Ирон литературӕйы номхӕссӕны поэмӕтӕ бирӕ ис, фӕлӕ уыдоны ‘хсӕн Къостайы «Фатимӕ» куыд дардыл уидӕгтӕ ауагъта, ахӕм дзы иу дӕр нӕй.

Фатимӕ историон фӕлгондз нӕу, фӕлӕ дзы нӕ адӕм сарӕзтой историон сылгоймаг. Нæ горæты Театралон фӕзуаты Къостайы цырты размӕ бады рӕсугъд хӕрзконд чындздзон чызг Фатимӕ, суадоны чысыл уылӕнтимӕ хъазгӕ.

Къостамӕ ис поэмӕтӕ дæр, фӕлӕ уыдоны ‘хсӕн поэмӕ «Фатимӕ» сӕууон хуры ӕрбакастау ӕрттивы дардмӕ.

Поэмӕ ныффыста ирон лӕг, фӕлӕ йӕ Ир сӕхи цардӕвдисӕг уацмыс схоной, уый гӕнӕн нӕй, ууыл Къоста йӕхӕдӕг дӕр не сразы уыдаид, йӕхӕдӕг ӕй хоны «Кавказаг уацау».

Уымӕ гӕсгӕ, Кавказы цӕрӕг нацитӕ поэмӕйы хъуамӕ   агурой сӕхи цардӕй цыдӕртӕ.

Мах хъуамӕ ӕрлӕууӕм иу егъау хъуыдыйыл. Къоста йӕ поэмӕйы ӕвдисы Цӕгат Кавказы цӕрӕг адӕмы царды характерондӕр миниуджытӕ.

Цӕгат Кавказы нациты минӕвӕрттӕй дзы уынӕм Цӕцӕн, Кӕсӕг, Гуниб, Черкестӕ, Лезгинты ӕмӕ ӕндӕртӕ. Ироны кой дзы комкоммӕ нӕй. Чи зоны Фатимӕ ӕмӕ Ибрагим ирӕттӕ сты. Поэмӕйы архайджытӕ пысылмон диныл хӕст кӕй сты, уый та нын автор амоны Ибрагимы архайды, Джамбулат Ибрагимы мары ламазгӕнгӕйӕ.

Фатимӕйы трагикон хъысмӕт ирон адӕм афтӕ ӕввахс айстой сӕ зӕрдӕмӕ, афтӕ тынг сӕм бахъардта Джамбулаты фыдракӕнд ӕмӕ йын Хуссар Ир цырт сарӕзтой, Цӕгат Ир та – нӕртон ӕфсины уазӕгуарзон-дзинады сурӕт Дзӕуджыхъӕумӕ ссӕуӕны.

Театр йӕ дуӕрттӕ кӕд 2018 азы байгом кодта, уӕддӕр зӕгъӕн ис, къӕсӕры Уастырджыйыл йӕхи гъеныр кӕй бафӕдзӕхста. Ныхас фергомдӕр кӕнинаг у. Нӕ театр 2019 азы театралон сезон байгом кодта Къостайы поэмӕ «Фатимӕ»- йӕ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй 2019 аз дыууæ Ирыстоны дæр расидт æрцыд Къостайы азæй, уымӕн ӕмӕ Къостайы райгуырдыл ӕххӕст кӕны 160 азы, ӕрдхӕрӕны «Ирон фӕндыр»-ы рацыдыл та -120 азы.

Нӕ театр Къостайы азыл стыр хуынтимӕ кӕй ӕмбӕлы, уый та нын фенын кӕндзӕн нӕ ног сценӕ. Арфӕйы хъуыддаг у, ног театры, ног сценӕйыл нӕ адӕм фыццаг хатт кӕй федтой цардӕгас Фатимӕйы.

«Фатимӕ» ирон сценӕтыл рарттывта советон дуджы, куыд Цӕгаты, афтӕ Хуссары дӕр. 2018 театралон репертуары ис ӕмӕ ӕн-тыстджынӕй цӕуы Дзӕуджыхъӕуы. «Фатимӕ» нын рарттывта Советон экрантӕй дӕр. 1959 азы, Къостайы 100 азы бонмӕ, Тбилисон киностуди сарӕзта нывӕфтыд фильм «Фатимӕ» ӕмӕ йӕм абон дӕр кæсӕм.

