15-æм майы Сывæллæтты республикон библиотекæйы уагъд æрцыд цымыдисон мадзал. Уагдоны кусджытæ сорганизаци кодтой  курдиатджын поэтессæ Чехойты Оляимæ  фембæлд. Мадзал уагъд æрцыд, ивгъуыд аз библиотекæты ‘хсæн нæ республикæйы культурæйы министрады расидгæ конкурсы программæ «Жизнь замечательных людей»-йы фæлгæтты. Фембæлд сиу кодтой Ирон æвзаджы бонимæ.

Мадзалмæ æрбацыдысты æмæ Чехойты чызгæн раарфæ кодтой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Культурæйы министр Зассеты Жаннæ, йæ хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, бирæ æндæр бæрнон адæймæгтæ, культурæ æмæ ахуырады кусджытæ. Фембæлдмæ  æрцыдысты Бехъмары  хъæуы цæрджыты æмæ ацы хъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнджыты минæвæрттæ. Мадзалы ма хайад райстой нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ,  скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ сæ ахуыргæнджытимæ.

Залы хъуыстысты Чехойты Оляйы æмдзæвгæйыл фыст зарæджы æхцон зæлтæ. Стъолтыл, æрхонгæ уазджыты раз æвæрд уыдысты  поэтессæйы чиныг «Дæуæн, Нафи», зæгъгæ, кæцы мыхуыры рацыд ацы бонты.

Мадзал байгом кодта æмæ йæ амыдта библиотекæйы методикон хайады сæргълæууæг Мæр-гъиты Маринæ. Уый ныхасы бар радта Культурæйы министрады библиотекæты фæдыл сæйраг специалист Дриаты Нателæйæн. Уый лæмбынæг радзырдта конкурсы фæлгæтты «Жизнь замечательных людей»-йы программæйы тыххæй. Проекты нысан у, цæмæй рæзгæ фæлтæр бахæлæг кæной æмæ цæвиттон райсой  зындгонд адæймæгтæй.

Мадзаламонæг загъта, зæгъгæ, абон махæн у ирон дзырды бæрæгбон, кæцыйæн бындур æрæвæрдта Ирыстоны разагъта фырт Хетæгкаты Къоста. «Нæ цытджын бæрæгбонмæ хуынд æрцыд, Къостайы «Ирон фæндыр»-ыл чи схъомыл, уыцы æцæг ирон сылгоймаг Чехойты Оля Суликъойы чызг. Чехойты чызгæн  Къостайы æнæмæлгæ чиныг ссис æцæг хæлары хуызæн, æппынæдзух æй дардта йæ нывæрзæн». Уый лæмбынæг æрдзырдта Оляйы цардвæндаджы тыххæй. Загъта, зæгъгæ, уый кæд хæрзчысылæй баззад бынтон сидзæрæй, уæддæр, зæгъ, æй хи хъæбулау схъомыл кодтой йæ фыды  хо Джиоты Аннæ æмæ йе ‘мкъай Чехойты Суликъо.

Бехъмары астæуккаг скъолайы раздæры ахуыргæнæг (дзæнæты бадинаг) Цхуырбаты Павел Оляйыл цы рæсугъд æмдзæвгæ ныффыста, уый тынг хорз бакаст Цхинвалы скъола-интернаты ахуырдзау Тыджыты Миленæ. Оляйы фыст æмдзæвгæтæ  ма  бакастысты иннæ ахуырдзаутæ Гæбæраты Аннæ, Чугуты Алисæ, Тъехты Аннæ, Тыбылты Алан, Джиоты Дима æмæ æндæртæ.

Оляйæн мыхуыры рацыд 12 чиныджы. Йæ чингуытæй дыууæйы та йæхæдæг ратæлмац кодта уырыссаг æвзагмæ. Йе ‘мдзæвгæтæ сты зæрдæмæхъаргæ, поэтикон хуымæтæгдзинадæй ифтонг, сты царды рæсугъддзинад æвдисæг. Йе ‘мдзæвгæты сæйраг бынат ахсы Къостайы сфæлдыстад.  Къостайыл йæхæдæг цы æмдзæвгæ ныффыста, уым ис мæнæ ахæм рæнхъытæ: “Цы уыдаид æнæ Къоста Ирыстон, Сæрыстырæй æз алы ран зæгъын. Нæ бæстæйæн Къоста куы у йæ хордон, «Ирон фæндыр» йæ цæссыгтæй у фыст. …Къостайыл куыд барон мæхи æз уæндонæй, рыджы мур  бæрзонд хохы цур. Æнахъомæй, уыйау, æз сидзæр уæвгæйæ, Мæныл дæр кæцæй касти хур…”

РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик зæрдæбын арфæтæ ракодта Чехойты Оля æмæ æрæмбырдуæвджытæн. «Арфæ уын кæнын Ирон æзаджы боны цытæн. Фæстаг рæстæджы тынг бирæ мадзæлттæ уагъд цæуынц ацы нысаниуæгджын боны сæраппонд. Чехойты Оля иронау кæй фыссы, уый тыххæй йын дзурын уæлдай бузныджы ныхæстæ. Мæнæ нæ разы Нафийы тыххæй цы чиныг рауагъта, уый дæр кæуылты хъуыддаг у. Абон ацы залмæ цы æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæ æрбацыдысты, уыдонæй бирæтæ бафæзмдзысты Оля æмæ иннæ ирон фысджыты. Хуыцау зæгъæд, æмæ цы рацæуой Нафи, Хъазиты Мелитон кæнæ Оляйы хуызæн фысджытæ». Пухаты Эрик Оляйæн балæвар кодта дидинджытæ æмæ Национ банджы  Мады Майрæмы монетæ.

