Президент Гаглойты Алан фембæлд РХИ-йы Генералон прокуроры хæстæ æххæстгæнæг Битеты Сергейимæ.

Паддзахады сæргълæууæг байхъуыста Республикæ Хуссар Ирыстоны паспорттæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн сæрмагонд æмæ æфсæддон нæмттæ радтыны, Рес-публикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æмæ фæсарæйнаг æмбæстæгты хæстон æхсæн хæцæнгарзæй схорзæхджын кæныны закъондзинад æмæ бындурондзинады, афтæ ма 2022 азы 1-æм январæй 24-æм маймæ паддзахадон органты балансыл уæвæг автомашинæтæ сфыссыны фæдыл закъондзинад æмæ бындурондзинады басгæрстыты хатдзæгты тыххæй докладмæ.

Битеты Сергей йæ доклад райдыдта паспорттæ æнæзакъонæй радтыны тыххæй фарстæй. «Басгæрсты рæстæджы Генералон прокуратурæйы кусджытæ сбæрæг кодтой, зæгъгæ,  980 æмбæстæгты ахасты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент йæ къух æрфыста 90 Барамындыл, кæцытæн лæвæрд æрцыд нæ паспорттæ æмæ æмбæстагдзинад радтыны бар. 980 æмбæстæгтæй 852 æмбæстаджы басгæрст нæ рацыдысты паддзахадон æдасдзинады комитеты, кæцы хынцыд æрцыд паспорттæ æрбавдисыны рæстæджы. Афтæ ма сбæрæгчындæуыд, зæгъгæ, бацамынд рæстæджы радтæуыд 486 паспорты. Уыдонæй 350 паспорты радта горæт Цхинвалы мидхъуыддæгты управлени, 79 паспорты – Цхинвалы районы мидхъуыддæгты управлени, 28 – Дзауы районы мидхъуыддæгты управлени, 13 – Знауыры районы мидхъуыддæгты управлени æмæ 16 та – Ленингоры районы мидхъуыддæгты управлени.

Басгæрсты рæстæджы бæрæг æрцыдысты æруадзгæ сæйраг бархалынæдтæ. Фыццаг рады уыдон сты паспорт æмæ æмбæстагдзинад райсыны бар лæвæрд кæ-мæн æрцыд, уыцы æмбæстæгтæн куырдиæттæ кæй нæ уыд, уый», – загъта Битеты Сергей.

Генералон прокуроры хæстæ æххæстгæнæг банысан кодта, зæгъгæ, ацы æмбæстæгтæй тынг бирæтæ нæ рацыдысты æмбæстагдзинады фарстыты фæдыл къамис æмæ ныртæккæ ацы пас-порттæ лæвæрд нал цæуынц. Генералон прокуратурæ дарддæр уадзы басгæрст. Битеты Сергей уæлдай хъусдард аздæхта сæрмагонд æмæ æфсæддон нæмттæ радтыны тыххæй фарстмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, бацамынд рæстæджы бæрæг æрцыд, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Барамындмæ гæсгæ æфсæддон нæмттæ лæвæрд æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон органты бæрнон бынæтты кусæг 78 адæймагæн.

Уыдонæй 38 – Мидхъуыддæгты министрадæн, 2 – Генералон прокуратурæйæн,  9 – Хъахъхъæныны паддзахадон службæйæн, 5 – Контролон-нымайæн палатæйæн, 2 – Паддзахадон таможнæйон комитетæн, 1- Уæлвæткон уавæрты министрадæн, 1 – Хъахъхъæнынады министрадæн, 1 – Æфхæрдтæ æххæстгæнæн управленийæн æмæ 19 – æххæстгæнæг хицауиуæгады органты службæгæнджытæн.

Ацы фарсты фæдыл басгæрсты рæстæджы мах сбæрæг кодтам ахæм бархалынæдтæ:  фыццаг рады, уыдонæн нæ уыд ацы нæмттæ райсыны тыххæй æрбавдыстытæ. Ацы æрбавдыстытæ мах райстам Президенты Администрацийæ, уыимæ министрадты æмæ ведомствоты ацы æрбавдыстытæ нæ уыдысты. Сæрмагондæй, зæгъæм, Генералон прокуратурæйæн ацы нæмттæ лæвæрд æрцыдысты 18-æм апрелы, æмæ æрбавдыстытæ та æрвыст æрцыдысты Президенты Администрацимæ 19 апрелы.

Сбæрæг ма ис ахæм факт дæр, зæгъгæ, Мидхъуыддæгты министрады кусæгæн лæвæрд æрцыд дæлбулкъоны ном, æмæ йын 10 боны фæстæ та радтой булкъоны ном», – загъта Битеты Сергей. Уый бамбарын кодта, зæгъгæ, бархалынæдтæн сæ фылдæр сты,  ацы нæмттæ радтынæн сын бындур кæй нæ уыд, уый.