Къостайӕн «Фатимӕ» поэмӕ у, ахӕм уацмысӕн та хъӕуы сценари. Нӕ дзурдзыстӕм, чи уыдысты раздӕры сценари аразджытӕ, куыдтӕ йӕ снывӕзтой, сӕхирдыгонау ӕм цы ивындзинӕдтӕ бахастой, уыдӕттыл.

Нӕ ног театры сценӕйӕн «Фатимӕ»-йы сценарийыл та бакуыста йӕ аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзуццаты Тамерлан.

Тамерланӕн йӕ развӕлгъау ныхас у ахӕм: «Фатимӕ»-йыл кусгӕйӕ ӕз Къостайы поэмӕйӕ ӕппындӕр иуварс нӕ ахызтӕн. Ницы дӕр ӕм ӕфтаугӕ бакодтон, ницы дӕр –   ӕппаргӕ.

Ӕрцыдис адæмы размæ йæ рахæссыны бон дӕр. Нӕ театр ныр ӕндӕр зӕрдӕйы хаттимӕ байгом кодта йӕ дуӕрттӕ, йе сценӕйы ӕмбӕрзӕнтӕ.

Уый у Стыр бӕрӕгбоныл нымаинаг, канд актертӕ  ӕмӕ  режиссерӕн  нӕ, фӕлӕ ма театрдзаутӕн дӕр, Ир ӕмӕ Ирыстонӕн дӕр.

14 февраль 2019 аз Хуссар Ирӕн нымад ӕрцӕудзӕн бӕрӕгбоныл. Ног театр, ног спектакль, ног сценӕ фыццаг хатт сӕхимӕ фӕхуыдтой нӕ театрдзауты, Уӕрӕсе ӕмӕ Цӕгат Иры минӕвӕртты спектакль «Фатимӕ»-мӕ. Зӕгъын хъӕуы, ног театрӕн сӕрӕвӕрӕн фӕцис «Фатимӕ».

Къостайы аз Хуссар Ирӕн райдыдта «Фатимӕ»-йӕ. Нӕ театры коллектив, 2018 азы бавнӕлдта «Фатимӕ» цӕттӕ кӕнынмӕ. Сценарийы автор ӕмӕ ӕвӕрӕг режиссер у Дзуццаты Тамерлан. Уый йӕ разы ӕрӕвӕрдта хӕс, цæмæй ӕнӕ уӕлӕмхас фантазийӕ адӕмы размӕ рахӕсса «Фатимӕйы», Къоста йӕ йӕ поэмӕйы йӕхӕдӕг куыд снывӕста, афтӕмӕй.

Куыд ыл бакуыста, куыд ыл фӕтых, уый та федтам 14   ӕмӕ 15 февралы нӕ театры сценӕйыл.

Развӕлгъау зӕгъӕн ис, стыр куыст,стыр тыхтӕ бахардз кодта Дзуццайы фырт «Фатимӕ»-йыл кусгӕйӕ. Зӕгъын уый дӕр, адӕм бирӕ кӕй уарзой, адӕм хорз зонгӕ кӕимӕ уой, уый сценӕмӕ рахӕссын зын у. Мӕ хъуыды фергомдӕр кӕныны тыххӕй ис ахӕм цӕвиттонтӕ.

Чермен ӕмӕ Къостайыл куы фӕзынд нывӕфтыд фильмтӕ, уӕд адӕм бирӕ фиппаинӕгтӕ загътой. Ленинграды ӕрцыд ист фильм «Сын Ирыстона». Фыццаг хатт ӕй Цхинвалы куы ӕвдыстой, уӕд сӕйраг режиссер афтӕ загъта: «Рагацау уӕ курын хатыр, сымах цы Къостайы зонут, сымах Къостайы цас уарзут, ахӕмӕй йӕ экраныл уӕ размӕ рахӕссын нӕ бафӕрӕзтон”. Уыцы ныхӕстыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, Ир Къостайы тыххӕй ницы загътой, фӕлӕ уый хардз Чермены бирӕ цӕмӕйдӕрты бафаудтой.

