25-æм апрелы нæ горæты 3-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæ сæхимæ æрбахуыдтой фысджытæ-цардæмбæлттæ Хъодалаты Герсан æмæ Наниты Асиаты.

Мадзаламонæг, скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Хъуылымбегты Раисæ æрдзырдта уазджыты   цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. «Нæ республикæйы Хъодалаты Герсаны чи нæ зоны, æвæццæгæн, ахæм адæймаг нæй. Уый у поэт, прозаик, публицист æмæ тæлмацгæнæг. Йæ бинойнаг – Наниты Асиат – прозаик æмæ тæлмацгæнæг. Уыдо-нæн сæ чызг Хъодалаты Хансиат та у ХИПУ-йы журналистикæйы кафедрæйы сæргълæууæг, РХИ-йы сгуыхт журналист æмæ журнал «Русское слово»-йы редактор», – банысан кодта раныхасгæнæг.

Хъодалаты Герсан райгуырд 1938 азы Ленингоры районы Уæллаг Захъхъоры колхозон бинонты æхсæн.

Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта 1950 азты. Йæ фыццаг æмдзæвгæты æмбырдгонд мыхуыры фæзынд 1964 азы. Ис ын 15 чины-джы бæрц. Хъодалаты Герсан куыста газет «Советон Ирыстон»-ы, радиокомитеты. Фæстаг 48 азы та кусы журнал «Фидиуæг»-ы, уыдо-нæй 20 азæй фылдæр æххæст кæны сæйраг редакторы хæстæ.

Хъодалаты Герсан у ССР Цæдисы Фысджыты уæнг æмæ журналистты цæдисы уæнг, Ирыстоны фысджыты цæдисы правленийы уæнг, райста Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон преми, у национ преми «Нарты фæткъуы»-йы лауреат,  РХИ-йы  культурæйы  сгуыхт кусæг, куысты ветеран, нæ Парламенты 2-аг æрсидты депутат, орден «Кады нысан»-ы кавалер. Уымæн йæ лæггæдтæ æгæрон сты ирон литературæйы, уæлдайдæр та поэзийы жанры.

Скъоладзау фæсивæд кæрæдзи ивгæйæ аив кастысты поэты æмдзæвгæтæ. Дарддæр ахуыргæнинæгтæ бахатыдысты поэтмæ, цæмæй сын бакастаит йæ уарзондæр æмдзæвгæтæй. Хъодалаты Герсанæн йæ зæрдыл æрлæууыдысты йе ʻвзонджы бонтæ æмæ ахуыргæнинæгтæн радзырдта куыд æм райгуырд иу æмдзæвгæ ныффыссын æмæ йæ цæмæн схуыдта «Рахис цонг», уый. «Дыу-уиссæдз азы размæ Театралон фæзуаты дæлæмæ æрцæуын æмæ иу лæг та мæ ныхмæ сцæйцыд. Мæ разы дзыхълæуд фæкодта æмæ йæ дзыпп сгары галиу къухæй. Уымæн йæ къух кодта ризгæ æмæ мæм бахатыд, цæмæй йын ссыгътаин йæ тамако. Æз ын йæ фæнд сæххæст кодтон, кæй зæгъын æй хъæуы. Уый ныу-унæргъыдта, афтæмæй фæцæуæг ис дарддæр. Æз джихæй аззадтæн, куы федтон, ацы лæгæн йæ рахис дыс афтидæй, уæд. Уыцы ныв мын мæ зæрдæ афтæ бацагайдта æмæ мæ сæрæй нал хаудысты æнкъард хъуыдытæ. Уый фæстæ куы æрбацыдтæн куыстмæ, уæд бавдæлдтæн зæрдæ чи бацагайдтаид, ахæм æмдзæвгæ ныффыссынмæ», – банысан кодта фыссæг.

Хъодалаты Герсан ахуыргæнинæгтæн радзырдта, зæгъгæ, рæхджы 9-æм майы нысан кæндзыстæм Уæлахизы бæрæгбон æмæ ацы æмдзæвгæйы темæ дæр у Стыр Фыдыбæстæйон хæстыл. Æнæзонгæ иудзонгон лæг дæр йæ рахис цонг фесæфта хæсты быдыры æмæ йыл Герсан ныффыста зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæ. Сывæллæттæ стыр цымыдисимæ хъуыстой, Герсан куыд фарста йæхи æмдзæвгæтæ, уымæ æмæ сæм уый фæстæ поэтмæ сæвзæрдысты фарстытæ. Хъодалаты Герсан фыццаджыдæр, банысан кодта, зæгъгæ, адæймаг цы куыстыл лæуд у, уый кæддæриддæр хъуамæ уарза æмæ йæм куыдфæндыйы цæстæй ма кæса, куса йæхиуыл æмæ дзы уæд вæййы æнтыстытæ дæр. Дарддæр уый йе ‘ргом аздæхта скъоладзау фæсивæдмæ æмæ сæм æрсидт, цæмæй сæ кæд исчи фыссыныл архайы, уæд-иу æм æрбахæссой се ʻмдзæвгæтæ æмæ сын йæ бон цæмæй уа, уымæй   фæкæсдзæн.

Мадзалы ма Хъодалаты бинонты куыст æмæ сфæлдыстады тыххæй раныхас кодтой скъолайы ахуырады хайады гæс Пухаты Аллæ æмæ нæ горæты ахуыры хайады кусæг Æлборты Эммæ.

Пухаты Аллæ йæ раныхасы рæстæджы бузныг загъта Хъодалаты бинонтæн, рæстæг кæй ссардтой æмæ сæм кæй фæуазæг сты, уый тыххæй. Æвæццæгæн, Хуссар Ирыстоны ныртæккæ зынтæй разындзæнис ахæм бинонтæ æмæ дзы уыцы иурæстæджы дыууæйæ Хетæгкаты Къостайы премийы лауреаттæ суой. Уыдон та сты Герсан йæхæдæг æмæ йæ чызг Хансиат, кæцы у нæ республикæйы иууыл хуыздæр журналисттæй сæ иу», – загъта Пухаты Аллæ. Уый ма банысан кодта,  журнал «Русское слово» Хансиаты фæрцы кæй цæуы бæрзонд æмвæзадыл. Цардæмбæлттæ-фысджытæн йæ цæст бауарзта, цæмæй дарддæр дæр фæлдисой райгуырæн Ирыстоны хæрзæбонæн.

Наниты Асиатмæ дæр скъоладзаутæ радтой цалдæр фарсты йæ куыст æмæ царды тыххæй, афтæ ма фылдæр цы жанр уарзы æмæ æндæртæ.

Асиат сывæллæттæм æрсидт, цæмæй уæлæхох ма кæной сæ мадæлон æвзагыл æмæ йæ ахуыр кæной.

Поэты сфæлдыстады фæдыл ма йæ хъуыдытæ загъта Æлборты Эммæ дæр. «Мæнмæ афтæ кæсы æмæ Герсанæн, æвæццæгæн, Ирыстоны царды истори æмæ культурæйы иу фарст дæр нæ баззад, уый цæуыл нæ ныффыста. Асиатæн дæр æнтыстытæ ис прозæйы жанры  æмæ  тæлмац  кæныны хъуыддаджы дæр æмæ уын æз дæр арфæ кæнын. Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ ног æнтыстытæ уе сфæлдыстады», – банысан кодта Æлборон.

Мадзалы ма скъоладзаутæ сæххæст кодтой фыдыбæстæйыл фыст зарджытæ, уазджытæн та бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.