Дзауы районы улæфæн парчы цы диссаджы рæсугъд назбæлас сæвæрдтой, уый цытджын æгъдауæй байгом кодтой 28-æм декабры. Ногазон фидауц у 15 метры бæрзæндæн æмæ у хъæдæй ласт.

Районы сæйраг назбæлас байгом кæныны церемонимæ фæуазæг сты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Наниты Сослан, Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан, РХИ-йы Сывæллæтты барты æххæстбарджын Цхуырбаты Татьянæ æмæ Хицауады æндæр бæрнон кусджытæ. Бибылты Анатоли бæрæгбоны сæраппонд раарфæ кодта, сæрмагонд арфæйы ныхæстæ загъта сывæллæттæн æмæ сын йæхи къухтæй байуæрста ногазон лæвæрттæ.  28-æм декабры Цхуырбаты Татьянæйæн йæ гуырæнбон кæй у, уый нæ ферох ис бæстæйы сæргълæууæгæй æмæ йын зæрдиаг арфæтимæ сценæйыл балæвар кодта дидинджыты губакк. Бæрæгбонон мадзал адарддæр кодтой театры артисттæ, уый фæстæ цæхæртæ скалдта ногазон назбæлас. Æрæмбырдуæвджытæ йыл къухæмдзæгъдимæ хъæлдзæгæй сæмбæлдысты æмæ афтæмæй дарддæр кодтой сæ музыкалон номыртæ.

 

РЫНЧЫНДÆТТÆН – ТАГЪД ÆХХУЫСЫ МАШИНÆТÆ

Бæрæгбонон мадзалы фæстæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли бацыд Дзауы районы рынчындонмæ. Ам Президентыл сæмбæлдысты РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Наниты Сослан, рынчындоны медперсонал йæ сæйраг дохтыр Гасситы Константины сæргълæудæй, афтæ ма Къуайса æмæ Знауыры районы рынчындæтты сæйраг дохтыртæ. Бибылты Анатоли сæрмагондæй медицинон кусджытæ, Ног 2022 азы сæраппонд загъта арфæйы ныхæстæ. Уый фæстæ тагъд æххуысы ног машинæтæ балæвар кодта Дзау, Къуайса æмæ Знауыры районы рынчындæттæн. Машинæты дæгъæлтæ радта рынчындæтты сæйраг дохтыртæм. «Тагъд æххуысы машинæтæсымахæн уæ куыст бирæ фæрогдæр кæндзысты. Уыдон ифтонг сты æнæмæнгхъæуæг медицинон ифтонггæрзтæй. Абон уын æз, ног æрбалæугæ 2022 азы цытæн зæгъын арфæйы ныхæстæ. Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ, сæйраджы та, цæмæй уын куыст ма уа æмæ афтæмæй исат куыстмыздтæ. Фæнды мæ, цæмæй цæрджытæ уой иууылдæр æнæниз, æмæ уæм æрмæстдæр цæуой сылгоймæгтæ сывæллæттæ арынмæ. Сæйраг у æнæниздзинад æмæ дзы гас республикæйы цæрджытæ дæр хайджын цы уой, уый уын мæ иууыл хуыздæр арфæ», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Дзауы районы рынчындоны сæйраг дохтыр Гасситы Константин нын куыд радзырдта, афтæмæй сæ лæварыл сæмбæлдысты тынг æхсызгонæй, уымæн æмæ сын уыдис æнæмæнгхъæуæг. «Махæн тагъд æххуысы машинæйы фарст проблемон æмæ ахсджиаг уыдис, уымæн æмæ нæм куыста иунæг тагъд æххуысы машинæ, уый дæр арæх æй хъуыдис цалцæг кæнын. Ныр нын нæ президент Бибылты Анатоли балæвар кодта нырыккон домæн-тæн чи дзуапп дæтты, ахæм ног тагъд æххуысы машинæ. Уый тыххæй стыр бузныг зæгъæм Президент Бибылты Анатолийæн æмæ нæ министр Наниты Сосланæн. Махыл, медицинон кусджытыл та баст у, цæмæй нæ адæмæн лæггад кæнæм æмæ сын рæстæгыл хос кæнæм», – загъта Дзауы районы рынчындоны сæйраг дохтыр.

