РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста æрыгон боксер Битеты Ричарды. Уый ссис, Калифорнийы 18-23 августы уагъд чи цыд, «Золотые перчатки», зæгъгæ, уыцы ерысты уæлахиздзау. Фембæлды ма хайад иста Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик.

Фембæлды рæстæджы бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад лæмбынæг йæ хъус дары рæзгæ фæлтæрмæ, æмæ фæстаг рæстæджыты фæсивæд сæхи активонæй æвдисынц канд спорты нæ, фæлæ иннæ фадгуыты дæр, æмæ уый та æхсызгон у. Тыбылты Леонид сæрмагондæй дзырдта боксеры хайадисты тыххæй  турнир «Золотые перчатки»-йы. Уым, Президенты ныхæстæм гæсгæ, Битеты Ричард равдыста хъару, фердæхт æмæ ирон удысконд.

«Нæ фæсивæдæн ды цы цæвиттон æвдисыс, уымæн стыр нысаниуæг ис. Нæ фæсивæд сæхи æвдисынц активонæй спорты хъуыддаджы, бæстæйы разамынад та, йæхи рады, аразы æппæт дæр, цæмæй фæсивæдæн сæ тырнындзинады сæ фарсмæ балæууа», – банысан кодта уый.

Сæрмагондæй, Президент куыд банысан кодта, афтæмæй, горæт Цхинвалы Хуссар Ирыстоны тагъд рæстæджы фæзындзæн бирæнымæц спортивон залтæ, фæзындзæн дзы залтæ бокертæн дæр. Бæстæйы сæргълæууæг ма банысан кодта, зæгъгæ, ахсджиаг у, Спорты галуан «Олимп»-ы боксертæн зал кæй фæзынд, уый дæр.

«Æз ныхас кодтон тренер Сланты Виталиимæ. Уый у, Ирыстоны лæппутæн бирæ хæрзты чи бацыд, ахæм адæймаг. Уый стыр ныфс æвæры дæуæй. Мæн дæр фæнды зæгъон дын æнтысты фæндиæгтæ де ‘ппæт хъуыддæгты дæр, афтæ ма дæ къухы уæлахизтæ куыд бафта, цы тохтæ дæм æнхъæлмæ кæсынц, уыдоны», – загъта уый.

Фембæлды кæронбæттæны Тыбылты Леонид зæрдылдарæн лæвары хуызы Битеты Ричардæн радта, республикæйы сыгъдæг бынæтты нывимæ РХИ-йы Национ банг кæй рауагъта, уыцы æвзист æхца, стæй йæ схорзæхджын кодта материалон æгъдауæй дæр.

«Фæнды мæ, цæмæй нæ сыгъдæг кувæндæттæ хъахъхъæной дæу спорты æмæ дæ царды фæндæгтыл цæугæйæ», – банысан кодта Президент.

РХИ-йы Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.