Поэмӕйӕ зонӕм, «Фатимӕ»-йы архайӕг фӕлгӕндзтӕ сты Наиб, Джамбулат, Фатимӕ, Ибрагим. Ӕмбырдгонд фӕлгӕндзтӕ: фӕндаггонтӕ, хъӕдыкуыстгӕнджытӕ. Кӕмдӕр фыййау дӕр загъта йӕ хъуыдытӕ, стæй хъӕууон дондзау чызджытӕ.

Ацы фӕлгӕндзты сконд бахъахъхъӕдта сценарист, уӕлдай ма сӕм бафтыдта фондз архайӕг сылгоймаджы, Фатимӕйы алыварс чи ӕрзилы, фӕлӕ сӕйраг архайдӕн цас ӕххуыс сты, уый зын зӕгъӕн у.

Æвӕрӕг  режиссер  развӕлгъау  раст  ахъуыды кодта, сӕйраг рольтӕ дыууӕ къордыл кӕй ахицӕн кодта, «Фатимӕ»-йы хицӕн ӕмӕ хицӕн къордтӕ кӕй хъаздзысты.

Сӕйраг архайӕг фӕлгӕндзтӕ дыгӕйттӕ кӕй сты, уый хорз у, фӕлӕ уыдонӕн саргъ кӕнын, уыдоны кӕрӕдзийыл барын, зындӕр хъуыддаг у сценӕмӕ кӕсӕгӕн.

Зӕгъын уал хъӕуы уый, сӕйраг рольтӕн ӕмбӕлон актертӕ кӕй ӕрцыд ӕвзӕрст.

Наибы фӕлгондз ӕххӕст кӕны Наниты Витали. Раст ӕмбары Наибы удыхъӕд, йӕ цинтӕ ӕмӕ йӕ сагъӕстӕ. Ӕрмӕст фӕтыхджындӕрхъуаг у Фатимӕйӕн Ибрагимы кӕм фауы, йӕ мӕлӕт цы хуызы ӕрцыд, уыцы бынат. Дуджы цӕсгом равдисынӕн ахсджиаг фӕлгондз у Наиб. Кӕд ын сценӕйыл (ӕмӕ поэмӕйы дӕр) стыр архайд нӕй, уӕддӕр бӕрӕг у, кӕй у уӕздӕттӕй, кънязтӕй, ӕлгъ кодта «сау» адӕмыл. Бӕлвырд у, йӕ ахаст Ибрагиммӕ цахӕм у, уымӕй. Йе стыр лӕгдзинадыл та дзурӕг у, Фатимӕйӕ кӕй загъта чызг, кӕй йӕ райста хъомыл кӕнынмӕ. Сценӕйыл ӕмбӕлон у йӕ архайд, ӕрмӕст фӕирддӕрхъуаг у йӕ уазӕгдоны куыд ӕмбӕлы йе’мсӕртимӕ, стӕй уӕд хъӕубӕсты фӕсивӕд хъазт куыд саразынц. Наибы уӕззау ӕмӕ хъуыдыджын архайд, змӕлд, стӕй уӕд йӕ ныхас – бӕстон сыл ныхъхъуыды кодта Витали ӕмӕ йӕ къухы ӕфтгӕ дӕр бакодтой.

Джамбулаты ролы та хъазынц зынгӕ артисттӕ Бибылты Сослан ӕмӕ Мамиты Григори. Нӕ ныхас уал у, сӕхимӕ кæй ӕркӕсын кодтой театрдзауты. Тынг ӕввахс айстой сӕ зӕрдӕмӕ  Джамбулаты  зӕрдӕйы  егъау хъуырдухӕнты, фӕлӕ сын уӕддӕр сӕ цӕстмӕ бадарын хъӕуы иу хъуыддаг – ӕгӕр фӕлмӕн ӕмӕ сабырӕй ӕвдисынц  Джамбулаты.