 

ФЕМБÆЛД РАЙОНЫ ЦÆРДЖЫТИМÆ

Рынчындоны фæстæ Бибылты Анатоли æмæ Хицауады бæр-нон кусджытæ фæстæмæ сæ фæндаг ракодтой районы культурæйы хæдзарыл. Ам Бибылты Анатолийæн æрвылазон фембæлдтыты программæйы фæлгæтты фембæлд уыдис Дзауы районы цæрджытимæ. Фембæлды ма хайад райстой Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей æмæ Парламенты депутат Хуыджеты Руслан.

Бибылты Анатоли адæмимæ фембæлды рæстæджы банысан кодта, зæгъгæ, æрвылаз дæр ацæугæ азæн фæстиуджытæ аразыны нысанæн кæй фембæлы районты цæрджытимæ. Уыцы фембæлдтыты рæстæджы æркæсынц сæвзæргæ фарстытæм, дзырд фæцæуы, цы проблемæтæ бæстон æрцыдысты æмæ ма скъуыддзагкæнинаг цы ис, уыдæттыл. «Уартæ æвзæрстытæ куы уыдысты, уæд загътон ныхас, æрвылазы кæрон кæй æмбæлдзыстæм æмæ фæстиуджытæ кæй араздзыстæм. Ома, нæ бон цы бацис саразын афæдзы дæргъы, цы фарстытыл ма хъæуы бакусын, цы фæндтæ ис æмæ адæммæ цы хъуыдытæ, цы фарстытæ ис, уыдоныл ныхас кæнын æмæ сæ æвæрццагæй аскъуыддзаг кæнын. Фыццаджыдæр сæрбæрзондæй мæ бон у зæгъын уый, æмæ Дзауы районы махæн кæй бантыст бирæ саразын. Арæзт æрцыдысты дыууæ æртæуæладзыгон корпусы, районы ма сарæзтам 12 хæдзары. Сарæзтам æхгæд спортивон залтæ скъола-интернаты æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл Дзауы астæуккаг скъолайы. Республикæйы алы районæн дæр сæйраг у фæндæгты уавæр. Бирæ азты дæргъы æвнæлд кæмæ нæ уыд, уыцы Фаллаг фарсы фæндаг дæр аразæм. Къуайсайы ʻрдыгæй та сарæзтам хид. Æркастыстæм дæрддаг хъæуты фæндæгтæм, уыдоны нымæцы Рукъ, Едыс, Хуыцъе, Борджнис. Ерманы ʻрдæм ацы дыууæ азы мидæг сарæзтам æртæ хиды. Донуадзæн хæххытæ та Рукъ æмæ Цъоны хъæутæм. Сарæзтам сывæллæтты хъазæн фæзуæттæ дыууæ, афтæ ма сцалцæг кодтам Культурæйы хæдзары.

