм стыр æхсызгонæй сæмбæлдысты ацы хъуыддагыл, фæлæ сæ ныр тыхсын кæны сæ фиддонтæ фидынмæ горæтмæ кæй æрцæуынц уый, сæ бон нæу бынаты сæ бафидын. Уымæ гæсгæ администрацимæ æрбахастой куырдиæттæ æмæ бахатыдысты Джиоты Андреймæ, цæмæй сæ горæтмæ цæуын ма хъæуа, фæлæ бынаты фидой сæ газы æхца. Фæлæ ацы фарст скъуыддзаг нæма ‘рцыд.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.