Джамбулат фӕндагыл базыдта хӕдзарсӕфт кӕй фӕцис. Джамбулат у цӕф арсы хуызӕн, уацары фыдмитӕн бафӕрӕзта, фӕлӕ йӕ хӕдзары уавӕр не сфӕрӕзта. Нал ис Наиб, Фатимӕ смой кодта се ‘ххуырстӕй, нал ис ӕххуырстытӕ, ницӕйагӕй кӕй тыдта, уыцы Ибрагим йӕ цард сарӕзта, кънязы фырт та фидиссаг бынатмӕ ӕрхауд.

Ам  Сослан  ӕмӕ  Григори сӕ зӕрдыл хъуамӕ бадарой Брытъитаты Елбыздыхъойы ныхас. Йӕ рӕстӕджы Хъырымы (Брытъиаты Е. «Худинаджы бӕсты мӕлӕт») фӕлгондз хъазыд зынгӕ режиссер Тотраты Бесӕ.

Елбыздыхъо спектаклы фӕстӕ бирӕ фӕарфӕтӕ кодта Бесӕйӕн, фӕлӕ йын загъта: «Хъырым у царды хъысмӕтӕй ӕфхӕрд адӕймаг, уый у карз ӕмӕ хъӕбатыр… Ӕрӕвӕр ма дӕхи йӕ царды, йӕ уавӕрты. Йӕ зӕрдӕйы ахаст, йӕ драмӕ ма йын сфӕлдис дӕ алы дзырды, дӕ алы фӕзынды дӕр».

Елбыздыхъойы домынад хауы Сослан ӕмӕ Григоримӕ дӕр, знӕт ӕмӕ тӕссаг у Джамбулат ӕмӕ уый фагӕй нӕ зыны сценӕйыл , уыдӕттӕ хорз зынынц фыййауы ныхасы дӕр, стӕй уӕд хъӕддзаутты ныхасы дӕр.

Спектаклы сӕйраг фӕлгондз у Фатимӕ. Тыхджын ӕмӕ ӕрдхӕрӕны фӕлгондз у ацы сылгоймаг. Йе ‘гъдау, адӕймагдзинад зыны дыууӕ стыр хъуыддаджы. Фыццаг! Фатимӕ кӕд Наибы хӕдзары схъомыл, кӕд йӕ царды цух ницӕмӕй уыд, уӕддӕр йӕ зӕрдӕ никуы барухс, уымӕн ӕмӕ хорз зыдта, цы къласӕй рацыд, уый ӕмӕ йӕм здӕхгӕ дӕр ӕркодта.

Дыккаг! Фатимӕ хорз ӕмбӕрста цард уарзондзинад ӕмӕ куыстыл баст кӕй у, ӕргомӕй йӕ загъта йе скӕнӕг фыд Наибӕн дӕр:

«Рӕстдзинад, уарзоны ӕнцойы –

Нӕ хид, нӕ тугӕйдзаг фӕллойы

Ыссардзынӕн ӕз цин, рӕвдыд»…

Фатимӕйы роль ӕххӕст кӕны Мӕргъиты Ингӕ. Бирӕ тухитӕ, бирӕ фыдӕбӕттӕ ба-хъуыд ацы чызджы. Раст у, Джамбулат ӕфсымӕр у, фӕлӕ йӕ домӕн ӕфсымӕры домӕн нӕу, уымӕн ын зӕгъы Фатимӕ: Ӕз мад дӕн ӕмӕ мады кад нӕ ратдзынӕн. Загъд хорз ӕрцыдысты, фӕлӕ сӕ фӕхъӕрдӕр, фӕкарздӕр хъӕуы. «Дӕлдзӕх фӕу, лӕджы фыдхор!» Лидзгӕйӕ «Лӕджы фыдхор!» хъӕрдӕрӕй, фидардӕрӕй зӕгъын хъуыд.

