РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд Республикæ Абхазы делегациимæ.

Абхазы Уæлвæткон уавæрты министр Лев Квициния æмæ ацы бæстæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Олег Аршба хайад истой Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад банымайыны боны цытæн бæрæгбонон мадзæлтты.

«26 август у нæ иумиаг бæрæгбон. Æгæрыстæмæй, Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй Уæрæсейы Президенты Барамындтæ цæуынц кæрæдзийы фæдыл 1260 æмæ 1261 номырты бын», – зæрдыл æрлæууын кодта Бибылты Анатоли.

Уый арфæйы ныхæстæ загъта æппæт абхазаг адæмæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, РХИ æмæ РА алыхатт дæр цин кодтой кæрæдзийы æнтыстытыл.

Йæ рады, Лев Квициния банысан кодта, зæгъгæ, «Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз рацыдысты иу фæндагыл хæдбардзинад банымайыны онг».

«Нæ хæларадон ахастытæн ис арф уидæгтæ. Не ‘фсымæртæ – ирæттæ алыхатт дæр фæрсæй фæрстæм уыдысты немæ сæрибардзинады тохы. Уыдонæй бирæтæ сæ цард радтой нæ республикæйы хæдбардзинады сæрвæлтау æмæ мах уый никуы ферох кæндзыстæм. Хуссар Ирыстон махæн у æрмæст хæларадон бæстæ нæ, фæлæ æфсымæрон республикæ», – банысан кодта уый.

Бибылты Анатоли æмæ Лев Квициния æруынаффæ кодтой дыууæ бæстæты Уæлвæткон уавæрты министрадты æмгуыстады тыххæй æмæ банысан кодтой дыууæ ведомствойы æнтыстджын ахуырты тыххæй, кæцытæ ныртæккæ цæуынц Абхазы.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.