Куыд зонæм, афтæмæй 5-æм апрелы Цхинвалы «Цæрæн массив»-ы районы горæты цады былмæ æввахс цытджын æгъдауæй баконд æрцыд воркаутæй архайынæн фыццаг фæзуат. Уый фæстæ та федералон проект «Трезвая Россия»-йы минæвæрттæ – проекты къухдариуæггæнæг Султан Хамзаев, проекты координатор Али Мазукабзов, проекты хайадисæг, воркаутæй дунейы чемпионаты призер æмæ уæлахиздзау Яков Вороновæн пресс-конференци уыд Хуссар Ирыстоны дзыллон-информацийы минæвæрттимæ РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты дунеон пресс-центры.

Пресс-конференци байгом кодта РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Тыбылты Алан. Уый уазджытæн раарфæ кодта Хуссар Ирыстонмæ ахæм хæрзаудæн архайдимæ кæй æрцыдысты уый тыххæй æмæ ныхасы бар радта проект «Трезвая Россия»-йы къухдариуæггæнæг Султан Хамзаевæн. Уый лæмбынæг æрдзырдта ацы проект саразыны хъуыды йæм куыд фæзынд, афтæ ма йæ нысæнтты æмæ дарддæры плæнтты тыххæй дæр.

«Æз фыццаг хатт æрцыдтæн Хуссар Ирыстонмæ æмæ райгонд дæн мæ балцæй. Абон мах Цхинвалы байгом кодтам спортивон фæзуат. Уый у Хуссар Ирыстонæн Федералон проект «Трезвая Россия»-йы лæвар æмæ арæзт æрцыд æнæ политикæйæ, æнæ политикон акценттæй. Мæнæн абоны цау у мæ миддунейы сæ-рыстырдзинады ахсджиаг элемент. Мах æрмæст хуымæтæджы ныхæстæ нæ дзу-рæм, фæлæ архайæм хъуыддагæй æмæ афтæмæй нæ идеятæ размæ кæнæм», – банысан кодта Султан Хамзаев.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æнæмæнгхъæуæг у проект «Спорт в шаговой доступности» дарддæр рæзын кæнын. Уымæн принципиалон у, цæмæй спорты архайын уа æнцонвадат æмæ æнæаргъæй. Ацы планы «Трезвая Россия» реализаци кæны проекттæ æппæт Уæрæсейы, æмæ Цхинвалы абоны спортивон фæзуат та у цыппорæм федералон проекты фæлгæтты.

«Абон мах горæты цады былыл, цæрæн хæдзæртты цур цы фæзуат байгом кодтам, уый у РХИ-йы проект «Спорт в шаговой доступности»-йы дарддæргæ-нæг. Ацы фæзуат байгом æнæбюджетон фæрæзты æххуысæй. Æз уæлдай хъусдард здахын кæрты спортмæ, уымæ гæсгæ мах абон ацы хъуыддагмæ бахастам нæ хайбавæрд. Бузныджы ныхæстæ зæгъын мæ фæнды Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидæн, ахæм хъарм ахаст нæм кæй равдыста æмæ нæ проекты æвварс кæй рахæцыд, уый тыххæй. Хуссар Ирыстоны ис уникалон æмæ курдиатджын фæсивæд. Уыдонимæ хъæ-уы æппынæдзух кусын, ныхас кæнын. Мæ зæрдæмæ тынг фæцыд Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты нын студенттимæ цы фембæлд уыд, уый. Спорт æр-мæст егъау спортивон объекттæ не сты, фæлæ ма спорт у адресон конкретон кæртыты фæзуæттæ дæр. Спорты къабазы не спортсментæй легендæтæ чи систы, уыдонæй бирæтæ спортивон уæлахизтæм сæ фæндаг райдыдтой сæ хæдзæртты кæртыты. Æмæ уымæ гæсгæ, махæй алчидæр æмбары, кæртыты спорт рæзын кæнын кæй хъæуы, уый. Нæ проекты минæвæрттæ абон сæ хисæрмагонд хайбавæрд бахастой Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн дыууæфарсон ахастыты рæзтмæ», – радзырдта федералон проекты къухдариуæггæнæг.

Султан Хамзаев лæмбынæг радзырдта нацийы фæрныгадæн «Трезвая Россия»-йы идеятæ æмæ инициативæты тыххæй. Куыд зæгъæм, фæстæмæ раздахын хъæуы ГТО-йы нормæтæ, кæцыты йæ хъуыдымæ гæсгæ гæнæн ис Хуссар Ирыстоны дæр синтеграци кæнын. Уый ма загъта: «Бирæтæ хъуыды кæнынц афтæ, зæгъгæ, Уæрæсе нуазы карз нозтытæ. Фæлæ уый бынтон афтæ нæу. Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ сты ахæмтæ дæр, карз нозт чи кæны, фæлæ иумиагæй Уæрæсейæ афтæ хъуыдыгæнæн нæй. Ис ахæм цаутæ дæр æмæ нозтджын шофырты аххосæй æрцæуы æнамонд цаутæ. Уый фæдыл «Трезвая Россия» федералон æмвæзадыл хъуамæ бакуса, цæмæй 21 азæй къаддæр кæуыл цæуы, уыдонæн ма уæй кæной карз нозтытæ. Уæрæсейы æмбæстæгты 70 проценты рахæцыдысты нæ проекты æвварс æмæ абон уа æви райсом, уæддæр ацы фарст кæронмæ скъуыддзаг æрцæудзæн. Афтæ ма «Трезвая Россия» кусы, цæмæй цæрæн кварталты арæзтады рæстæджы, хæдзæртты цур арæзт цæуой спортивон фæзуæттæ. Ацы фарсты фæдыл «Трезвая Россия»-йы инициативæты æвварс рахæцыдысты УФ-йы Спорты министр Павел Колобков, УФ-йы Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенко, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Вероника Скворцова, Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ хæрзиуджытæ хъахъхъæныны къабазы хъусдарды фæдыл комитеты сæргълæууæг Анна Попова, советон æмæ дунеон хоккейы легендæ Вячеслав Фетисов», – банысан кодта уый.