Районæн йæхи фæрæзтæй дæр арæзт цъус не ʻрцыд, кæм тротуартæ сарæзтой, кæм та фæхуыздæр кодтой бынаты уавæртæ æмæ уый тыххæй стыр бузныг зæгъын районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей æмæ депутат Хуыджеты Русланæн сæ куыст æмæ  сæ архайды тыххæй. Мах æмхуызонæй куы архайæм æмæ куы кусæм, уæд нын бирæ хуыздæр æнтыстытæ уыдзæнис. Зæгъын ма мæ фæнды уый тыххæй дæр æмæ куыд æ-пæт дуне, афтæ мах дæр кæй сæмбæлдыстæм ахæм стыр зындзинадыл, куыд ковид. Хъыгагæн, мах æй нырма кæронмæ нæ бамбæрстам, хи бахизын нæ кæй хъæуы ацы æгъатыр низæй алкæй дæр, уый. Уымæ гæсгæ ацы низæй чи фæзиан, уыдон, хъыгагæн, фылдæрæй фылдæр кæнынц», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Бибылты Анатоли хъусдард аздæхта вакцинацийы темптæ фæ-тыхджындæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинадмæ. Уый æмбæстæгты зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, вакцинаци хъæуы æрмæст хи бахъахъхъæныны тыххæй нæ, фæлæ сæ алыварс адæмы бахъахъхъæныны тыххæй дæр. «Цæмæдæр гæсгæ мах нæ аразæм вакцинæ. Нæ йæ æмбарын, цæуылнæ? Æз æй алы æмбырды дæр дзурын. Дзырд цæуы уæ цард, уе ‘нæниздзинад æмæ æдасдзинады тыххæй. Республикæйы вакцинацийы ныллæг æмвæзад æркæны тæссаг фæстиуджытæм. Абон Ковид-19-æй нæ республикæйы мæлындзинады статистикæ у 190 адæймаджы. Махæн уыцы нымæц бирæ у. Чи фæзиан, уыдон фылдæр сты, 60 азæй уæлæмæ кæуыл цыдис, уыцы хистæр кары адæм. Фарста, цæмæннæ аразæм вакцинæ? Цæмæй та зиæнттæ æрцæуа? Ма хъуыды кæнут æмæ саразут вакцинæ. Уæрæсейаг вак-цинæйыл æууæнкдзинадыл дызæрдыггæнæн нæй. Вирус нæ зо-ны æмæ не ʻвзары, нæдæр президенты æмæ нæдæр министры. Иугъуызон цæгъды адæмы æмæ уæ курæг дæн, цæмæй вирусæй бахизат уæхи, уæ бинонты æмæ уе ‘ввахс адæмы», – бафиппайдта бæстæйы сæргълæууæг.

Дарддæр цæрджытимæ фембæлды рæстæджы Бибылты Анатоли дзуаппытæ радта къорд сæрмагонд фарстытæн. Джиоты Ма-нанæ Президентæн радзырдта, зæгъгæ, йе ‘мкъай фæкуыста Фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты æмæ цæмæй фиддонтæ райса, уый тыххæй цы ‘мбæлдис, уыцы документтæ январы бадæттой æмбæлон уагдонмæ, фæлæ уæдæй абонмæ нырма йæ картæмæ не ‘рбацыд иу сом дæр. Ацы фарсты тыххæй Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, уый у хуымæтæг фарст, кæцы рæхджы скъуыддзаггонд æрцæудзæнис. «Ахæм гæххæттытæ бадæттой 1200 адæймаджы, уыдонæй 800 адæймаджы ныридæгæн исынц сæ фиддонтæ. Чизоны ма се ʻхсæн ис ахæмтæ дæр, кæцытæн цавæрдæр гæххæттытæ нæ фаг кæнынц, фæлæ æппæт документтæм дæр хъæуы æркæсын. Иууыл сæйраг та уый у æмæ сымах уыцы æхцатæ нæ сафут. Афтæ нæу æмæ йын кæд райдайой фидын, уыцы мæйæ йын райдайдзысты фидын. Нæ. Уый размæ, зæгъæм, 1 январæй цы хъуамæ райстаид, уый дæр райсдзæн. Стæй ма иу хабар, ацы хъуыддаг ма фæкъуылымпы ис, кусæг – æвзонг чызг кæй фæрынчын ковидæй æмæ стæй фæзиан. Уый йедтæмæ сæ ничи арæзта. Цалынмæ сæ ног кусæг фæцахуыр, уæдмæ рæстæг цыдис. Ома, кæйдæр ферох кодтой кæнæ сæ барæй нæ дæттынц, уый гæнæн нæй», – бамбарын кодта Президент æмæ бахæс кодта, цæмæй æвæстиатæй фæдзурой æмæ базоной, хъуыддаг цы стадийы ис, уый. Фарстдæттæг разыйæ баззадис æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Бибылты Анатолийæн.