Фатимӕ ӕмӕ Ибрагим цас зонынц кӕрӕдзи, уый Къостайӕн дӕр хаст цӕуы фӕссценӕмӕ. Куыд ӕй зыдта, цас ӕй уарзта, уый Фатимӕ загъта, Наиб Ибрагимы куы фаудта, уӕд. Уӕд Фатимӕйы дзуапп уыд… «уый рагӕй куы судзы уарзоны тӕмӕн». Уӕн-дондӕрӕй змӕлын хъӕуы ацы чызджы. Цы уал æрцыд арæзт, уый ӕмбӕлон у.

Уӕззау уаргъ ис Ибрагимы уӕхсджытыл поэмӕ – спектаклы тых равдисыны хъуыдда-джы. Роль ӕххӕст кӕны адӕмон артист Пӕррӕстаты Дмитри. У Наибы ӕххуырстытӕй иу (иннӕтӕ фӕссценӕйы сты). Хӕдзары уӕззау уаргъ ууыл ӕвӕрд ис. Ӕрвылбон бон дӕр уынынц кӕрӕдзи Фатимӕимӕ, фӕлӕ искуы сӕ цард сиу кӕндзысты, уый ӕнхъӕл сӕ дыууӕ дӕр никуы уыдысты. Фатимӕйы йӕ уавӕр къуырцдзӕвӕнмӕ куы ‘ркодта, уӕд дарддӕр ӕлдӕртты ӕхсӕнады цӕхӕрмӕ балӕгӕрдыны бӕсты равзӕрста йӕхи ӕнӕхин ӕхсӕнадӕн сӕ минӕвар Ибрагимы ӕмӕ йӕм раздӕхт. Ӕрыздӕхт ӕмӕ дзы фӕсмойнаг нӕу, уымӕн ӕмӕ цард куыст ӕмӕ уарзондзинады бындурыл арӕзт у. Иу ӕхсӕнад куы хæла, уӕд уый бархийӕ иннӕмӕн йӕ бартӕ нӕ ратдзӕн ӕнӕ тохӕй. Уыцы тох та цӕуы туджы фӕндӕгтӕм ӕмӕ йӕ федтам ам Джамбулат, Ибрагим ӕмӕ Фатимӕйы тохы.

Ибрагим цагъарадон ӕфсондзы, стæй уæд куысты, адӕмы ‘хсӕн цы лӕг уыд, уый уырнинаг нывты равдыста Дмитри. Удыхъӕдӕй, лӕгдзинадӕй Ибрагим цахӕм уыд, уый та загъта хъӕддзаутӕй иу:

«Кӕм уыд ӕгас комы ӕндӕр лӕг,

Сӕрӕндӕр бакастмӕ, кӕцы?

Фӕлӕ сӕрибармӕ фӕндаг

Нӕ иу дӕр уый хуызӕн нæ къахта

Фӕллойыл хъардта  ‘дзух йӕхи

Ӕмӕ сӕрибар лӕг сси».

Ибрагимы змӕлд дӕр фӕссценӕйы ис, цы рахизы, уымӕй йӕ фезмӕлд, йӕ архайд зӕрдӕмӕдзӕугӕ сты. Джамбулаты къухӕй мард кӕм цӕуы, уый фергомдӕр хъӕуы. Суадонимӕ йӕ бабӕттын хъӕуы. Поэмӕйы Ибрагим йӕ мӕлӕт ары суадоны уӕлхъус ламазгӕнгӕйӕ.

Режиссер Дзуццаты Тамерлан, нывгӕнӕг Санахъоты Мадинӕ ӕмбӕлон декорацитӕ сарӕзтой архайд равдисынæн. Наибы галуан, сӕ мӕсыг, Наибы хӕдзары сӕфт иу нывӕй иннӕмӕ  куыд хызт, уый нын фенын кодтой мӕсыгы къултӕ куыд фӕлдӕхтысты, уымӕй. Ам уынӕм нывгӕнӕг Санахъоты Мадинӕйы дӕсны къухайст, йе ‘рмдзӕф.

Дыууӕ боны нӕ театры къухбакӕнӕнтӕ нӕ уыд. Рагӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты адӕм, стыр разӕнгардӕй сӕмбӕлдысты «Фатимӕ»-йыл.

