РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид фембæлд абхазаг делегацийы уæнгтимæ сæ сæргъ Республикæ Абхазы Мидхъуыддæгты министр Леонид Дзапшба, афтæмæй, кæцытæ Цхинвалмæ æрцыдысты кусæгон визитимæ. Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар æмæ РХИ-йы Абхазы Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Елбачиты Алан.

Президент раарфæ кодта уазджытæн æмæ сæм бахатыд, цæмæй иууыл хуыздæр фæн-диæгтæ æмæ арфæйы ныхæстæ зæгъой Абхазы Президент Рауль Хаджимбайæн. «Тынг æхсызгон мын у, нæ адæмтæ кæрæдзиимæ ахæм æмвæзадыл кæй ныхас кæнынц, уый, кæцы фæахъаз уыдзæн уæлдай æнгомдæр æмгуыстадæн», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Фембæлд уагъд æрцыд, раздæр къухтæ цы дыууæварсон сразыдзинæдтыл æрфыстæ-уыд, уыдоны реализацийы фæлгæтты.

«Нæ республикæты стабилондзинад баст у æмбæлон службæты æнгом куыстимæ. Æз æххæстæй дæн нæ бæстæты барадхъахъхъæнæг ведомствоты ‘хсæн æмгуыстады æвварс», – загъта Президент.

Тыбылты Леонид зæрдыл æрлæууын кодта хуссарирыстойнаг æмбæстæгты баивды цау, кæцытæн барæй æрхъуыдыгонд аххосæгтæм гæсгæ цæрæнбонтæм рахастой ахæстоны фæбадыны тæрхон. Уый банысан кодта, зæгъгæ, абхазаг фарсæн ацы процессы уыд сæйраг нысаниуæг.

Йæ рады, Абхазы Республикæйы Мидхъуыддæгты министр хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæгæн загъта Абхазы Президент Рауль Хаджимбайы иууыл хуыздæр фæндиæгтæ æмæ йын бузныг загъта, афтæ хъармæй сæ кæй райстой, уый тыххæй. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ йын алыхатт дæр æхсызгон уыдзæн абхазаг зæххыл хуссарирыстойнаг æфсымæрты уынын. Банысан ма кодта, зæгъгæ, сразыдзинæдтыл куыст цæуы æххæстæй.

Фембæлды кæрон Президент Леонид Дзапшбайы схорзæхджын кодта «Республикæ Хуссар Ирыстоныл 25-азы сæххæсты цытæн» майданæй.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.