Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста цæгатирыстойнаг хæрзаудæн фонд «Аслан»-ы минæвар Реуазты Сосланы, кæцы ма у Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадон организаци «Уæрæсейы афицертæ»-йы минæвар дæр.

Фембæлды хайад райста Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик.

Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта уазæгæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, нын тынг æхсызгон у Ног азы агъоммæ радон хатт фембæлын. Уый бузныджы ныхæстæ загъта Реуазты Сосланæн йæ хæрзаудæн æххуысы тыххæй, кæцыйы цалдæр азы кæны Хуссар Ирыстоны сывæллæттæн.

«Æз хорз хъуыды кæнын дæ фароны балц æмæ нæ ныхас. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, не ‘хсæн цы кæрæдзиæмбарынады æмæ æмгуысткæнынады ахастытæ сæвзæрыд, уый хъуамæ бафидар æрцæуа хорз хъуыддæгтæй», – загъта Президент.

Реуазты Сослан йæ рады бузныг загъта Тыбылты Леонидæн, хорз æй кæй айста æмæ йын хæрзаудæн акцитæ уадзыны рæстæджы кæй баххуыс кæны, уый тыххæй, афтæ ма банысан кодта, Хуссар Ирыстоны уый хæрзаудæн архайд кæй кæны ныр æртыккаг аз, республикæйы Дзауы, Цхинвалы æмæ Ленингоры районты скъола-интернатты сывæллæттæн æххуыс кæнгæйæ.

«Мах æрцыдыстæм плæнттæ æмæ фæндæттимæ, фæлæ Леонид Харитоны фырт, æнæ де ‘ххуысæй махæн зын уыдзæн сæ сæххæст кæнын. Мах фæнды ног азы – ацы аз нын нал бантысдзæн – базарадон центр «Столицæ»-йы бæллицты назбæлас сæвæрын, цæмæй Хуссар Ирыстонæй æххуыс хъуаг сывæллæттæн сæ бон уа сæ бæллицтæ ныффыссын æмæ сæ назбæласыл æрцауындзын. Махмæ бирæ фæндæттæ ис, кæцытæ хауынц сывæллæттæн баххуыс кæнынмæ. Абон мах фæнды демæ уыцы фарстытыл æрдзурын», – загъта Реуазты Сослан.

Президент банысан кодта, кæддæриддæр цæттæ кæй у æппæт хъæуæг æххуыс бакæнынмæ.

«Уый у серьезон акци, бирæ сывæллæттæн хъæуы æххуыс бакæнын, æмæ йæ уыдон ахæм мадзæлтты руаджы исынц.  Афтæ æмæ мах абон æрдзурдзыстæм æмæ æруынаффæ кæндзыстæм ацы фарстытыл», – загъта уый.

Фембæлды кæрон паддзахады сæргълæууæг Реуазты Сосланæн радта Арфæйы фыстæг Хуссар Ирыстоны территорийыл йæ активон хæрзаудæн архайды тыххæй.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.