Бехъмары астæуккаг скъолайы ирон æвзаджы ахуыргæнæг Козаты Замирæ дæр бирæ хъарм ныхæстæ загъта Оляйы адресыл. «Стыр бузныг, абон Оляйæн чи кад кæны, уыдонæн. Мах æй нæхи Оля хонæм, уымæн æмæ нын стыр лæггæдтæ бакодта. Зæххæнкъуысты фæстæ ахуыр кодтам дыууæ вагоны, фæлæ уыдонæн дæр хицау разынд æмæ нын сæ аластой. Ахуыр кодтам сабидоны бæстыхайы. Йæ фыццаг чингуытæ куы рацыдысты, уæд ын сорганизаци кодтам сфæлдыстадон изæр, æмæ нын нæ уавæртæ куы федта, уæд фидарæй аскъуыддзаг кодта Бехъмары хъæуы сывæллæттæн скъола саразын æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Абон Бехъмары астæуккаг скъолайы ис æппæт уавæртæ дæр, æгæрыстæмæй нын гауызтæ дæр балхæдта».

Бехъмары хъæубæсты номæй Чехойты чызгæн арфæ ракодта Чехойты Вася. Уый куыд загъта, уымæ гæсгæ йæ зæрдæмæ тынг цæуынц Оляйы фыст æмдзæвгæтæ. Йе ‘мдзæвгæтæ кæсгæйæ, зæгъ, мæ кæуындзæг мæ хъуырмæ схæццæ вæййы. Стыр бузныг, зæгъ, дзы стæм йæ мадæлон æзагыл ахæм æнувыд кæй у, уый тыххæй. Чехойты Оляйæн зæрдæбын ныхæстæ загъта Цхинвалы скъола-интернаты директор Тедеты Роланд. Уый йын йе сфæлдыстадæй дарддæр ракодта йæ хæрзаудæн архайды кой дæр. Загъта, зæгъгæ, алы бæрæгбоны дæр Оля скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæн балæггад кæны. Стыр зæрдæйы хицау, зæгъ, у æмæ нын бирæ фæцæрæд!

Хæстон архайдтыты фæцæфуæвæг лæппутæн æххуысы фонды сæргълæууæг Плиты Мадинæйæн дæр Оляйæн  йæ цæст бауарзта иууыл хуыздæр фæндиæгтæ. Ацы сылгоймаджы сфæлдыстад æмæ хæрзаудæн архайдыл  арæх фæхъуыды кæнын, æмæ, зæгъ, цас йæ бон у лæггад кæнын æххуысхъуаг адæмæн, уыцы нымæцы хæсты инвалидтæн дæр.

Зæрдæбын арфæтæ Оляйæн ракодта профессор Кокойты Теймураз дæр. Уый йын раарфæ кодта дыууæ боны размæ йын хъæбулы хъæбул кæй фæзынд, уый сæраппонд дæр. Абон, зæгъ, йæ Ирыстонæн зæрдæйæ чи лæггад кæны, уыдонæй иу у Оля. Йе ‘мдзæвгæтæ, дам, сты йæ удæй ратæдзгæтæ. Кокойы фырт ын балæвар кодта йæ чиныг «Биологи æмæ медицинæйы уырыссаг-ирон энциклопедион дзырдуат».

Фыссæг Дыгъуызты Тенгиз дæр, кæцы сæрмагондæй, Дзæуджыхъæуæй æрцыд ацы мадзалмæ, бирæ хъарм ныхæстæ загъта ацы диссаджы сылгоймаджы тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Оляйы хуызæн патриотты руаджы ирон æзагæн тас нæу фесæфынæй. Ветеранты советы минæ-вар Уалыты Гайоз дæр радзырдта Оляйы сфæлдыстад æмæ ветеранты адресыл цы хæрзаудæн архайд кæны, уый тыххæй. Уый æрсидт æрыгон фæлтæртæм, цæмæй уарзой сæ Ирыстоны, сæ мадæлон æвзагæн аргъ кæной.

Мадзалы ма  Чехойты Оляйæн арфæйы ныхæстæ загътой Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, полиграфион баиугæнды директор Икъаты Мадинæ, 1-æм æмæ 5-æм астæуккаг скъолаты директортæ Гобозты Русдан æмæ Бестауты Азæ, актрисæ Гугкаты Евелинæ, Кокойты Асиат æмæ æндæртæ. Оляйы хъæбулы хъæбул Тедеты Давид дæр æрбацыд мадзалмæ æмæ йæ нанайæн балæвар кодта уардитæ.

Чехойты Оля æмæ æрæмбырдуæвджытæн арфæйы ныхæстæ загъта Сывæллæтты библиотекæйы директор Джиоты Аллæ. Уый дæр ын стыр бузныг загъта йæ зæрдæмæхъаргæ сфæлдыстад æмæ хæрзаудæн архайды тыххæй. Чехойты чызджы цытæн цалдæр зарæджы азарыд Хуыгаты Дзамболат, фæндырыл цагъта Æлборты Шоренæ. Мадзалы кæрон æрæмбырдуæвджытæ æмæ ахæм рæсугъд фембæлд чи сорганизаци кодтой, уыдонæн бузныджы ныхæстæ загъта Чехойты Оля. Мадзалы хайадисæг сывæллæттæн бакодтой алыгъуызон лæвæрттæ.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.