Хуыцъейы культурæйы хæдзары директоры та цымыдис кодта ахæм фарст, зæгъгæ, йæ кусджытæн фæфылдæр сты сæ куыстмыздтæ æмæ директорæн та нæ æмæ, зæгъгæ, цæмæн афтæ рауадис. Бибылты Анатоли зæрдыл æрлæууын кодта, æрæджы хицауады рабадты кæй бахæс кодта ацы фарсты тыххæй бакусын. 29-æм декабры Хицауады рабадтмæ хаст æрцæудзысты ацы фарстытæ æмæ æрцæудзысты скъуыддзаг.

Дзауы районы Фаллаг фарсы цæрæг та йæхи æмæ сыхы номæй бузныджы ныхæстæ загъта Бибылты Анатоли æмæ Джиоты Андрейæн, сæ фæндаг сын æмбæлон уагмæ кæй æркодтой æмæ йæ капиталонæй кæй сарæзтой, афтæ ма йын йæ хæдзары æмбæрзт кæй раивтой, уый тыххæй.

Районы ахуыры хайады гæс  Битеты Мария та Президентмæ бахатыд, цæмæй Дзауы астæуккаг скъола æмæ скъола-интернатæн радтой 2 психологы штат æмæ спортзалæн дæр 2 мæрзæджы штат. Уый ма бахатыд, цæмæй сывæллæттæн 2008 азы цы «Газель» радтой, уый ногæй раивой, уымæн æмæ ис мæгуырау уавæры æмæ уæ курæг стæм, цæмæй нын баххуыс кæнат. Ацы фарстыты тыххæй Президент банысан кодта, зæгъгæ, фарстытæ сты ахсджиаг æмæ бахæс кодта, цæмæй йын сæ æрхъуыды кæной ног азы райдианы.

Фембæлды рæстæджы ма Бибылты Анатолимæ фарстытæ лæвæрдтой цæрæнуаты тыххæй дæр. Багаты Лейлæ куыд радзырдта, афтæмæй иунæгæй хъомыл кæны дыууæ лæппуйы, уыдонæй сæ иу у инвалид æмæ афтæмæй цæрынц æххуырст æнæбары хæдзары. Уый рады лæууы хæдзар райсыны тыххæй æмæ бахатыд, цæмæй райса, Дзауы цы ног корпустæ сарæзтой, уым. Бибылты Анатоли ныфс бавæрдта сылгоймагæн, зæгъгæ йæм кæд уыцы хæдзæрттæй не ‘рхауа, уæд ын ног азы кæй баххуыс кæндзысты æмæ йын кæй сараздзысты хæдзар. Багаты чызг сразы ис Президентимæ æмæ йын загъта бузныг.

Дзауы цæрæг Плиты Сæлимæт та рахъаст кодта, зæгъгæ, Бибылты Анатолийы пресс-конференци бынæттон телеуынынады куы æвдыстой, уæд æм районы цæрджытæй бирæтæн сæ бон кæй не ссис бакæсын, æвзæр кæй райдыдта æвдисын, уый аххосагæн, афтæмæй та сæ тынг цымыдис кодта пресс-конференци. Бибылты Анатоли бахæс кодта Бастдзинады комитеты къухдариуæггæнæг Джиголаты Хасан æмæ районы администрацийы сæргълæууæгæн, цæмæй сбæрæг кæной, районы иууыл æвзæрдæр кæцы рæтты ахсы, цæмæй специалистты æххуысы руаджы аиуварсгонд æрцæуа уыцы цухдзинад.

Цæрджытимæ фембæлды рæстæджы ма къорд ахсджиаг фарстытæ лæвæрд æрцыдис Президентмæ æмæ сын радта бæстон дзуаппытæ. Бибылты Анатолиимæ фембæлды фæстæ ма администрацийы кусджытæ цæрджыты æмæ уазджыты фæхуыдтой бæрæгбонон концертмæ, цыран сæ арæхстдзинад æвдыстой куыд горæты, афтæ районы сфæлдыстадон къордтæ æмæ популярон зарæггæнджытæ. Ногазон концерт фæцис бæрæгбонон фейерверкæй.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.