Иннæ фарст та у æхсæн хæ-цæнгарз радтыны тыххæй. Генералон прокуроры ныхæстæм гæсгæ, бацамынд рæстæджы æдæп-пæтæй радтæуыд æхсæн хæцæнгæрзты 122 иуæджы, 73 – Президенты Барамындмæ гæсгæ, уыдонæй 7 Барамынды аивдæуыд. «Афтæмæй Президенты Барамындмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд æхсæн хæцæнгарзы 66 иуæджы. Уыимæ Мидхъуыддæгты министрады арсеналæй 20 иуæджы, Хъахъхъæнынады министрады арсеналæй – 16 иуæджы, Хахъхъæныны паддзахадон службæйы арсеналæй – табелон хæцæн-гарзы 30 иуæджы. Басгæрсты рæстæджы бæрæг æрцыд, зæгъгæ, ацы хæцæнгарз æлхæд цыд Мидхъуыддæгты министрады, Паддзахадон хъахъхъæныны службæ æмæ Хъахъхъæнынады министрады хъуагдзинæдтæ æмæ ифтонгады тыххæй», – загъта уый.

Битеты Сергей банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты æхцайы фæрæзтæ æвæрд не сты хорзæхджынгæнæн фондæн хæцæнгæрзтæ æлхæныны тыххæй. «Мидхъуыддæгты министрады мидæггагон бардзырдтæм гæсгæ лæвæрд æрцыд табелон хæцæнгарзы 45 иуæджы æмæ 8 – æмбæстагон адæймæгтæн, кæцытæ хынцыд не сты закъоны. Абоны бон æнæмæнгхъæуæг у уæлæмхас æхцайы фæрæзтæ самал кæнын Хъахъхъæнынады æмæ Мидхъуыддæгты министрадты хъуагдзинæдты тыххæй æхсæн хæцæнгарз балхæнынæн», – фехъусын кодта уый.

Битеты Сергей куыд бамбарын кодта, афтæмæй бацамынд рæстæджы Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы кусджытæн радтæуыд бирæнымæц хæцæнгæрзтæ. «Бахъæудзæн Хъахъхъæныны паддзахадон службæйæн уæлæмхас æхсæн хæцæнгæрзтæ балхæнын. Æхсæн хæцæнгæрзты 40 иуæджы радтæуыд Президенты Барамындмæ гæсгæ, уыимæ хæцæнгæрзтæ уыдысты табелон. Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ республикæйы нормативон базæйы хынцыд кæй нæ цæуы хорзæхджынгæнæн фондæн æхсæн хæцæнгарз дæттын», – загъта уый.

Сфысгæ транспортон фæрæзты басгæрсты тыххæй фарсты фæдыл Генералон прокуроры хæстæ æххæстгæнæг фехъусын кодта, зæгъгæ, бацамынд рæстæджы сфыстæуыд 12 транспортон фæрæзы. «Уæлдай мæ фæнды банысан кæнын Ленингоры районы службæйон транспорты тыххæй. Сфыссыны стадийы уыдысты 11 транспортон фæрæзы. Мах æрурæдтам ацы сфыстытæ.

Уæлдай хъусдард здæхт æрцыд транспортон фæрæзмæ, кæцы уыд Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы æмæ Дзауы районы администрацийы. Абоны бон уыдоны сфыст урæд æрцыд, уый тыххæй ма уæлæмхасæй фехъусын кæндзыстæм.

Хъахъхъæныны паддзахадон службæмæ цы транспортон фæрæз уыд, уый ныртæккæ ис республикæйы арæнтæй æддейæ. Æмæ мах æппæт мадзæлттæ исæм, цæмæй ацы транспорт фæстæмæ раздахæм Хъахъхъæ-ныны паддзахадон службæйы оперативон управленимæ», – банысан кодта уый.

Президент бузныджы ныхæстæ загъта Битеты Сергейæн ацы информацийы тыххæй.

«Паспорттæ радтыны хъуыддаджы, ды загътай, зæгъгæ, хъахъхъæд не ‘рцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстагдзинад æмæ паспорттæ райсыны æмбæлон процедурæ. Æнæмæнгхъæуæг у уæлæмхас доклад Парламентмæ бацæттæ кæнын. Ацы уавæримæ хъуамæ базонгæ уа депутатон корпус, цæмæй ацы уавæры фæдыл ист æрцæуа  æмбæлон уынаффæ», – загъта Гаглойты Алан.

