Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны хæдразмæ Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Республикæ Абхазы делегацийы Абхазы хъахъхъæнынады министр Мираб Кишмарияйы сæргълæудæй.

Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим, РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады сæргълæууæг Тадтаты Алан, Республикæ Абхазы Уæлвæткон уавæрты министрады сæргълæууæг Лев Квициния, Республикæ Абхазы Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Боциты Олег æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Елбачиты Алан.

Уазджытæн «æгас цу» зæгъгæйæ, Президент банысан кодта Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы ‘хсæн динамиконæй рæзгæ ахастытæ.

«Афтæ хъуыды кæнын, æмæ нæ ахастытæ нæма схызтысты сæ тæмæнмæ. Махæн ис, цæмæ тырнæм, уый. Цыфæнды уавæрты дæр мах кæддæриддæр уыдзыстæм не ‘фсымæрон абхазаг адæмы фарсмæ», – загъта уый.

Бибылты Анатоли ма раарфæ кодта уазджытæн Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн æмæ Абхазы хъахъхъæнынадон ведомствойы сæргълæууæгæн загъта æнтыстытæ йæ бæрны уæвæг хъуыддæгты æмæ бæрзонд хæстон цæттæдзинад.

«Дæ хæстон зонындзинæдтæ ахъаз сты абхазаг æфсады хæстхъомдзинадæн», – банысан кодта Президент.

Йæ рады Мераб Кишмария бузныг загъта хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæгæн, зæрдиаг химæрайсты тыххæй.

«Махæн æхсызгон у ахæм æууæнчы ахастытæ нын кæй ис, уый. Уыцы ахастытæ мах иу æмæ дыууæ хатты не сбæлвырд кодтам. Хуссар Ирыстоны адæм хъæбатыр адæм сты», – банысан кодта Мираб Кишмария.

Уый Бибылты Анатолимæ радта Республикæ Абхазы Президент Рауль Хаджимбайы арфæйы ныстуан. Уый фæстæ дыууæ фарсы кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Абхазы адæмæн Хуссар Ирыстоны Президенты бафæндыд сабырдзинад. Бибылты Анатоли Мираб Кишмарияйæн радта Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы паспорт.

Фембæлды фæстæ Абхазы Фыдыбæстæйон хæсты хуссарирыстойнаг ветерантæ-бархионтæ хорзæхджын æрцыдысты Республикæ Абхазы паддзахадон хорзæхтæй.

«Æз сæрыстыр дæн, Абхазы адæмы раз йе ‘фсымæрон хæс чи сæххæст кодта, уыцы хъайтартæй. Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм сæрыстыр сты сымахæй, хæстон лæппутæй, кæцытæ абхазаг адæмæн иууыл уæззаудæр рæстæджы балæууыдысты сæ фарсмæ, цæмæй фашистты басæттой, уый тыххæй.

Æз бузныг дæн Абхазы къухдариуæгад æмæ адæмæй, абхазаг адæмы сæрыл чи тох кодта, нæ уыцы лæппутæм нын сæ хъус кæй дарынц, уый тыххæй.

Æз бузныг дæн Республикæ Абхазы хъахъхъæнынады министрæй, кæцы сæрмагондæй йæхæдæг æрцыд, цæмæй йæ цыты ахаст равдиса уыцы хæсты хъайтартæм. Уæ хъæбатырдзинад у не ‘фсымæрон ахастыты бындур», – æрæмбырдуæвджытæм дзургæйæ, банысан кодта Президент.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

 Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.