Премьерӕйы рӕстӕджы нӕм уыд кадджын уазджытӕ Цӕгат Ир ӕмӕ Уӕрӕсейӕ. Уым уыдысты театры ӕнувыд хӕлар, нӕ президент Бибылты Анатоли, парламенты ӕмӕ хицауады сӕрдӕрттӕ, культурӕйы министр, нӕ Республикӕйы уагдӕтты минӕвӕрттӕ, сӕ нымӕц иууыл фылдӕр уыдис нӕ театрдзаутӕн-рӕнхъон фӕллойгӕнджытӕн.

Раныхӕстӕ, арфӕтӕ дзы бирӕ уыд. Тынг райгондӕй баззад Уӕрӕсейы минӕвар Марат Кулахметов. Уый зӕрдиаг арфӕтӕ фӕкодта Республикӕйы дзыллӕйӕн, нӕ президент, парламент, хицауад, театры дирекци, режиссер ӕмӕ актертӕн, аивады сын ахӕм ӕнтыстытӕ кӕй ис, уый фӕдыл.

Цингӕнгӕ бирӕ арфӕтӕ фӕкодта Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Парламенты сӕрдар Мачнев А.В. Тынг райгондӕй баззад нӕ театры бакӕнгӕ хъуыддӕгтӕй, стыр ӕнтыстытыл банымадта «Фатимӕ» Хуссар сценӕйыл дӕр ӕвӕрд кӕй ӕрцыд, уыцы хъуыддаг. Зӕрдӕбын арфӕтӕ фӕкодта театры актертӕн, ӕвӕрӕг-режиссерӕн, культурӕйы министрӕн, ӕмӕ кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Республикӕйы хицауадӕн, сӕ сӕргъ Бибылты Анатолиимӕ.

Театр ӕмӕ театрдзаутӕн зӕрдӕбын арфӕтӕ фӕкодта нӕ Президент Бибылты Анатоли. Нӕ театр кӕй сырӕзт, кӕй скуыста, ног сценӕ  кӕй байгом. Къостайы ном та кӕй райхъуыст, уыдӕттыл стыр разӕнгардӕй фӕдзырдта Бибылты фырт. Стыр арфӕтӕ фӕкодта нӕ циндзинадмӕ чи ӕрцыд, уыцы уазджытӕн, рӕвдаугӕ ӕвзагӕй фӕарфӕтӕ кодта «Фатимӕ»-йыл чи архайдта, уыцы актертӕн, ӕвӕрӕг режиссерӕн, загъта сын йӕ ныфсы ныхас, дарддӕр дӕр кӕй уыдзӕн сӕ фарсмӕ, кӕддӕриддӕр сӕм кӕй дардзӕн йе ‘ххуысы къух.

Адӕмӕн зӕрдиаг арфӕтӕ ракодта адӕмон артист, поэт Галуанты Людмилӕ. Къухӕм-дзӕгъдимӕ адӕм арфӕтӕ кодтой раздӕры  президент Тыбылты Леонидӕн.

Стыр арфӕтӕ фӕкодтой ӕмӕ кӕнынц абоны президентӕн горӕты фидауц нӕ театр ӕмӕ нӕ университет кӕй фӕрцы сырӕзтысты. Ӕнӕкӕрон бузныг та зӕгъынц Стыр Уӕрӕсейӕн, Хуссар Ирыстон кæй æххуысы фæрцы æндидзы.

Адӕм адӕм сты. Адӕмӕн та театр ӕнӕмӕнг хъӕуӕг у, йӕ рӕстӕджы Островский ӕнӕхъуаджы нӕ фыста: Театр кӕмӕн нӕй, уыцы адӕм мӕгуыр сты. Мах ӕй нӕхи цӕстӕй федтам, сыгъд театрӕй абоны театрмӕ адӕм дӕр ӕмӕ театры коллектив дӕр кæй уыдысты сидзӕргъуыз.

ПЛИТЫ Гацыр, Хетӕгкаты Къостайы

 номыл Паддзахадон премийы лауреат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.