Генералон прокуроры хæстæ æххæстгæнæг фехъусын кодта, ацы фарсты нымад цæуы фыдракæндон скондыл, Уæрæсейы Федерацийы Уголовон кодексы 285 статьямæ гæсгæ.

«Æз Парламентмæ æркæсынмæ æрбавдисдзæн доклад, кæцыйы фæстиуджытæм гæсгæ ист æрцæудзæн æмбæлон уынаффæ», – загъта Битеты Сергей.

Сæрмагонд æмæ æфсæддон нæмттæ, æмæ  хæцæнгарз радтыны фарстыл дзургæйæ Гаглой-ты Алан Генералон прокуратурæйæн бахæс кодта, цæмæй æмбæлон æрбавдыстытæ бацæттæ кæной Мидхъуыддæгты министрад, Хъахъхъæнынады министрад æмæ Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы.

«Æппæт бархалынæдтæ сфидаргонд фæткмæ гæсгæ хъуамæ райст æрцæуой. Гæнæн ис æмæ уæлдæр ранымайгæ ведомствоты ис ахæм кусджытæ, кæцытæн ныридæгæн æмбæлд ном райсыны бар æмæ кæцытæн ис æмбæлон фæстиуджытæ, цæмæй сæ схорзæхджын кæной хæцæнгарзæй. Уадз æрбавдисой æмбæлон документтæ. Æмæ, кæмæ æмбæ-лы, уыдонæн ратдзыстæм нæмттæ дæр, æмæ сæ схорзæхджын кæндзыстæм хæцæнгарзæй дæр», – загъта Президент.

Транспортон фæрæзтыл дзургæйæ, паддзахады сæргълæууæг бахæс кодта сфыст автомашинæты номхыгъд бацæттæ кæнын. Уыимæ иумæ бахæс кодта финансон фæрæзты суммæ хицæнæй æрбавдисын, кæцы хардз æрцыд бацамынд рæстæджы транспорт сцалцæг кæнынæн, æмæ хицæнæй та – транспорт цы суммæйыл сфыст æрцыд, уый.

«Афтæ хъуыды кæнын, æмæ уыдон ахызтысты закъоны арæнтæй. Алцыдæр лæмбынæгæй басгарут. Алкæмæндæр æнмæнгхъæуæг у йæ бархалынæдтæ сраст кæнын. Кæд æмæ чидæр фæлвары къапеччытыл паддзахадон исад сфыссыныл æмæ районты æмæ ведомствоты æнæ транспортон фæрæзтæй ныууадзын, уæд мах уый бар нæ ратдзыстæм. Республикæйæн нæй ахæм финансон фадæттæ, цæмæй ифтонгад æмæ табелон хæцæнгарз æлхæнæм Мидхъуыддæгты министрадæн æмæ æндæр ведомствотæн», – загъта Гаглойты Алан.

Генералон прокурор хæстæ æххæстгæнæг æрбавдыста транспортон фæрæзты æмæ сум-мæты номхыгъд, кæцытæ хицæн æрцыдысты бюджетæй автомашинæтæн лæггад кæнынæн, афтæ ма суммæтæ, кæцытæм гæсгæ транспорт сфыст æрцыд.

Президент Битеты Сергейæн бахæс кодта, цæмæй лæмбынæг басгæрст ауадзой æмæ фæстæ-мæ раздахой паддзахадон исад.

Гаглойты Аланы бацымыдис кодта Дзабиты Иналы хъуыддаджы фæдыл процессы цыдмæ.

Битеты Сергей радзырдта, зæгъгæ, Дзабиты Иналы амæлæты факты тыххæй уголовон хъуыддаг ныртæккæ ис æркæсынмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны тæрхондонон органты.

«28 июны хъуамæ уагъд æрцыдаид процесс, фæлæ Транскавказон автомагистраль æхгæд кæй уыд, уый аххосагæй адвокат не ‘рцыд. Процесс аиргъæвтой цыппæрæммæ», – загъта Генералон прокуроры хæстæ æххæстгæнæг, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ацы уавæр ис йæхи сæрмагонд контролы бын.

Йæ рады Президент, банысан кодта, зæгъгæ, ацы хъуыддаджы аххосджынтæ хъуамæ хъæугæ æфхæрд баййафой закъоны фæлгæтты.

«Мах хъуамæ ацы хъуыддаг акæнæм логикон закъонон кæронмæ», – загъта Гаглойты Алан.

Фембæлды кæрон Битеты Сергей банысан кодта, зæгъгæ, паддзахады сæргълæууæг цы бацамындтытæ радта, уыдон иу къуыримæ лæвæрд æрцæудзысты æмбæлон министрадтæ æмæ ведомствотæм. Фæстиуджыты тыххæй информаци лæвæрд æрцæу-дзæн 10 суткæмæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.