19-æм августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста не ‘мбæстаг æвзонг чызг, уæгъдибар хъæбысхæстæй спорты мастер æвзæнгты ‘хсæн 2014 азы дунейы чемпионты бронзæйы призер æмæ 2016 азы Европæйы чемпионаты сыгъзæрин майданы хицау Дудайты Кристинæйы.

Кристинæйы ныййарджытæ сты Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Цъинагары хъæуæй ацæугæ. Ныртæккæ цæрынц горæт Костромайы æмæ алы аз дæр чызг йæ сæрдыгон улæфтыты рæстæг арвиты Цъинагары йæ хиуæттæм.

Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ ацы бонты РХИ-йы Президент кусæгон балцы уыд Ленингоры районы арæнгæрон Абреу, Цъинагар æмæ Орчъосаны хъæуты. Йæ балцы нысан уыд бынаты уавæримæ базонгæ уæвын, уымæн æмæ уыйразмæ ацы районы аграритæй хъæстытæ æрбацыд, зæгъгæ, æфснайæн техникæ кæй нæ фаг кæны, уый аххосæй сæфы нæмыгонты тыллæг.

Цъинагары хъæуы цæрджытимæ фембæлды рæстæджы Тыбылты Леонидмæ бахатыд æвзонг 17-аздзыд чызг, цæмæй йемæ ныв систаид, зæрдылдарынæн.

Уæд Президент Дудайты Кристинæйы фæхуыдта йæхимæ, цæмæй аныхас кæной бæстондæрæй.

Дудайты Кристинæ йæ фыд æмæ йæ фыдыхоимæ фæуазæг Президентмæ.

Президент цымыдис кодта æввахс фидæны æвзонг чызджы спортивон плантæм. «Мæхи цæттæ кæнын 2020 азы Олимпиадæмæ Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сконды», –  сдзуапп кодта уый.

Æвзонг чызджы Тыбылты Леонид схорзæхджын кодта Кады грамотæйæ ирон адæймаджы ном хъахъхъæнын кæй фæразы æмæ ирон нацийы кад хæссыны аккаг кæй у.

Йæхи рады Дудайты Кристинæ дæр зæрдылдарæн лæвар сарæзта Президентæн. «Мæ зæрдæ дын зæгъы ноджы стырдæр æнтыстытæ. Æз æрвылаз дæр æрцæуын мæ фыдæлты зæхх Цъинагары хъæумæ. Уымæ гæсгæ æвдисæн дæн, фæстаг рæстæджы мæ хъæуы хорзæрдæм цы ивындзинæдтæ æрцыд, уыдонæн. Мах ыл хъуыды дæр никуы акодтаиккам, зæгъгæ, нæм искуы дон уыдзæн, ууыл. Бынтон æдзæллаг уавæры уыдысты фæндæгтæ дæр. Æмæ абон та дæ руаджы хъæуы цæрджыты цардуагон уавæрты æмвæзад фæбæр-зонддæр», – дзырдтой Дудайты Кристинæ æмæ йæ  фыд.

Æвзонг спортсменкæ ма загъта, зæгъгæ, йын спорты æнтыстытæ куы вæййы æмæ йæ горæт Костромæйы администраци куы фæхорзæх кæны, уæд алы хатт дæр йæ бæллиц вæй-йы, цæмæй хорзæх райса ирон лæджы къухæй. «Ныр мæ фæнд сæххæст æнæнхъæлæ-джы», – дзырдта 2014 азы дунейы чемпионаты бронзæйон призер æмæ 2016 азы Европæйы чемпионаты сыгъзæрин майданы хицау Дудайты Кристинæ.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.