Султан Хамзаевы хъуыдымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны уавæртæ хынцгæйæ, бирæ проблемæтæн ис æнцондæрæй ас-къуыддзаггæнæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæсивæд сæхæдæг хъуамæ активонæй æвæрой сæ фарстытæ хицауды раз. Хицауиуæгады органтæ та хæсджын сты, цæ-мæй сæ фехъусой æмæ равдисой сæ фарсхæцынад сæ инициативæты фæдыл.

«Абон арæх вæййы афтæ дæр, æмæ хуымæтæджы фарстыты дæр фæаххосджын кæнынц президенты, æгæрыстæмæй йæ брон брондонмæ чи нæ хæссы, уыдон дæр. Фæлæ нæхæдæг та уый тыххæй цы сарæзтам? Проект «Трезвая Россия» у нæ хайбаврæд Уæрæсейы рæзты хъуыддагмæ. Алкоголь, наркомани æмæ тамако дымыны ныхмæ тох у махæн национ æдасдзинады фарст. Ацы фарст у тынг ахсджиаг», –  загъта уый.

Проекты къухдариуæггæнæг æрсидт хуссарирыстойнаг фæсивæдмæ, цæмæй уыдон активон хайад исой федералон форумты æмæ афтæмæй, профессионалон æгъдауæй размæ цæуой. «Æз дæн дунеон фæсивæдон фестивалы минæвар, кæцы уагъд æрцæудзæн Сочийы. Хуссар Ирыстоны фæсивæд дæр хъуамæ хайад райсой ацы фестивалы æмæ фехъусын кæной сæ проблемæты, æвзонг республикæйы цы цæуы, уыдоны тыххæй. Хуссар Ирыстоны спортивон фæзуат кæй бакодтам, уымæй мах рахызтыстæм дунеон æмвæзадмæ. Уымæй мах нæ ахаст равдыстам Хуссар Ирыстонмæ. Президенты адекватон ахаст уынгæйæ, мах фæнд кæнæм ацы фарстыл дарддæр дæр кусын. Ацы фæзуат Хуссар Ирыстоны фæстаг фæзуат нæу. Æз ма дæн Уæ-рæсейы Федерацийы æхсæнадон палатæйы уæнг дæр æмæ куыд мæ бон уа, афтæ æххуыс кæндзынæн Хуссар Ирыстоны фæсивæдæн», – загъта уый.

Воркауты тыххæй лæмбынæг радзырдта Яков Воронов, кæцы у воркаутæй ар-хайæг Уæрæсейы тыхджындæр атлеттæй сæ иу. Йæ ныхæстæм гæсгæ, воркаут нырма спорты хуыз нæу. «Уый у хисæрмагонд буаримæ тренировкæ кæнын, тыхон гимнастикæйы элементтæ æххæст кæ-нын. Мæскуыйы воркаут тынг æнцонвадат у, уым бирæ фæзуæттæ ис. Мах фæнд кæнæм ахæм фæзуæттæ æппæт Уæрæсейы, дунейы дæр саразын, цæмæй спорт уа æнцонвадат. Цæмæй адæймаджы физикон бæрæггæнæнтæ фæбæрзонддæр уой, цæмæй уæм æнæниз, уый тых-хæй воркаут у тренировкæты æнцонвадат хуыз. Мах арæх ацæуæм Уæрæсейы уагъдцæуæг дунеон турниртæм. Воркаут нырма спорты хуыз нæу, фæлæ хъуыды кæнын афтæ, æмæ тагъд суыдзæн спорты хуызтæй сæ иу», – радзырдта Яков Воронов.

Цæгат Кавказы федералон проекты координатор Али Мазукабзовы ныхæс-тæм гæсгæ, Цхинвалы проект «Трезвая Россия»-йы минæвæрттæн уыд цымыдисон фембæлдтытæ фæсивæдимæ, кæцытæ равдыстой сæ цымыдисдзинад проектмæ. Уый ныфс ис, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг фæсивæдимæ сæ контакттæ уæрæхдæр æмæ æнгомдæр кæй кæндзысты, уымæй.

РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдар Тыбылты Аланы ны-хæстæм гæсгæ, Сочийы уагъдцæуæг фестивалмæ хуссарирыстойнаг фæси-вæдæй ацæудзæн 50 адæймаджы бæрц.

 

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.