РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста агросæудæджерадон холдинг «Евродон»-ы генералон директор Уанеты Вадимы. Фемæлды ма хайад райста Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Амалиуæггæнæгæн раарфæ кæныны фæстæ, паддзахады Сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, йын æхсызгон у ахæм æмфыдыбæстæйонтæ нын кæй ис, кæцытæ комкоммæ  дæр архайынц республикæйы экономикæйы рæзтыл, уый.

«Махæн æхсызгон у, Республикæ Хуссар Ирыстоны ахæм куыстуат, куыд «Растдон» кæй гом кæны, уый. Фæнды нæ, цæмæй куыстуат куса максималонæй æмæ йæ куысты æнкъардæуа эффективондзинад. Кæй зæгъын æй хъæуы, иууыл сæйрагдæр сты куысты бынæттæ, кæцытæ арæзт æрцыдысты. Фæлæ мæ фæнды зæгъын уый дæр, æмæ нæ ныфс кæй ис, продукци бакусынæн æрмæг кæй æлхæндзыстут бынæттон цæрджытæй. Уый стимул уыдзæн хъæууон хæзарады рæзтæн, æмæ иумиагæй хъæутæ сæн-дидзын кæнынæн. Ныфс мæ ис, ацы фарст кæй бахынцдзыстут, уымæй», – загъта Президент.

Йæ рады, Уанеты Вадим дæр раарфæ кодта паддзахады Сæргълæууæгæн ахæм хорз æй кæй райста, уый тыххæй æмæ йын баныфс æвæрдта, зæгъгæ, продукци бакусынæн фыдызгъæл – райдиан продукт, кæй зæгъын æй хъæуы, кæй æлхæндзæн Хуссар Ирыстоны.

«Мах цæттæ стæм азы дæргъы 9 мин сæры ставдкъах фос æргæвдынмæ, фыстæ та нæ бон у æргæвдын азы дæргъы 12 мин сæры. Ныртæккæйы этапы махмæ нырма цæуы цъус адæм: боны мидæг дыууæ æртæ адæймаджы, кæцытæм уæййаг вæййы æр-тæ кæнæ фондз сæры фос. Фæлæ хъуыды кæнын афтæ, æмæ нæ куы базоной, мах стабилон æгъдауæй фос кæй исæм, уæд нæм цæудзысты фылдæрæй. Кондад хъуамæ пайда уа куыд Хуссар Ирыстоны адæмæн, афтæ махæн дæр», – банысан кодта амалиуæггæнæг.

Ныхасы рæстæджы ма Уанеты Вадим радзырдта, зæгъгæ, ацы этапы уынаффæ цæуы республикæйы территорийыл компанийы фирмæйон магазин бакæныныл. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы нæ заводы филиалы ныридæ-гæн рауагътам продукцийы 17 хуызы, æмæ Хуссар Ирыстоны нæ продукци рауад Ростовы продукцийæ бирæ хæрзаддæр.

Йæ рады Бибылты Анатоли ноджыдæр банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы къухдариуæгадæн приоритеты ис хъæуты рæзт, æмæ адæмы хъуамæ уырна сæ продукци хъæуæг кæй у, уый.

«Паддзахады ‘рдыгæй æппæт хæстæ дæр æххæст цæу-дзысты. Мæн ныфс ис, æмæ  нæ продукци йæ бынат кæй ссардзæн Уæрæсейы Федерацийы базары дæр. Гæнæн ис æмæ, æгæрыстæмæй, æнæ-мæнгхъæуæг у, цæмæй нæ продукци ласт цæуа Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты базармæ», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.